Ирыстоны раздæры хæххон хъæутæй иу æрбынат кодта алæмæты æрдзы хъæбысы. Ацы бынаты æрдз у алæмæтон аргъæутты дзæнæтау рæсугъд. Æрдзы уындæй адæймаджы зæрдæ цины хæлбурцъ скæны, фæлæ ма дзы цы æнæбары хæдзаргæндтæ аззад, уыдоны уындæй та – ныккæрзы. Ау, кæмæн цы ракодта ацы хъæу, кæй æлгъыст æй баййæфта, йæ уæзгуытæ какон сындз цæмæн систы, цæмæн баззад сидзæрæй? Ахæм фарстытæ уæлдæфы зилдух кæнынц, фæлæ сын дзуапп дæттæг нæй.

Хъæуы кæд раздæр бирæ хæдзæрттæ уыд, бирæ адæм дзы цард, цард дзы дзаг цæджджинагау æхсыст, алы хæдзары дæр фондз-æхсæз сывæллонæй къаддæр нæ уыд, сæ худт, сæ хъæлдзæг хъæлæба нæрыд кæмтты,  уæд ма хъæууаты хæдзарæнгæсæй  цы дыууæ кæлæддзаг хæдзары баззад, уыдон сидзæргъуызæй лæууынц, æдзæрæгæй нырхæндæг сты, саугъуыз сыл схæцыд, мысынц сæ цæрджыты, сæ цæстытæ ныурс сты уыдонмæ æнхъæлмæ кæсынæй. Сырд кæнæ арвнæрды хъæлæба куы фехъуысы, уæд та сæ «хъустæ фæхъил кæнынц», кæд, мыййаг, адæймаджы фырт фæзынд, зæгъгæ.

Къæбæда дымгæ дæр сæ мæстæй мары, дуарæй фæмидæг вæййы æмæ расыффытт кæны фæрсагæй, смидæг вæййы уæлхæдзар дæр æмæ аузы зæронд авдæны. Ацы хъæлæбатæ хъусгæйæ, сыхаг хæдзар дæр бацин кæны, ныфс æй бацæуы, ома, мæ сыхагмæ цæрæг фæзынд æмæ мæнмæ дæр кæд исчи фæзынид æмæ дзæгъæл нал уаиккам. Фæлæ та сæ ныфс фæмæнг вæййы. Бамбарынц дымгæйы къæбæда митæ, фæлæ йæм нæ мæсты кæнынц, нæ кæртыты дымгæ уæддæр змæла, зæгъгæ. Дыууæ хæдзары æгомыгæй кæрæдзиимæ бæргæ фæныхас кæнынц, сæ мæгуыры хъæстытæ кæрæдзийæн бæргæ фæкæнынц, фæлæ уыцы ныхасæй дæр бафæлмæцыдысты, уымæн æмæ æрвылхатт дæр фæдзурынц сæ мæгуырдзинæдтыл, ног хабæрттæ хæссæг сæм кæй нæй, уый аххосæй.

Сæрды бонты мæргъты зардмæ бахъæлдзæг вæййынц сæ зæрдæтæ. Цы цъиутæ сæм æрбатæхынц, уыдон æгомыгæй афæрсынц, зæгъгæ, кæд сын мыййаг федтой сæ хицæутты, куыд сты, сæ быдираг цардæй куыд райгонд сты. Цъиутæ дæр сын ныфсы цъыбар-цъыбур акæнынц æмæ атæхынц.  Хæдзæрттæ фенхъæлмæ кæсынц зæрватыччытæм дæр, фæзæ-гъынц, уыдон уæддæр куы æрбатæхиккой æмæ сæ ахстæттæ ам уæддæр куы саразиккой, фæлæ сæм уыдон тæфтыл дæр нæ тæхынц, зæрватыччытæ дæр, адæм кæм цæрынц, уырдæм фæтæхынц.

Карз зымæг футтытæгæнгæ куы æрцæуы, йæ урс пæлæз куы айтындзы æрдзыл, уæд бынтон нырхæндæг  вæййынц хæдзæрттæ, фæлæ уæддæр сæ ныфс нæ сæтты, фенхъæлмæ кæсынц царддæттæг, æрдз удæгасгæнæг уалдзæгмæ. Афтæмæй, адæймæгтæм æнхъæлмæ кæсгæйæ, æрхæндæгæй сæ мæгуыры бонтæ æрвиты хъæууат.

Ахæм уавæры сты абон нæ хæххон хъæутæ. Мæн уырны, уыцы хъæуты цард сæндидздзæн. Ирыстоны алæмæтон æрдзы хъæбысы цы хъæутæ уыд, уырдыгæй чи ралыгъд, уыдон абон чизоны сæрæгас нал сты æмæ, гæнæн ис, сæ байзæддаг никуы уыдысты, сæ фыдæлтæ кæм схъомыл сты,   уыцы хъæуты, фæлæ уыцы рæсугъддзинад фенгæйæ, чизоны æрыздæхой. Уый тыххæй абон нæ республикæйы къухдариуæгад æппæт дæр аразы, хъæутæм уадзы электрон рухс, аразы сæм фæндæгтæ, хидтæ; ныфс æвæры, цæрджытæ дзы куы фæзына, уæд сæм æрдзон газ дæр кæй бауадздзæн.

Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.