Нæ республикæйы рагондæр скъолатæй сæ иу, Цхинвалы 9-æм астæуккаг скъола банысан кодта йæ 50 азы юбилей. Бæрæгбонон мадзалмæ хуынд æрцыдысты бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, хицауады æндæр бæрнон кусджытæ, скъолайы æндæр æмæ æндæр азты рауагъдонтæ, ныййарджытæ.

Мадзалы райдианы мадзаламонæг, скъолайы хæдархайгæ аивадон къорды къухдариуæггæнæг Битеты Миленæ раарфæ кодта æрбацæуджытæн æмæ сын загъта бузныджы ныхæстæ, кæй ссардтой рæстæг æмæ кæй æрбацыдысты мадзалмæ.  Уый фæстæ скъолайы аивадон къорд сæххæст кодтой ирон национ кафт. Дарддæр Тъехты Зæринæ бæстон æрдзырдта 50 азы дæргъы 9-æм скъолайы царды историйыл. «9-æм скъола йæ дуæрттæ фыццаг хатт æрбакодта 1967 азы, уæд айзæлыд ам фыццаг дзæнгæрæг. Скъолайы директорæй уæд нысан æрцыд Гæджиты Гиуæрги» – радзырдта Миленæ.

Фыццаг ам цы ахуыргæнджытæ райдыдтой кусын, уыдон сты Цхуырбаты Валентинæ, Лохты Жаннæ, Битеты Дуня, дзæнæттаг Коцты Назирæ, Санахъоты Тамуся, Сиукъаты Мария. Хъæздыг у 9-æм скъолайы 50 азон истори алыгъуызон æнтыстыты цаутæй. Йæ ахуыргæнинæгтæ кæддæриддæр хайад истой республикæйы уагъдцæуæг мадзæлтты, спортивон ерысты, конкурсты æмæ-иу бирæ хæттыты систы уæлахиздзаутæ. Æнæзæгъгæ нæй, скъолайы рауагъдонтæй бирæтæ кæй  систы Райгуырæн бæстæйæн аккаг хъæбултæ, кæй лæггад кодтой сæ адæмæн Ирыстоны тыхст рæстæджыты. Уыдоны ‘хсæн бирæтæ систы хъайтартæ.  Ацы скъолайы хъомылгæнинаг Хуыбылты Валерийы номæй сæрыстыр у канд Ирыстон нæ, уый ссис Республикæ Абхазы хъайтар дæр, æфсымæрон бæстæйы адæмы фарс кæй балæууыд сæ зын рæстæджы, уый тыххæй. Æнæмсæр тохы Валери тох кодта йæ удыл æнауæрдгæйæ.

Скъолайы коллектив кæддæриддæр йæ сæйраг хæсыл нымадта æмæ кодта бæрнон куыст æрмæст ахуырадон фарстаты фæдыл нæ, фæлæ ахуыргæнинæгты æппæтварсон хъомылады фарстатыл дæр.

Скъолайы ахуыргæнинæгтæн, йæ коллектив æмæ къухдариуæгадæн бæрæгбонон арфæйы ныхæстæ загъта Республикæйы президент Бибылты Анатоли.  «50 -азы не сты бирæ, уыдон сты скъолайы уæвынады æмæ æнтыстыты  райдайæны азтæ, æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы хорз фæндиæгтæ. Уæт уын фылдæр æнтыстытæ куыд ахуыры, афтæ спорт, аивад æмæ æндæр фадгуыты дæр. Уæт уæ алкæмæн дæр фидар æнæниздзинад æмæ ацы скъолайы къæсæрæй ноджыдæр хизæт райгуырæн бæстæйæн аккаг хъæбултæ. Ахуыргæнæджы хæстæ æрмæст зонындзинæдтæ амонын не сты, ахуыргæнæджы раз æвæрд ис, æгъдауджын æмæ аккаг фæсивæд хъомыл кæныны хæс.  Æз уын бузныг зæгъын уæ уæззау куысты тыххæй æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы дарддæр дæр æнтыстыты фæндиæгтæ».

Бирæ азты сæ хæрзиуæгон куысты æмæ фæлтæрæй фæлтæрмæ фæсивæды хъомылады æмæ ахуырады хъуыддагмæ аккаг хайбавæрды тыххæй республикæйы Президенты барамындæй  скъолайы ахуыргæнæг Лохты Жаннæйæн лæвæрд æрцыд кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон ахуыргæнæг», Дзигойты Ритæйæн та  кадджын ном «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг».  Республикæйы сæргълæууæг скъолайæн балæвар кодта интерактивон фæйнæг æмæ музыкалон гарнитурæ дæр.

Ахуырады министр Гасситы Натали дæр бæрæгбонон арфæ ракодта скъолайы коллективæн æмæ уый та скъолайы хæдархайгæ аивадон къордæн балæвар кодта национ кæфтыты  дарæс. «Съолайы мысинæгтæ, мæнмæ гæсгæ сты адæймаджы æппæты æхцондæр мысинæгтæ. Цыдæриддæр скъолаимæ баст хъуыддæгтæ ис, уыдон сты зæрдылдаринаг æмæ зынаргъ. Æнхъæлмæ уын кæсдзыстæм дарддæр дæр уе ‘нтыстытæ æмæ хæрзиуæгон хъуыддæгтæм», – загъта Гасситы Натали.

Бæрæгбонмæ æрбацæуджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодта скъолайы директор Зассеты Зарæ.

«Абон махæн у стыр бæрæгбон æмæ уе ‘ппæтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы хъæлдзæгдзинад æмæ амонды фæндиæгтæ. Алы адæймаджы царды дæр скъолайы азтæ сты сæйрагдæр æмæ зæрдылдаринагдæр. Уымæ гæсгæ мæ фæнды зæгъын, цæмæй мах кæддæриддæр аргъ кæнæм нæ архуыргæнджытæн, ма сын рох кæнæм сæ бирæ фыдæбон нæ царды æнтыстджын фидæны сæраппонд», – загъта Зассеты Зарæ. Зарæ ма уæлдай арфæйы ныхæстæ загъта скъолайы ахуыргæнджытæн сæ зын, фæлæ ахсджиаг куысты тыххæй.

Скъолайы раздæры рауагъдонты номæй бæрæгбонон арфæ ракодта Дзабиты Вячеслав.

«Æрдæг æнусы дæргъы 9-æм астæуккаг скъола рауагъта дыууæ мин рауагъдонæй фылдæр. Чысыл нæу, уыдонæй ныртæккæ йæ райгуырæн бæстæйæн аккаг лæггад чи кæны, уыдоны номхыгъд. Бирæтæ сæ кусынц Уæрæсейы алы къуымты бæрнон бынæтты. Фæстаг азты скъолайы рауагъдонтæй  Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæ каст чи фæцис, уыдон сты Дзабиты Гамлет, каст фæцис Мæскуыйы Æдасдзинады Федералон службæйы уæлдæр скъола Чилæхсаты Владислав, каст фæцис Курганы Æдасдзинады Федералон службæйы уæлдæр скъола, Краснодары УФ-йы Мидхъуыддæгты министрады  уæлдæр ахуыргæнæндæттæ каст фесты Дзигойты Роберт, Тедеты Димитр, Хетæгкаты Олег, Дзабиты Батрадз. Тадтаты Димитр  каст фæцис Мæскуыйы Щукины номыл институт. Спорты фадыджы ныртæккæ скъолайæн æнтыстытæ æрхастой боксертæ Цхуырбаты Алик  æмæ Зæгъойты Алан, хъæбысхæстæй – Хаситы Владимир æмæ Келеты Азæмæт. Адон се ‘ппæт дæр систы æндæр æмæ æндæр бæрнон ерысты чемпионтæ.  Командон уæлахизмæ сæ бавæрд бахастой Дзигойты Вадим – республикæйы футболон командæ «Барсалантæ», 2 хатты хайад райстой Сочийы уагъдцæуæг æхсæнадæмон футболон турнирты æмæ систы уæлахиздзаутæ, æрæджы Тадтаты Лизæйы волейболон командæ та рамбылдта Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг турниры», – радзырдта скъолайы ахуырады хайады сæргълæууæг Дзигойты Ритæ.

Мадзалы кæронбæттæны скъолайы хæдархайгæ аивадон къорд равдыста бæрæгбонон концерт.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.