ЕРЫСТÆ ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

Радон хатт та Цхинвалы уагъд æрцыдысты ленк кæнынæй ерыстæ «Золотая рыбка». Турнир уагъд цыд спортивон галуан «Олимп»-ы. Ерысты байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Ерыстæм йæ хъус дардта РХИ-йы Ахуырады министры хæдивæг Гаглойты Элиса дæр.

Турниры фыццаг хатт сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой 260 æвзонг спортсмены. Уыдон дих уыдысты цалдæр къордыл. Ерысты фыццаг хайы майдантыл тох кодтой 2006-2004-æм азты гуырд спортсментæ. Уый фæстæ та ерыс кодтой 2007-2009 азты гуырд ахуырдзаутæ.

Чызджыты ‘хсæн турниры уæлахиздзаутæ систы Алисæ Жаркова, Тедеты Ирмæ, Джиоты Катеринæ, Уалыты Даяна, Тыджыты Дианæ æмæ Тедеты Моникæ. Лæппуты ‘хсæн та фыццаг бынæттæ бацахстой Чысиаты Александр, Чиаты Михаил, Бестауты Бега, Быценты Арсен, Тасойты Арсен æмæ Къæбулты Инал.

Ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кæныны церемонийы хайад райстой спорты фарстаты фæдыл Президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин æмæ РХИ-йы физикон культурæйы сгуыхт кусæг Дзабиты Роланд.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ныртæккæ ленк кæныны секцитæм кæй цæуы 600 ахуырдзауы бæрц. Спорты ацы хуызæй республикæйы архайын райдыдтой 2016 азы. Уæд хуынд æрцыд уæрæсейаг специалист Евгения Терлеева. Уый  куыд банысан кодта, афтæмæй спортсментæн сæ бæрæггæнæнтæ бæрæг фæхуыздæр сты.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ныридæгæн нæ бон у Цæгат Кавказы ерысты хайад райсын. Уымæ гæсгæ, кусдзыстæм, цæмæй  кæнæ республикæйы дунеон ерыстæ ауадзæм, кæнæ та нæхæдæг хайад райсæм Цæгат Кавказы Федералон зылды ерысты», – банысан кодта Евгения Терлеева.

Ленк кæнынæй Цхинвалы радон ерыстæ уагъд æрцæудзысты 18-æм февралы. Уый та цæудзæн баттерфляйы стилыл.

ГРАН-ПРИ «ИВАН ПОДДУБНЫЙ»

Красноярскы уагъд цыд дунеон турнир гран-при «Иван Поддубный-2018». Ерысты Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы минæвæрттæ рамбылдтой иу сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ 6 бронзæ майданы. Турниры 74 кг уæзы категорийы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Цæболты Хетæгæн. Уый финалы тыхджындæр уыд Ирыстоны иннæ минæвар Сидахъты Зауырбегæй, кæцы ссис æвзист призер. Ноджы ма иу æвзист майдан бафтыд Тусхъаты Азæмæты къухты (57 кг). Æртыккаг бынæттæ та бацахстой Хуыбецты Къахабер (74 кг), Зассеты Алан (79 кг), Уалыты Радик (79 кг), Найфонты Артур (86 кг), Уалыты Владислав (86 кг) æмæ Байцаты Владислав (97 кг).

Ерыстæ фыццаг хатт ацыдысты ног регламентмæ гæсгæ. Спортсментæн сæ уæз барстой, цы бон хæцыдысты, уыцы бон райсомæй. Уый фæдыл  бирæтæ равдыстой се ‘нæразыдзинад. Уыдон ‘хсæн уыд  Æфсæддонты Централон Спортивон Клубы сæйраг тренер Мæргъиты Анатоли дæр.

Алчи разы нæу, райсомæй сын сæ уæз кæй барынц, ууыл. Бахъæуы нæ залмæ 6:30 сахатыл æрбацæуын, 8 сахатыл спортсменты сбарынц æмæ дарддæр фенхъæлмæ кæсæм 11 сахатмæ, ерысты райдианмæ. Хъæбысæйхæцджытæ аходæн фæхæрынц залæн йæхи мидæг гауызыл. Антисанитарийыл дзырд дæр нæй. Цы пайда ис ацы хъуыддаджы? Уыдон спортсменты æнæниздзинадыл хъуыды кæнынц? Спортсменты бахъæуы кусын æнæхъæн æхсæв сæ уæз æрæппарыныл, кæнæ та сæ бон нæ вæййы æххормагæй бафынæй кæнын. Уый та сын æрмæстдæр халы се ‘нæниздзинад. Ацы хъуыддагимæ разы не сты америкæйæгтæ дæр. Зæгъæм, Тусхъаты Азæмæт æмæ Исмаил Мусукаев райсомæй уæз «сарæзтой» æмæ сæ бахъуыд иу боны мидæг 6 тохы ауадзын. Уый раст у? Спортсментæн сæ уæз хъуамæ барой изæрæй. Дыккаг бон та рахæцой. Специалисттæ иууылдæр куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ финалон тохтæм спортсментæ цыдысты уонгмардæй», – загъта  Мæргъийы фырт.

БОКС

Æппæтдунеон боксы суперсерийы æрдæг-финалмæ йæхи цæттæ кæны Гасситы Мурат. Уый 28-æм январы æртахт Сочимæ   æмæ 3-аг февралы рингыл фембæлдзæн кубæйаг боксер Юниер Дортикосимæ. 27-æм январы уал уагъд æрцыд Æппæтдунеон боксы суперсерийы фыццаг æрдæгфиналон тох. Уым украинаг боксер Александр Усик тæрхонгæнджыты уынаффæмæ гæсгæ фæуæлахиз латвийаг Майрис Бриедисыл æмæ ахызт финалмæ. Финалон тох уыдзæн 11 майы Саудоваг Аравийы горæт Джиддейы.

Хуриты Батрадз 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.