Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд сæ сæртæ нывондæн чи æрхастой, уыдоны ‘хсæн ирон лæппуты æмрæнхъ уыдысты уырыссаг æфсæддон службæ-гæнджытæ дæр.

2008 азы августы тугуарæн хæсты стыр хъайтардзинад равдисгæйæ, Ирыстоны зæххыл йæ зынг ахуыссыд диссаджы уырыссаг лæппу Денис Ветчиновæн дæр. Уый йæ фæстаг тыхты онг дæр йæ хæс æххæст кодта хъæбатырæй æмæ йæ цард рауæлдай кæнгæйæ, бахъахъхъæдта дæсгай адæймæгты цард. Денис Ветчиновы хæстон архайдтытæ æмæ хъæбатырдзинæдтимæ базонгæйы фæстæ, Дзауы районы Гуфтайы астæуккаг скъолайы коллектив аскъуыддзаг кодта се скъолайæн ацы хъайтары ном радтын.  Ацы скъола ныппырх 1991 азы тыхджын зæххæнкъуысты фæстиуæгæн æмæ дæргъвæтин азты дæргъы скъоладзаутæ ахуыр кодтой къуындæг уавæрты вагæтты мидæг. Фæлæ сын Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон уавæрты министрад сарæзта нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм скъола æмæ 2008 азы октябры мæйæ фæстæмæ ахуыргæнинæгтæ ахуыр кæнынц райдзаст кълæсты. Скъолайы коллективы фæндон хорзыл банымадтой УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады дæр.

Æмæ 2008 азæй  Гуфтайы астæуккаг скъола хæссы  Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хъайтар Денис Ветчиновы ном. Уæдæй нырмæ Гуфтайы астæуккаг скъолайы коллектив хъайтары ном æрвылаз дæр ссары цалдæр хатты. Ома, 1-æм сентябры – Зонындзинæдты боны, хъайтары райгуырæн боны, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны æмæ фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбоны. Ныр дæр та уыд афтæ. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн хъайтары ном ссарыны тыххæй Гуфтайы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ – скъолайы директор Тедеты Гретæ, хъомыладон куысты фæдыл директоры хæдивæг Джиджджойты Белæ æмæ хистæр кълæсты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Магкоты Эльвирæ  ацы скъолайы 5-11-æм кълæсты ахуыргæнинæгтимæ æрцыдысты Цхинвалы Денис Ветчиновы цырты цурмæ æмæ цытджын æгъдауæй ссардтой хъайтары ном. Йæ цыртыл ын дидинджытæ сæвæргæйæ,  Денис Ветчиновы цардвæндаджы тыххæй радзырдта Джиджджойты Белæ.  «Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстон гадзрахатæй æнæмсæр хæст куы расидт, уыцы бон майор Денис Ветчинов уыд штурмгæнæн колоннæйы сконды. Цхинвалмæ чи цыд, уыцы колон-нæтæй уыд фыццæгтæй сæ иу æмæ бахаудта гуырдзиаг хæстонты тыхджын æхстыты бын. Майор знагимæ бацыд карз тохы. Номхуындæй, йæ удуæлдайдзинад æмæ æфсæддон хъаруйы руаджы бахъахъхъæд æрцыд бирæ салдатты æмæ журналистты цард. Уыдонимæ ацы колоннæйы уыдысты уæрæсейаг телекомпанийы æфсæддон журналист Александр Сладков, «Московский комсомолец»-ы сæрмагонд уацхæссæг Виктор Сокирко æмæ æндæртæ.

Гуырдзиаг дæлхæйттæ колоннæйы æхстой дæс позицийæ. Уæззау цæф чи фæцис, уыцы майор Денис Ветчинов ных-къуырд лæвæрдта атакæтæн. Номхуындæй, уый бахъахъхъæдта 58-æм армийы командир Анатоли Хрулевы цард, салдатты æмæ æнæхотых журналистты цард, кæцытæ иунæгæй баззадысты тохы эпицентры. Ацы тохы майор Ветчинов фæцис цалдæр цæфы, фæлæ иууыл уæззаудæр цæф фæцис йæ сæр. Уый амард фæндагыл, госпиталмæ йæ куы фæцæйластой, уæд. Хъайтардзинад равдисгæйæ, дæсгай адæймæгты цард бахъахъхъæныны тыххæй уый бахъуыд, царды йын иууыл зынаргъдæр цы уыд, уый – йæ цард радтын, æрмæстдæр ыл цыд 32 азы, афтæмæй.

Майор каст фæцис Фрунзейы номыл Омскы æфсæддон ахуыргæнæндон. Уый уыдис бирæ æндыгъд бынæтты, уыцы нымæцы Цæцæны дæр. 2009 азы 15-æм майы РЦИ-Аланийы æфсæддон городок «Спутник»-ы 19-æм мотоæхсæг дивизийы 135-æм  полчы цытджын æгъдауæй гом æрцыд Денис Ветчиновы бюст. УФ æмæ Хуссар Ирыстоны хъайтар Денис Ветчиновæн Цхинвалы дæр арæзт æрцыд цырт», – æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодта Джиджджойты Белæ. Æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой хъайтары ном.

Денис Ветчиновæн йæ Райгуырæн бæстæйы баззад бинонтæ – ныййарджытæ, цардæмбал æмæ иу чызг. Хъайтары цырты раз сæргуыбырæй лæугæйæ, Магкоты Эльвирæ телефонæй фæдзырдта Ветчиновы идæдз Катямæ æмæ йын загъта: «Мæнæ ныртæккæ лæууæм дæ хъайтар цардæмбалы цырты цур æмæ йын йæ ном цытджын æгъдауæй æрæмысыдыстæм Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн. Махæй иу уысм дæр рох нæу йæ хъайтардзинад. Курæг дæ стæм, кæд дын гæнæн фæуа, уæд дæ чызгимæ æрцу Хуссар Ирыстонмæ. Махæй дын алчидæр уыдзæн рæдау фысым». Ацы ныхæстæм Катя Ветчинова йæ цæссыгтæ нæ баурæдта æмæ сын загъта бузныджы ныхæстæ йæ цардæмбалы йын кæй нæ рох кæнынц, уый тыххæй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ивгъуыд аз фæстаг дзæнгæрæджы бонмæ Гуфтайы астæуккаг скъоламæ Президент Тыбылты Леонид куы фæуазæг, уæд уый дæр телефоны аныхас кодта хъайтары идæдзимæ. Загъта йын бузныджы æмæ ныфсы ныхæстæ. Магкоты Эльвирæ куыд загъта, уымæ гæсгæ скъолайы коллективæн æппынæдзух бастдзинад ис Ветчиновы бинонтимæ. Цырты раз ахуырдзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ. Денис Ветчиновы номыл йæхи фыст æмдзæвгæ та бакаст 11-æм къласы ахуыргæнинаг Харебаты Денис.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ма Гуфтайы астæуккаг скъолайы коллектив уыцы бон кæй бацыдысты РХИ-йы УФ-йы минæварадмæ æмæ уым ссардтой Виталий Чуркины ном дидинджытæ йын йæ портреты бынмæ сæвæргæйæ. Уымæн æмæ ацы стыр дипломат Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн уыд кады аккаг адæймаг, алкæмæндæр уыд æввахс зонгæйы хуызæн, Ирыстоны интерестæ ИНО-йы хъаруджынæй кæй хъахъхъæдта, уымæ гæсгæ йæ зыдтой иууылдæр. Уый фæстæ та скъолайы коллектив ацыдысты 5-æм астæуккаг скъолайы кæртмæ æмæ уым дидинджытæ сæвæрдтой Хуссар Ирыстоны хъайтартæ Санахъоты Гришик æмæ Джиджджойты Джетæйы цыртытыл. Уырдыгæй та ацыдысты Санахъоты Гришикы мад Кокойты Азæмæ. «Махæн Гришик нæ амард, уый цæрæнбонтæм цæрдзæн нæ зæрдæты. Стыр бузныг ахæм фырт кæй схъомыл кодтай, уый тыххæй. Стыр бузныг, Азæ Константины чызг!», – загътой йын ахуыргæнинæгтæ. Кокойты Азæ дæр йæ уазджыты суазæг кодта адджинæгтæй æмæ сын  загъта арфæйы фæндиæгтæ сæ дарддæры царды сабыр арвы бын.

Буныг зæгъын æмбæлы Гуфтайы астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæн сæ ахуыргæнинæгты ахæм мадзæлтты руаджы Ирыстоны историимæ кæй зонгæ кæнынц æмæ сын афтæмæй патриотон хъомылад кæй дæттынц, уый тыххæй.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.