Нæ распубликæй рæзгæ фæлтæры ‘хсæн бирæ не сты, спорты кекусин-кан каратэйы хуызы чи архайы, бæрзонд æмвæзадыл æнтыстытæ чи равдыста, уыдоны нымæц. Уыдонæй сæ иу, æрыгон чызг, Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг, каратэйы тренер Созайты Владимиры хъомылгæнинаг Дудайты Доннæ. Æрæджы, РЦИ-Аланийы Физкультурæ æмæ спорты министрады ‘рдыгæй Доннæйæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы кекусин-кан каратэйы спорты мастеры кандидаты ном.

Спорты ацы фадыджы æрыгон чызг кæд рагæй нæ архайы – æдæппæт фондз азы, уæддæр  йе ‘нтыстытæ сты ахадгæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уый, хæрз саби уæвгæйæ рахатыд, ацы арæхстдзинад ын æрдзæй ратгæ кæй у.

«Райдиан кълæсты ма куы ахуыр кодтон, уæд-иу мæ мæ мад бакодта алыгъуызон къордтæм, цыдтæн кафын, ныв кæнын, музыкæйы æмæ æндæр аивадон къордтæм. Фæлæ-иу хæрз чысыл рæстæгмæ бамбæрстон, уыдонæй иу дæр мæнæн æхцондзинад кæй нæ лæвæрдта», – загъта Доннæ.

Фæстæдæр, йæ ныййарджытæ сфæнд кодтой спорты искæцы хуызмæ йæ бакæнын. Доннæ йæхæдæг нырма чысыл кæй уыд æмæ йæ зæрдæмæ æввхс цы уыд, уый равзарын йæ бон æххæстæй кæй нæма уыд, уымæ гæсгæ йын йæ мад æвзæрста сылгоймагæн æввахсдæр спорты хуызтæ, бакодта йæ Мæскуыйаг микрорайоны ленкгæнæн басейн «Дельфин»-мæ. Доннæйы зæрдæмæ фæцыд ацы хуыз, цыд зæрдæргъæвдæй, фæлæ уæдмæ Цхинвалы 4-æм æфсæддон базæйы байгом ис чызджыты каратэйæ цæттæгæнæн къорд æмæ Доннæйы сфæндыд уым йæхи бафæлварын.

Æддаг бакастæй къæсхуыр, æнæуæндаг саби уæвгæйæ, йæ мадмæ æгæрыстæмæй, худæг дæр фæкаст Доннæйы хъуыды, фæлæ сразы ис йæ фæндоныл. «Райдианы мæн ныфс нæ уыд, æгæрыстæмæй, йæ исгæ дæр акæной, уымæй. Уымæн æмæ уыд чысыл, æнæуæндаг, иннæ сабитау ын нæ уыд тæлтæг фезмæлд, фæлæ…»,- зæгъы Доннæйы мад Уазæгты Марфа.

Доннæ кæд æнæуæндаг уыд, хиуылхæцгæ, уæддæр Владимиры фарстытæн дзуапп лæвæрдта фидар æмæ ныфсджынæй. Фæлтæрд тренер уайтагъд рафæлгъуыдта, Доннæ кæй у фæндвидар миддунейы хицау, нысанмæздæхтæй кæй равзæрста спорты ацы хуыз æмæ йæ райста цæттæ кæнынмæ.

Бирæ рæстæг нæ банхъæлмæ кæсын кодта Доннæ йе ‘нтыстытыл бацин кæнынмæ. Иу мæйы фæстæ фыццаг хатт хайад райста Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг «Игры боевых действий»-йы VIII турниры. 30 кг уæзы категорийы цыппар хатты татамимæ рахизгæйæ, цыппар хатты дæр рамбылдта йæ ныхмæлæуджыты æмæ ссис 1-аг бынаты уæлахиздзау. Уыцы æнтыст æрыгон сабийæн фæахъаз æмæ ноджы зæрдиагдæрæй æрæвнæлдта йæхиуыл кусынмæ.

Хайад райста  2016 азы Цæгат  Кавказы федералон зылды  фыццаг бынаты ерысты – рамбылдта  сыгъзæрин майдан, 2016 азы – «Кубок восходящей надежды» – сыгъзæрин майдан, 2016 аз – Æппæтуæрæсейон фестиваль «Мирный кавказ»-ы  сыгъзæрин майдан, 2017 азы СКФО йы фыццаг бынаты ерысты – сыгъзæрин майдан, 2018 азы Краснодары уагъдцæуæг  Æппæтуæрæсейон ерыстæ «Кубок Кубанийы» – сыгъзæрин майдан æмæ бирæ æндæртæ. 2017 азы ма хайад райста Самарæйы уагъдцæуæг Уæрæсейы фыццаг бынаты ерысты æмæ уым дæр ссис сыгъзæрин майданы хицау. Ацы æнтыст Хуссар Ирыстоны спорты ацы хуызы ссис фыццаг. Ныртæккæ Доннæйы уæлахизты къæбицы ис 22 – сыгъзæрин, 2 – æвзист æмæ 1 .бронзæ майданы.

Ацы аз майы мæйы Доннæ хайад райста Сочийы уагъдцæуæг турнир «Кубок Кубани»-йы. Райдайæн тохы уый йæ ныхмæлæууæджы 15 секундмæ арвыста нокауты, финалмæ рахизыны тохы æмгъуыдæй раздæр рамбылдта йæ ныхмæлæууæджы æмæ финалон тохы та фæуæлахиз  йæ абхазаг ныхмæлæууæгыл. «Доннæ ацы тохы равдыста  бæрзонд æмвæ-задыл цæттæдзинад. Уый, æмæ йæ раздæры æнтыстытæ хынцгæйæ, Доннæйæн официалонæй лæвæрд æрцыд спорты мастеры кандидат»,- загъта Доннæйы тренер Созайты Владимир.

Ныр та Доннæ йæхи цæттæ кæны ацы аз сентябры мæйы Анапæйы уагъдцæуæг æвзæнгты ‘хсæн Æппæтуæрæсейон уæрæхмасштабон ерыстæм, æмæ октябры мæйы та ацæудзæн  Уæрæсейы чемпионатмæ.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.