1941 азы 22 июны райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст

78 азы размæ 22 июны Советон Цæдисы адæмыл арвы нæрдау айхъуыстис уæззау, æвирхъау хабар. Уыцы бон райсом раджы, 4 сахатыл, хæст нæ расидгæйæ, фашистон Герман æрбабырста Советон Цæдисмæ. 

Советон адæм адӕм æнхъæл кæй нæ уыдысты æмæ  хæстонтæ æппæт арæныл дихгонд кæй уыдысты, уый фæстиуæгæн хицауадæн йæ бон нæ уыд агрессорæн æвæстиатæй хъомысджын ныхкъуырд радтын.

Герман та йæхи рагæй цæттæ кодта Советон Цæдисмæ æрбабырсынмæ. Уый тыххæй развæлгъау бакуыстæуыд афтæхуыйнæг «Барбароссы план» дæр. Ацы планмæ гæсгæ, немыцаг гарзджын тыхтæ Советон Цæдисыл хъуамæ фæуæлахиз уыдаиккой цыбыррæстæгон хæстон операци – блицкригы руаджы.

Историон зонæнтæм гæсгæ, 1940 азы 18 декабры фидар æрцыд ССР Цæдисы ныхмæ «Барбароссы план». Йæ сæххæст кæныны тыххæй Герман, Финлянди, Румын æмæ Венгриимæ сарæзтой хъомысджын æфсад, кæцыйы сконды уыдысты 182 дивизийы æмæ 20 бригадæйы (5 милуан адæймаджы бæрц), 47,2 мин хæцæнгарз æмæ минæ-згъалæджы, 4,4 мин хæстон хæдтæхæджы, 4,4 мин танчы æмæ размæбырсæн хæцæнгарзы æмæ 250 науы.

Агрессоры ныхмæлæууæг Советон хæстонтæ та уы-дысты 186 дивизийы (3 милуан адæймаджы), 39,4 мин хæцæнгарз æмæ минæзгъалæджы, 11 мин танчы æмæ 9,1 мины бæрц хæстон хæдтæхæджы. Ацы тыхтæ дæр раз-вæлгъау æрконд нæ уыдысты хæстон цæттæдзинадмæ. 22-23 июны Германы гæнæнуæвæг æрбабырсты тыххæй Сырх Æфсады Генералон штабы директивæ дæр Ныгуылæн арæнгæрон зылдæн фехъусын чындæуыд æрмæстдæр 21 июнæй 22 июнмæ æхсæвы.

1941 азы 22 июны райсомы 10 сахатыл Генералон штабы хистæр, Армийы инæлар Георгий Жуков сарæзта оперативон хæстон æмбырд, цыран фехъусын кодта Советон Цæдисмæ фашистон Германы æрбабырсты тыххæй. Банысан кодта, знаг цы аэродромтæ æмæ горæттыл æркалдта бомбæтæ, йæ сурзæххон æфсад паддзахадон арæны сæрты цы рæтты æрбатыдтой, æппæт уыдæттæ.

Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй «фронтты ко-мандæгæнджытæ сæ тых сæ бонæй архайынц арæныл рахизæг знаджы хæйтты скуынæг кæныныл. Хъыгагæн, иуæй-иу здæхтыты знаджы къухы бафтыд æнтыст…».

1941 азы 22 июны радиойы раныхас кодта ССР Цæдисы Адæмон къамисариаты Советы Сæрдары хæдивæг, ССР Цæдисы Фæсарæйнаг хъуыддæгты къамисар В. М. Молотов дæр.

Уый фехъусын кодта, зæгъгæ йын Советон хицауад æмæ йæ сæргълæууæг Иосиф Сталин бахæс кодтой, цæмæй фехъусын кæна: 22 июны 4.00 сахатыл Германы æфсад, хæст нæ расидгæйæ, кæй æрбабырста Советон Цæдисмæ, бомбæтæ æрызгъæлста Житомир, Киев, Севастополь, Каунас æмæ æндæр горæттыл, уыимæ цæфтæ æмæ фæмардуæвджыты нымæц у дыууæсæдæ адæймагæй фылдæр. Знаг æхста æмæ йæ хæдтæхджытæ æрбатахтысты Румын æмæ Финляндийы территоритæй дæр.

«Кæрæдзимæ нæ бабырсыны тыххæй кæд Советон Цæдисæн Германимæ бадзырд арæзт уыд, æмæ кæд Советон Цæдис уыцы бадзырды домæнтæ æххæст кодта цæсгомджынæй, уæддæр, уыцы бадзырд фехалгæйæ, Герман æрбабырста нæ бæстæмæ. Ацы абырæгон æрбабырсты тыххæй æппæт бæрндзинад дæр ис Германы фашистон къухдариуæгадыл», – дзырдта Молотов.

Уый æрсидт Советон Цæдисы æмбæстæгтæм, цæмæй ноджы æнгомдæрæй æрбалæууой большевикон парти, Советон хицауад æмæ Иосиф Сталины фарсмæ.

«Нæ хъуыддаг у раст. Знаг пырх æрцæудзæн. Мах фæуæлахиз уыдзыстæм», – фехъусын кодта Молотов.

1941 азы 23 июны арæзт æрцыд Уæлдæр Сæйраг командæкæнынады Ставкæ. 30 июны та арæзт æрцыд Хъахъхъæнынады Паддзахадон Комитет. Сæрдарæй æмæ йын Уæлдæр Сæйраг командæгæнæгæй нысан æрцыд Иосиф Сталин. Советон Цæдисы æрбиноныг уæлвæткон мадзæлтты программæ ахæм девизимæ: «Æппæт дæр – фронтæн! Æппæт дæр – уæлахизæн!». Уымæ нæ кæсгæйæ, Сырх Æфсад фæстæмæ лæууын райдыдта æмæ июлы æмбисмæ немыцаг æфсæддонтæ бацахстой Литва, Латви, дзæвгар хæйттæ бацахста Белорусси, Эстони, Украинæ æмæ Молдавийы территоритæй, тæссаг уыд Ленинград, Смоленск æмæ Киевæн дæр.

Иуæй-иу историктæ куыд фыссынц, афтæмæй Иосиф Виссарионы фырт Сталин 3 июлмæ æнæрахизгæйæ, бадт йæ кабинеты, æппындæр никæимæ ныхас кодта, афтæмæй. 3 июлы уый раныхас кодта радиойы.

Уый дзырдта:

«Æмбæлттæ, æмбæстæгтæ!

Æфсымæртæ æмæ хотæ!

Не ‘фсад æмæ флоты хæстонтæ!

Сидын уæм æз, мæ хæлæрттæ!

22 июны нæ бæстæмæ гитлерон Германы гадзрахатæй æрбабырст дарддæр кæны. Кæд Сырх Æфсад хъæбатырæй йæ ныхмæ лæууы, кæд знаджы хуыздæр дивизитæ, йæ авиацийы хуыздæр хæйттæ пырх æрцыдысты æмæ сæ ингæн ссардтой тохы быдыры, уæддæр знаг размæ лæсы, фронтмæ ног тыхтæ æппаргæйæ.

Истори куыд уынын кæны, афтæмæй нæй æмæ нæ вæййы æнæбасæтгæ æфсæдтæ. Наполеоны æфсады дæр æнæбасæтгæ хуыдтой, фæлæ йæ ныппырх кодтой уырыссаг, англисаг æмæ немыцаг хæстонтæ. Фыццаг империалистон хæсты рæстæджы Вильгельмы немыцаг æфсады дæр æнæбасæтгæ хуыдтой, фæлæ йæ цалдæр хатты ныддæрæн кодтой уырыссаг æмæ англисаг-французаг æфсæдтæ. Ныр дæр афтæ зæгъын хъæуы немыцаг фашистон æфсадæй. Европæйы континенты ацы æфсад нæма фембæлд серьезон ныхмæлæудыл. Æрмæстдæр нæ территорийыл райста аккаг ныхкъуырд.

Бирæтæн сæ бон у бафæрсой: куыд æрцыд афтæ, æмæ Советон хицауиуæгад нæ бабырсыны тыххæй пакт сарæзта ахæм мæнгард адæймæгтимæ, куыд Гитлер æмæ Риббентроп? Советон хицауиуæгады ‘рдыгæй ницы рæдыд æруагъдæуыд? Кæй зæгъын æй хъæуы, ницы. Нæ бабырсыны тыххæй пакт у дыууæ паддзахады ‘хсæн сабырдзинады пакт. Ахæм пакт нын нæ разы æрæвæрдта Герман 1939 азы. Гæнæн уыдис, æмæ Советон хицауад ма сразы уыдаид ацы фæндоныл? Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ иунæг сабыруарзаг паддзахадæн дæр йæ бон нæу сыхаг бæстæимæ сабырадон сразыдзинадыл «нæ» зæгъа, æгæрыстæмæй, уыцы бæстæйы сæргъ Гитлер æмæ Риббентроп куы лæууой, уæддæр. Уымæй дæр сабырадон сразыдзинад куы нæ бахъыгдара сабыруарзаг паддзахады территориалон æнæхъæндзинад, хæдбардзинад æмæ цыт.

Сырх Æфсады фæстæмæ алæудæй иунæг поезды, иунæг вагоны, иунæг килограмм дзул, иунæг литр æртаджы дæр нæ хъæуы ныууадзын знагæн. Знаджы æфсады ныхмæ тох кæныны нысанæн, знаг цы районты бацахста, уымыты саразын хъæуы партизанон къордтæ партизанон тохтæ сцырын кæныны тыххæй, саразын хъæуы диверсион къордтæ хидтæ, фæндæгтæ пырх кæныны, телефонон æмæ телеграфон бастдзинæдтæ халыны тыххæй. Оккупацигонд районты знагæн саразын хъæуы æнæадæймагон уавæртæ, алы къахдзæфы дæр сæ хъæуы куынæг кæнын.

Ацы стыр хæсты махæн иузæрдион цæдисонтæ уыдзæн Европæ æмæ Америкæйы адæмты ‘хсæн, уыцы нымæцы немыцæгты ‘хсæн дæр, кæцытæ гитлеронтæн сты цагъайраджы бынаты. Нæ Фыдыбæстæйы сæрибары тыххæй тох баиу уыдзæн Европæ æмæ Америкæйы адæмты хæдбардзинады, демократон сæрибардзинады сæрыл тохимæ.

ССР Цæдисы адæмты æппæт тыхты цырд мобилизацийы нысанæн, знагæн аккаг ныхкъуырд радтыны тыххæй арæзт æрцыд Хъахъхъæнынады Паддзахадон Комитет, кæцыйы къухы ис паддзахады æппæт хицауиуæгад. Хъахъ-хъæнынады Паддзахадон Комитет æрæвнæлдта йæ куыстмæ æмæ сиды æппæт адæммæ, цæмæй ноджыдæр æрбангом уой Сырх Æфсады æмæ Флоты алыварс, цæмæй знаг дæрæн æрцæуа.

Æппæт нæ тыхтæ аздахæм нæ хъæбатыр Сырх Æфсады, нæ цытджын денджызон Сырх флоты фарс рахæцынмæ!

Адæмы æппæт тыхтæ – знаджы ныддæрæн кæнынмæ.

Размæ – уæлахизмæ!» – ахæм раныхасæй советон адæммæ сидт Советон Цæдисы уæды сæргълæууæг Иосиф Сталин.

Фондз азы дæргъы Советон Цæдисы цæрæг адæм æмвæнд æмæ æмзондæй тох кодтой сæ цыфыддæр знаджы ныхмæ. Уыцы æвирхъау хæсты ныккалдис бирæ милуангай адæймæгты туг, фæлæ кæд ног истори фысджытæ зыгъуыммæ кæнынц историон факттæ, уæддæр советон адæм фæуæлахиз сты гермайнаг фашизмыл æмæ æрхастой сæрибардзинад сæ фæстагæттæн.

Стыр Фыдыбæстæйон хæст цы бирæ зиæнттæ æрхаста, уыдоны нымæц у æнæкæрон. Хæсты азты Советон Цæдисæй æфсæддон службæгæнджытæ æмæ сабыр цæрджытæй фæмард 26 600 000 адæймаджы. Хæсты рæстæджы Советон Цæдисы Гарзджын тыхты зиæнттæ уыдысты 8 668 400 адæймаджы, чи фæцæфтæ, чи фæрынчын æмæ уазæлтты чи басыд, уыдоны нымæц – 15 205 592 адæймаджы, æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон – 5 597 000 адæймаджы, уацары бахаудтой 4 559 000 адæймаджы, фашистон лагерты куынæг æр-цыдысты Советон Цæдисы 11 000 000 æмбæстаджы, пырх æрцыдысты 1710 горæты æмæ горæтон типы поселочы, куынæг æрцыдысты 70 000 хъæуы, пырх æрцыдысты 31 850 заводы æмæ фабрикæйы, 1135 шахтæйы, 65000 километры æфсæнвæндæгтæ, тауæн фæзуæттæ фæкъаддæр сты 36 800 000 гектары.

Æппæт ацы зиæнттæ бандæвтой ирон адæмыл дæр, кæд хæст Хуссар Ирыстоны онг не ‘рхæццæ ис, уæддæр Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ алы ирон хæдзарæй дæр ацыдис цалдæргай æвзонг адæймæгтæ, кæцытæй бирæтæ нал æрыздæхтысты сæ фыды уæзгуытæм.

Æрмæг бацæттæ кодта ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.