Фæстаг азты нæ республикæйы ахуыргæнæн уагдæтты бæстыхæйтты цалцæг кæнынмæ, æнæмæнгхъæуæг ахуырадон фæрæзтæй, инвентарæй сæ ифтонг кæнынмæ æмæ сæ афтæмæй ахуыр-хъомыладон процесс хуыздæр кæнынмæ стыр хъусдард здæхт цæуы республикæйы разамынады æрдыгæй. Фæлæ нырма алы ран ацы фарстытæй бирæтæ скъуыддзаг не ‘рцыдысты. Ахæм уагдæттæй сæ иу у Битеты Павелы номыл Цхинвалы дыккæгæм музыкалон скъола. Ам ныртæккæ ахуыр кæнынц 175 ахуыргæнинаджы. Ахуыр дзы бæргæ кæнынц, фæлæ сын уавæртæ сæ къух нæ аразынц. Бæстыхай у зæронд æмæ дзы, æгæрыстæмæй, тæссаг у ахуыртæ уадзынæн дæр. Ардæм ацы бонты æрбацыд республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ алцы дæр федта йæхи цæстæй. Йемæ ма уыдысты Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан æмæ Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард.

Скъолайы директор Æлборты Динæ паддзахады разамонæгæн радзырдта, цы зындзинæдтыл æмбæлынц, уыдоны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ скъолайы сывæллæттæ ахуыр кæнынц авд хайады: аккардеон, ирон фæндыр, скрипкæ, фортепиано, эстрадон вокал, гитарæ æмæ гуымсæг. Цы бирæ сывæллæттæ сæм цæуынц, уыдоны нымæц гæнæн ис фæфылдæр кæной, фæлæ сæ, куыд банысан кодтам, афтæмæй сæ уавæртæ нæ амонынц. Афтæ у ныр 25 азы дæргъы. Бæстыхай хæлæтдзаг кæй у, бæстон цалцæггæнинаг кæй у, уымæ гæсгæ, директор куыд зæгъы, афтæмæй сæ ахуыргæнинæгтæн ахуыртæ уадзын бар-æнæбары бахъæуы горæты æндæр ахуыргæнæн уагдæтты дыууадæсæм астæуккаг скъола æмæ скъола интернаты.

Бибылты Анатоли азылдис скъолайы кълæстыл æмæ лæмбынæг базонгæ ахуыргæнджыты куысты уавæртимæ. Ахуыргæнинæгтæ йын æвдыстой сæ арæхстдзинад æндæр æмæ æндæр музыкалон инструменттыл цæгъдынæй. Президент банысан кодта, бæстыхайы кæй хъæуы æвæстиатæй цалцæг кæнын æмæ горæты администрацийы сæргълæууæгæн бахæс кодта, цæмæй уал ацы бонты æрæвнæлдæуа бæстыхайы æмбæрзт раивыны фæдыл куыстытæм, цæмæй сæ азы кæронмæ фæуой.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.