Белграды сербаг æвзагыл мыхуыры рацыд Нарты кадджыты фыццаг том. Чиныг сарæзта сербаг фыссæг æмæ иртасæг Мамо Селич. Тексттæ та уырыссаг æвзагæй ратæлмац кодта йæ бинойнаг Ани Селич. Чиныджы тираж 500 экземплярæй фылдæр нæ уыд, уый уыдис фæлварæны хуызы мадзал, æмæ сæ къуыримæ балкайнаг адæм алхæдтой. 

 Мамо Селич сербаг æмæ ирон адæмы фольклоры ссардта иумæйаг бастдзинад æмæ сфæнд кодта Ирыстонмæ фæцæуын æмæ уыцы бастдзинады таг ссарын. Селичы зæрдæмæ тынг фæцыд Ирыстон, йæ адæм, истори, культурæ, æгъдæуттæ æмæ æрдз. Фæстæдæр йæ рæсугъд тæлмæнтæ Интернеты хызы зæрдиагæй радзырдта:

– Фыццаг хатт уыдтæн Ирыстоны. Уым цы хæрзæгъдау, уазæгуарзаг адæм федтон, афтæ – никуы. Ирæттæ сты æцæг алантæ: скифтæ æмæ сæрмæтты байзæддаг. Нарты кадджытæ мын куы равдыстой, уæд мæ дисæн кæрон нæ уыд. Ссардтон дзы нæхи таурæгъты хъайтар къаролы фырт Маркойы æнгæс – Сосланы. Уырызмæджы бæхы хуызæн – Маркойы бæх. Нарты кадджыты канд рагон дуне нæ, фæлæ нырыккон рæстæг дæр ис фенæн. Уыдон сты ирон адæм – аланты кадджытæ, сæ раг историйы уацмыстæ, æмæ мæ фæнды, уадз, æмæ сæ æндæр адæмтæ дæр бакæсой. Уый тыххæй сфæнд кодтон Нарты кадджытæ сербаг æвзагмæ дæр ратæлмац кæнын. Æз тынг сæрыстыр дæн ирон адæмæй – хъæбатыр, хъайтар, намысджын, кадылхæст адæм. Уæздандзинад æмæ хæлардзинад кæй туджы æхсиды, ахæм. Тынг мæ æрфæндыд ирон æвзаг сахуыр кæнын дæр. У рæсугъд, аив æвзаг, йæ мыртæ – музыкалон нотæты хуызæн. Ирыстоны мын бирæ хæлæрттæ фæзынд, æмæ мæ бæллиц сæххæст кæндзынæн уыдоны руаджы. Ахæм архаикон æвзаг базонын – уый стыр кад у мæнæн. Тынгæй-тынгдæр мæ æлвасы Ирыстон йæхимæ. Фæкастæн ирон адæмы истори. Федтон кинонывтæ дæр. Сæрыстырдзинадæй мæ зæрдæ байдзаг. Тæтæр-монголы ныббырсты фæстæ ма дзы дыууæ-æртæ мин адæймаджы аирвæзт, уыдон бахъахъхъæдтой сæ наци æмæ æвзаг. Баййæфтой цалдæр хатты геноцид дæр. Фæлæ дыккаг дунеон хæсты æппæты карздæр тугкалæн – Сталинграды, Курскы къæлæты цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый та мæ бон хуымæтæг ныхæстæй дæр зæгъын нæу. Дзæуджыхъæуы мын радзырдтой, 1946 азы Сталин бар куы радта Нарты кадджытæ мыхуыры рауадзынæн, уæд чиныг балхæнынмæ рады цы бирæ адæм лæууыд, уый тыххæй дæр.

Дисы мæ бафтыдтой се ‘гъдæуттæ, хистæрæн куыд аргъ кæнынц, æгъдау æмæ фæтк алы ран дæр сæ бынаты æвæрд куыд сты. Уæдæ ирон чъиритæ æмæ бæгæныйæн та абарæн дæр никæцы æндæр адæмты хæринæгтимæ ис. Ирыстон Нарты бæстæ у, алæмæты дуне. Фæнды мæ ногæй æмæ та ногæй уырдæм абалц кæнын, – загъта сербаг фыссæг.

Адæймаг куы фены фæсарæйнæгты тæлмæнтæ Ирыстоныл, не ‘взагыл, нæ культурæ æмæ историйыл, уæд, бар-æнæбары, хъуыдытæ сæхæдæг райхæлынц. Нæхæдæг та цæуылнæ кæнæм аргъ не ‘взагæн, цы нæ хъыгдары, æндæр бæстæгтæ сæрыстыр кæмæй сты, уыцы сыгъдæг ирон æвзагыл дзурын?

Æрмæгыл бакуыста

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.