СТЪОЛЫ ТЕННИС

Ставрополы уагъд цыд дунеон турнир стъолы теннисæй. Ерысты хайад райстой Уæрæсе, Паддзахад Алани æмæ Донецкы Адæмон Республикæйæ 80 спортсменæй фылдæр. Ерысты Паддзахад Аланийы спортивон кад хъахъхъæдтой Бекъойты Эдвард æмæ Елбачиты Иринæ. Эдвард акодта 10 фембæлды, уыдонæй рамбылдта 8 хъазты æмæ бацахста 5-æм бынат.

«Ацы сезоны Эдвардæн ацы æнтыст у иууыл хуыздæр бæрæггæнæн», – банысан кодта не ’мбырдгонд командæйы сæйраг тренер Джиоты Мириан.  «Ерысты хайад райстой Уæ-рæсейы иууыл хуыздæр теннисисттæ. Эдвардæн йæ бон ссис рамбулын ахæм спортсмен-ты, кæцытæ нымад цыдысты турниры майданты претенденттыл».

Хорз ма йæхи равдыста Елбачиты Иринæ. Уый дæр рамбылдта ахæм теннисисткæты, кæцытæ рейтинджы лæууыдысты уæлдæр. Уый та бацахста 6-æм бынат.

ЦÆТТÆГÆНÆН СБОРТÆ БОКСÆЙ

30 спортсменæй фылдæр хайад исынц Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны боксерты иумæйаг цæттæгæнæн сборты. Боны дæргъы сын уагъд цæуы дыгай тренировкæтæ. Сæйраг куыст цæуы спортивон комплекс «Олимп»-ы. Спорт-сментæ бирæ рæстæг æрвитынц стадионы дæр, цыран фыццаг рады хъусдард здæхт цæуы боксерты тагъд архайдыл.

Тренер Сланты Виталийы ныхæстæм гæсгæ, спортсментæ иууылдæр сты стыр курдиаты хицау.

«Æрвылаз дæр Цхинвалы фæуадзæм иумæйаг сбортæ. Тренировкæтæ уадзынæн нын ис æппæт уавæртæ дæр. Ис тынг хорз зал, хорз ахаст. Хъæд – нæ фарсмæ, цыран уадзæм кросстæ. Ног сезонмæ цæттæгæнæн рæстæг нын дихгонд у 3 этапыл. Фыццаг этап нын уагъд æрцыд Приэльбрусейы, цыран фестæм æртæ къуырийы. Ныр дыккаг этап цæуы ам. Дарддæр алы спортсмены дæр цæттæ кæндзысты индивидуалон æгъдауæй. Алкæмæн дæр ис йæхи программæ. Фæнды мæ зæгъын, æмæ сборты хайад кæй исынц иууыл тыхджындæр боксертæ. Иууылдæр сты стыр курдиаты хицæуттæ æмæ кæд хорз кусой, уæд сæм æнхъæлмæ кæсы стыр фидæн», – банысан кодта УФ-йы æмæ РХИ-йы сгуыхт тренер Сланты Витали.

Цæттæгæнæн сборты хайад исынц дунеон турнирты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ. Хуссарирыстойнаг спортсментæй рахицæнгæнæн ис спортивон æхсæнад «Юность России»-йы уæлахиздзау Тыбылты Аликы, спорты дæсны Тадтаты Сæрмæты, Челехсаты Таиры æмæ Къудухты Артуры. Сборты ма хайад исы дунеон боксы федерацийы версимæ гæсгæ, фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпион Тедеты Сослан. Сæ тренировкатæм сæм куы бацыдыстæм, уæд уый уыд Дзæуджыхъæуы, цыран фыццаг рæнхъыты уыд Уæрæсейы паддзахадон тырысайы боны цытæн уагъдцæуæг велолыгъды. Банысан кæнын хъæуы  æвзонг, Дидмухайы хъæуæй рацæуæг Татдтаты Валерийы курдиаты тыххæй, кæцы ацы аз æвзæнгты ‘хсæн ссис Уæрæсейы чемпион æмæ Европæйы чемпи-онаты æвзист призер.

«Боксмæ æрбацыдтæн дыууæ азы размæ. Уæд мæ тынг фæндыд хорз бæрæггæнæнтæ равдисын. Уымæ гæсгæ тренировкæтæм цыдтæн стыр бæрндзинад æнкъаргæйæ æмæ мын ацы аз бантыст мæхи хорз равдисын. Æцæг мæ фæндыд фыццаг бынат бацахсын, фæлæ мын нæ бантыст. Фыццаг тохы рамбылдтон украинæйаг тыхджын боксеры, дыккаг тохы та тыхджындæр уыдтæн туркаг боксерæй, кæцы ивгъуыд аз ацы ерысты бацахста 2-аг бынат», – банысан кодта Тадтаты Валери.

Валерийæ стыр ныфс æвæры тренер Сланты Витали.

«Валери боксмæ æххæст дыууæ аз дæр нæ цæуы. Фæлæ ныридæгæн æвдисы тынг хорз бæрæггæнæнæнтæ. Æвзæнгты ‘хсæн Европæйы чемпионаты финалмæ цæугæйæ, йæ ныхмæлæуджытæй уыд бæрæг тыхджындæр. Мæнмæ гæсгæ, финалы дæр рамбылдта, фæлæ тæрхонгæнджытæ уæлахиз радтой Валерийы ныхмæлæууæгæн. Кæд Валери дарддæр дæр афтæ хорз æвдиса йæхи, уæд æм æнхъæлмæ кæсы стыр фидæн», – загъта Сланты Витали.

Цхинвалы цæттæгæнæн сбортæ уагъд цæудзысты дыууæ къуырийы дæргъы. Сентябры мæйы спортсменты фылдæр хаймæ æнхъæлмæ кæсынц æндæр æмæ æндæр æмвæзады турниртæ.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.