Хуссар Ирыстоны æфсæддон службæгæнджытæн сæ бон у контрактмæ гæсгæ РХИ-йы дислокацигонд Уæрæсейы Гарзджын тыхты дæлхæйттæм службæ кæнынмæ рахизын. 24-æм январы æмбæлон сразыдзинад сратификаци кодта УФ-йы Паддзахадон Думæ, – хъусын кæны «Парламентская газета».

Документ æрбавдисгæйæ, Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Николай Панков банысан кодта, зæгъгæ, сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцыдысты 2017 азы 31-æм марты Мæскуыйы æмæ бандавдзæн дарддæр регионы æдасдзинад сфидардæр кæныныл.

Уый размæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты генералон штабы хистæр Николай Федоров куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ ратификацийы фæстæ республикæйы Хъахъхъæнынады министрад бакусдзæн ведомствойы ног организацион-штатон структурæ, кæцыйыл æруынаффæ кæндзысты уæрæсейаг фарсимæ.

«Уый фæстæ ацы структурæйы сфидар кæндзæн РХИ-йы сæйраг командæгæнæг Бибылты Анатоли. Æмæ уый фæстæ та æхсæз мæйы æмгъуыдмæ мах ауадздзы-стæм мадзæлттæ ведомствойы ног органи-зацион-штатон структурæмæ ракæныны тыххæй», – банысан кодта Николай Федоров.

Генералон штабы хистæр бамбарын кодта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг æфсæддон службæгæнджытæ УФ-йы Гарзджын тыхты скондмæ рахизыны рæстæджы бахъахъхъæндзысты се ‘фсæддон нæмттæ æмæ азты  стаж.

«Æфсæддон службæгæнджытæ, кæцытæ рахиздзысты уæрæсейаг 4-æм æфсæддон базæмæ кæнæ Уæрæсейы æфсады æндæр дæлхæйттæм, нæ мыздты бæрцмæ абаргæйæ исдзысты бирæ фылдæр мызд. Уымæй дарддæр ма, уыдон исдзысты, уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджытæ кæй исынц, ахæм социалон пакет», – загъта Федоров.

Уыимæ ма уый банысан кодта, зæгъгæ, кæд æмæ хуссарирыстойнаг æфсæддон службæгæнджытæн сæ бон не суа 4-æм æфсæддон базæмæ службæмæ бацæуын, уæд уыдон бахъахъхъæндзысты сæ бынæттæ бæстæйы хъахъхъæнынады ведомствойы.

«Мах рацух кæндзыстæм æфсæддон службæгæнæджы республикæйы Гарзджын тыхты номхыгъдæй уый фæстæ, кæд æмæ бардзырд фæзына уæрæсейаг базæмæ йæ бакæныны тыххæй, уæд. Кæд æмæ домæнтæм гæсгæ уый службæмæ ист не ‘рцæуа, уæд баззайдзæн Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады», – загъта Николай Федоров.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, национ гарзджын тыхты кусджыты куыстмызд этапгай бæрзонддæр кæндзæн ацы сразыдзинад йæ тыхы куы бацæуа, уый фæстæ. Афтæ ма сразыдзинад фадат ратдзæн хуссарирыстойнаг æфсады хæцæнгæрзтæ æмæ техникæйы ногдæр хуызтæй сифтонг кæнынæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.