Республикæйы раздæры Сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй 2018 азы чи райдыдта, уыцы стадионы куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Цæгат Ирыстоны Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй стадион «Спартак»-ы арæзтадон куыстыты иу хай конд фæуыдзæн ацы уалдзæджы, арæзтад та кæронмæ ахæццæ уыдзæн ацы азы фæззæджы.

Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй стадионы реконструкцион куыстытæ афонмæ фæуыдаиккой, фæлæ дыккаг къæпхæн фыццагæй баивынмæ кæй хъавынц æмæ проектон хæрдзты гæххæттытæм ивддзинæдтæ кæй бахастой, уый тыххæй арæзтад бирæ дзæвгар фæкъуылымпы, йæ байгом кæныны æмгъуыд дæр ын фæстæдæрмæ уымæн аргъæвтой.

Æхсызгон хъуыддаг у, арæзтады дæргъвæтин рæстæг студентты арæзтадон бригадæтæ кæй кусынц, уый. Уыдон сæ ахуырæй уæгъд рæстæг, фæллой кæнынц уым. Уый сын хуыздæр кæны сæ материалон уавæр, стæй райсдзысты хорз фæлтæрддзинад. Ныртæккæ дзы кусынц дыууæ сменæйæ 140 адæймаджы.

Фынддæс мин адæймаджы кæм цæудзæн, уыцы стадионы фарсмæ ма арæзт цæуы, фидæны футболистты кæм цæттæ кæндзысты, ахæм спортивон скъола, конференциты зал, комментаторты трибунæтæ, буфет, медпункт, сахъат адæмæн сæрмагонд бынæттæ æмæ бирæ æндæр удæнцой уавæртæ. Уый æрмæст футболон аренæ нæ уыдзæн, фæлæ спорты æнæхъæн кластер.

Ныртæккæ уал нæ футболисттæ ерысты рæстæг фæхъазынц сыхаг республикæты стадионты.

 

  ЭКОНОМИКÆ – ФÆРНЫГАДЫ  БЫНДУР

Социалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныртæккæ Цæгат Ирыстоны 100 мин адæймаджы хауынц æвæрæз бинонтæм. Уый у алы æвдæм адæймаг. Уыцы уавæр фæхуыздæры тыххæй фæстаг азты арæзт цæуынц алыхуызон программæтæ, проекттæ. Фарон æмæ æндæраз цалдæр районы царды уагъд æрцыдысты программæтæ «Комплексное развитие сельских территорий» æмæ «Борьба с бедностью». Уый фæлгæтты æххуыс райстой бирæ æвæрæз бинонтæ. Бирæсывæллонджын хæдзæрттæн балæвар кодтой, æгæрыстæмæй, дуцгæ хъуццытæ дæр.

Республикæйы разамынды руаджы та ацы аз дæр йæ тыхы бацыд  паддзахадон программæ «Комплексное развитие сельских территорий». Уый тыххæй федералон бюджетæй иу миллиард æмæ 270 милуан сомы райсдзæн Цæгат Ирыстон. Программæ дих æрцæудзæн 13 проектыл. Уыдон уыдзысты хисæрмагонд фермерон хæдзарадтæн æххуысы, Толдзгуны, Веселойы, Елхоты æмæ Сунжæйы доны хæтæлты реконструкци, Цыколайы спортскъолайы бындурон цалцæг, Хуымæллæджы спортивон комплекс, Бруты скъолайы æмæ Ирыхъæуы спортзалы арæзтад  æмæ бирæ æндæр алывæрсыг социалон æххуыстæ.

Фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы программæты руаджы, адæмы царды уавæртæ бирæбæрцæй фæхуыздæр уыдзысты.

 Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.