«Æртæ урс дуры Дзомагъæй æрхастон…

О, ме скæнæг, цæй амондджын дæн æз!

Нæ зæххæй мæм æртæ хорзы æрхаудта:

Йæ рыст, йæ маст æмæ йæ уарзт…»

                                     ДЖЫККАЙТЫ Шамил

14-æм марты нæ горæты Анахарсисы номыл Национ библиотекæйы Ирыстоны адæмон поэт, æхсæнадон архайæг, профессор, Хетæгкаты Къоста, Гæдиаты Цомахъ æмæ Æмбалты Цоцкъойы номыл паддзахадон премиты лауреат Джыккайты Федыры фырт Шамилы райгуырдыл 83 азы сæххæсты боны цытæн уагъд æрцыдис мысæн мадзал. Ардæм æрбацыдысты нæ республикæйы зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, афтæ ма Шамилы сфæлдыстадæн табугæнджытæ. Райдианы æрæмбырдуæвджытæн экраныл равдыстой видеоæрмæг Шамилы тыххæй. 

Джыккайты Шамилы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй доклад сарæзта хистæр библиотекæгæс Джыгкайты Аллæ. Уый йæ мысинæгты банысан кодта, студентон рæстæджы стыр аргъ кæй кодтой сæ ахуыргæнæг, Джыккайты Шамилæн. «Джыккайты Федыры фырт Шамил райгуырдис 1940 азы, æртхъирæны мæйы 25-æм бон, Ирыстоны хуссар хайы рæсугъд хæххон хъæу Дзомагъы. Хуыздæр цард агурыны тыххæй йæ бинонтæ 1952 азы алыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Уым астæуккаг ахуырад куы райста, уæд æнтысгæйæ каст фæцис Цæгат Ирыстоны педагогон институты филологон факультет. Куыста Цæгат Ирыстоны телеуынынад æмæ радиоалæвæрдты комитеты. 1965-1968 азты ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институты аспирантурæйы. Фæстæдæр бахъахъхъæдта диссертаци «Фольклорные традиции в осетинской советской поэзии. 1917-1941 гг.», зæгъгæ, ахæм темæйыл æмæ йын лæвæрд æрцыд филологон зонæдты кандидаты ном. Уæдæй йæ амæлæтмæ йæ куыст баст уыдис университетимæ. Шамил уыдис студентты уарзон лектор. Махæн Джыккайты Шамил кæддæриддæр уыд нæ зондамонæг. Студенттæн йæ лекцитæ уыдысты цымыдисон æмæ йын-иу сæм хъуыстам лæмбынæг. Йæ уæздандзинад, йæ куырыхондзинад, йæ фарн алкæуыл дæр æндæвта. Шамил уыд æцæг ирон лæг, йæ бæстæйы патриот æмæ мæ уымæ гæсгæ бафæндыд ацы мадзал сорганизаци кæнын, цæмæй йын уæлдай хатт йæ рухс ном ссарæм», – банысан кодта Джыгкайты чызг.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан Тыбылты Ингæ йæ мысинæгты радзырдта Шамилимæ йæ фыццаг фембæлды тыххæй. «Джыккайты Шамил æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд. Куысты фæллад нæ зыдта. Ахуыр-хъомыладон куысты æмрæнхъ кодта егъау сфæлдыстадон куыст дæр. Алывæрсыг уыд Шамилы курдиат. Уый уыд зынгæ публицист, прозаик, литературæиртасæг, тæлмацгæнæг, драматург, поэт æмæ цардмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ каст, уыдта æмæ æмбæрста рæстæджы домæнтæ æмæ сыл фыста йæ публицистикон уацты. Шамил цы фыста, уый зæрдæйæ æмæ дзырдта кæддæриддæр æргомæй», – банысан кодта Тыбылты Ингæ.

Джыккайты Шамилы тыххæй раныхас кодта нæ университеты журналистикæ, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгты филологийы факультеты декан Биазырты Аллæ. Уый дæр банысан кодта Шамилы стыр лæггæдтæ ирон адæмы раз æмæ бузныджы ныхæстæ загъта, мадзал чи сорганизаци кодта,  уыдонæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны фысджыты цæдисы уæнг Джыгкайты Бэлæ дæр банысан кодта мысæн мадзалы нысаниуæг æмæ бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ «Нæхи Шамил», зæгъгæ.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.