Æркæсынмæ райстæуыд «Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауадты ‘хсæн ахуырад æмæ (кæнæ) квалификаци кæрæдзийы ‘хсæн банымайыны фæдыл  Сразыдзинады ратификацийы тыххæй» Хицауад цы закъоны проект райста, уый, – хъусын кæны  УФ-йы закъондæттынадон органы сайт.

2017 азы 12 апрелы Мæскуыйы къухтæ фыст цы Сразыдзинадыл æрцыдысты, уый бæстон кæны сæйраг æмæ иумиаг астæуккаг, астæуккаг профессионалон æмæ уæлдæр ахуырады кæрæдзийы ‘хсæн банымайын. Æмбæлон ахуырадон организациты рауагъдонтæн сæ бон суыдзæн сæ ахуыр кæнæ профессионалон архайд адарддæр кæнын, бадзырд чи сарæзта, уыцы дыууæ бæстæйæ кæцыйыфæнды дæр.

Сразыдзинад арæзт æрцыд æбæрæг æмгъуыдмæ æмæ парахат æрцæудзæн райсгæ ахуырад æмæ квалификацийыл, цалынмæ йæ тыхы нæ бацыд, уæдмæ.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.