Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ Къуыдаргомы сæ куыстытæ куыддæр балхынцъ кодтой, афтæ æрæвнæлдтой æндæр куыстытæм. Ныр дыууæ бон уыдон кусынц Дзауы районы Хуыцъейы хъæуы канализацион хахх аразыныл. Уый тыххæй нын фехъусын кодта уæлдæрбанысангонд куыстуаты хистæр Цхуырбаты Тамерлан. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй хъæуы цæрджытæн ацы проблемæ рагæй ис, Хуыцъейы хъæуы трассæмæ æввахс чи цæрынц, уыдоны хæдзæрттæн сæ канализацион дæттæ иууылдæр цыдысты Транскамы фæндагмæ æмæ-иу дзы уымæ хæстæг сырæзтысты цæдтæ, зымæг та-иу уыцы цæдтæ æмæ фæндаг йæхæдæг дæр ныиих. Ацы проблемæйыл цæрджытæ рагæй дзырдтой, фæлæ ныр æрхæццæ йæ аскъуыддзаг кæныны рæстæг дæр. «Хуыцъейы хъæуы цæрджытæ сæ проблемæйы тыххæй бахатыдысты Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андреймæ æмæ аскъуыддзаг кодтой, цæмæй ацы аз аиуварсгонд æрцæуа ацы проблемæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй сын планы никуы уыдис канализацион хæххытæ аразын æмæ куыд канализацион дæттæ, афтæ, къæвдаты дæттæ дæр иууылдæр цыдысты фæндагмæ æмæ антисанитарион уавæр æвзæрын кодтой. Мах ныр æрæвнæлдтам ацы куыстмæ æмæ хъуамæ саразæм, 450 метры бæрц йæ дæргъ кæмæн уа, ахæм канализацион хахх. Уымæй дарддæр ма нын бахæс кодтой, цæмæй ма ацы хъæуæн сæ нуазыны доны хæтæл дæр раивæм ногæй, уымæн æмæ у зæронд. Ацы аз нын планмæ хаст æрцыдис, цæмæй нуазыны доны сæйраг хæтæл дæр ивд æрцæуа 450 метры дæргъæн, фæлæ хæдзæрттæм ацы аз нæ уадздзыстæм дон», – загъта Цхуырбаты Тамерлан.

ЦХУЫРБАТЫ Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.