ФУТБОЛ

Цхинвалы стадионы уагъд æрцыдысты хæларадон хъазтытæ. Хъазæн фæзы фембæлдысты РХИ-йы футболон скъолайы æмæ Дзæуджыхъæуы футболон скъола «Юность»-ы командæтæ. Хъазт рауад цымыдисон. Дыууæ командæ дæр сæвзæрын кодтой ныхмæлæууæг кулдуары пурти бакъуырынæн бирæ гæнæнтæ. Уыдонæй хуыздæр спайда кодтой фысымтæ æмæ рамбылдтой 2:1 хыгъдæй.

Хуссарирыстойнаг футболон командæйы тренертæ Бестауты Къæдзæх æмæ Гæджиты Ацæмæз райгондæй баззадысты сæ хъомылгæнинæгты архайдæй.

«Нæ сæйраг хъазджытæй цалдæрæй рарынчын сты æмæ нæ хъазты хайад нæ истой, фæлæ уæддæр архайдтам зæрдиагæй æмæ рамбылдтам. Стыр бузныг зæгъын мæ фæнды уазджытæн, сæйраджыдæр та Дзæуджыхъæуы футболон скъолайы директор Гæджиты Иналæн йæ командæты Цхинвалмæ кæй рарвиты, уый тыххæй», – банысан кодта Бестауты Къæдзæх.

Цæгатирыстойнаг футболисттæ кæд фæхæрд  сты, уæддæр  командæйы сæйраг тренер Валерий Семенов банысан кодта, ахæм хъæзтытæ пайда кæй сты йæ футболисттæн, уый.

«Алы хатт дæр æхсызгон æнкъарæнтимæ æрцæуын Хуссар Ирыстонмæ. Уымæн æмæ йæ зонын ам тынг хорз сæмбæлынц уазджытыл. Кæд мæ командæ æвзæр нæ архайдта, уæддæр бынæттон хъазджытæн сæ удыхъæд у фидардæр æмæ уымæ гæсгæ рамбылдтой», – загъта Валерий Семенов.

 

МИНИ-ФУТБОЛ

Абон райдайдзæн мини-футболæй РХИ-йы «Президенты Кубок». Турнир стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодта спортуарзджытæм. Ерысты хайад райсыны тыххæй куырдиæттæ  балæвæрдтой 22 командæйы. Уыдон дих æрцыдысты 4 дæлкъордыл. Алы къордæй дæр финалон хаймæ хиздзысты, сæ дæлкъордты фыццаг дыууæ бынаты чи æрцахса, уыдон. Турнир официалонæй байгом уыдзæн абон, 2-æм ноябры республикон стадионы.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Мæскуыйы уагъд æрцыд Шевалье Нусуевы номарæн дунеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты та хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой ирон богалтæ. Турниры фыццаг бон сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Рæмонты Сослан (70 кг) æмæ Тусхъаты Азæмæт (57 кг). Рæмонты Гамлет та бацахста дыккаг бынат (65 кг).

Ерысты дыккаг бон та сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Цæболты Хетик (74 кг) æмæ Уалыты Владислав (86 кг). Æвзист призертæ систы Хуыбецты Кахабер (74 кг), Коцты Зауыр (97кг) æмæ Байцаты Владислав (125 кг). Бронзæйон майдантæ та бафтыдысты Хайты Марат (86 кг) æмæ Гæззаты Батрадзы (97 кг) къухты.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.