ХЪÆУЫ ИВГЪУЫД ЦАРДÆЙ

Рагæй фæсæтæмæ дæр зындгонд у Цхинвалы районы Сатихъары хъæу йæ историон цаутæй. Уыцы цаутæ та, сæйраджыдæр, баст сты ивгъуыд дугимæ, æгæрыстæмæй, Хетæгкаты Къостайы номимæ дæр. Хъæубæстæ сæхæдæг куыд дзурынц, афтæмæй йыл йæ ном – Сатихъар сæвæрдтой æрмæстдæр уый тыххæй æмæ дзы тыхджын, хъаруджын адæм кæй цардис æмæ сæ ном, сæ тых дардыл кæй айхъуыст. Абон ын йæ ном Дыгъуызтæ ома,  мыггаджы номæй кæй раивтой, уый дæр æнæхъуаджы æмæ   æнæнхъæлæджы  нæ  уыд.  Хъуыддаг та æцæгæй уыд афтæ: Дыгъуызты мыггагæн се ‘рвадæлтæ сты Коцтæ æмæ Гæззатæ. Ацы дыууæ æфсымæр – Коц æмæ Гæззайы фæстæ райгуырд æртыккаг æфсымæр дæр. Зæгъынц, зæгъгæ, уый уыдис тынг рæсугъд лæппу æмæ йыл адæм дис кодтой. Æфсымæрты хуыз кæй иста йæ рæсугъддзинадæй, уый тыххæй йыл сæвæрдтой ном Дыгъуыз, ома, дыууæ æфсымæры хуыз дæр исы. Куыд зæгъынц, афтæмæй уыдон райгуырдысты Чеселтгомы. Мад æмæ фыд Коцы ныууагътой уым, сæхæдæг рахызтысты Ципраныл æмæ Гæззайы та ныууагътой уым. Дыгъуызæн та цæрæн бынат равзæрстой Чопарохы хъæуы. Уымæн йæ цæуæт куы сбирæ сты, уæд сын зæхх нал фаг кодта æмæ æрцыдысты бынмæ, ныртæккæ хъæу Сатихъар кæм ис, уырдæм. Фæлæ уым дæр алчи нæ баззад, сæ зæрдæ æхсайдта æндæр рæттæм дæр æмæ дзы æрбынат кодтой Знауыры районы Хуриты хъæуы, ацыдис дзы Гурмæ, Ленингоры районмæ, Чардахмæ, ныххæццæ дзы ис Тбилисмæ дæр.

Домбай, хъаруджын кæй уыдысты, сæ тыхыл кæй æууæндыдысты, уымæ гæсгæ нæ фыстой æлдарæн хъалон сатихъайрæгтæ. Уæд сæм уый æрбарвыста йæ адæмы æмæ дзы æрбадтысты экзекуцийы. Хъæубæсты цæрджытæ уæддæр нæ басастысты, кæд сын фыдмитæ кодтой, уæддæр.

Уыцы рæстæджы Хетæгкаты Къостайæн стыр тых æмæ ном уыдис, йæ ном хъуыст уыдис, куыд æрмæст поэт нæ, фæлæ куыд адæмы барты сæрыл тохгæнæг, афтæ дæр. Æмæ иуахæмы карды комау карста йæ ныхас, кæд æй хъæздыджытæ нæ уарз-той, уæддæр. Сатихъайрæгтæ æрбамбырд сты, цалдæр лæджы се ‘хсæнæй равзæрстой æмæ сæ арвыстой Къостамæ. Æрвыст лæгтæ хæхтыл ахызтысты æмæ афтæмæй ныххæццæ сты Къостамæ. Куыд уыд, афтæ йын фæкодтой сæ хъаст. Уæд Къоста ныффыста паддзахы наместникмæ, цæмæй хъæу ссæрибар кæной. Рацыд рæстæг æмæ хъæу ссæрибар, цæрджытæ сулæфыдысты.

 

САТИХЪАЙРÆГТÆ ÆМÆ СТАЛИНЫ ЦЫРТ

Сталины цырт Сатихъары хъæуы сæрмæ бæрзонд ран æвæрд кæй æрцыдис, æмæ йын хъæубæстæ та цыппар азы иу хатт стыр куывд кæй кодтой, уый цымыдисдзинад бирæтæм æвзæрын кодта. Æцæгæй та хъуыддаг уыд афтæ: Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы æхсардзинад кæй равдыстой, стæй хæстмæ 65 адæймаджы кæй фæцыдысты, фæсчъылдым чи баззад, уыдон та хъазуатон куыст кæй кодтой, фронтмæ æххуыс кæй æрвыстой æмæ хъæуты æхсæн ерысты фыццаг бынат кæй бацахстой сатихъайрæгтæ, уымæ гæсгæ 1949 азы Сталины цырт лæвæрд æрцыд уыдонæн. Уæдæй фæстæмæ йын кодтой æрвылаз дæр хъæугуывд. Лæвæрд та сын æрцыд ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы уынаф-фæмæ гæсгæ.

1990 азты æмæ 2008 азы хæсты дæр Сталины цырт æвыдæй нæ аирвæзт гуырдзыйы къухæй. Ныппырх æй кодтой. Сатихъары хъæуы цæрджытæ тынг фæмаст кодтой, фæлæ цырт реставраци æрцыд Дыгъуызты Виссарионы руаджы, уый сын баххуыс кодта æхцайы фæрæзтæй. Реставраци та йæ скодта Дыгъуызты Омар.

 

САТИХЪАЙРÆГТЫ ХЪИЗÆМАЙРАГДÆР АЗТÆ

Кæд тыхджын, ныфсджын уыдысты Сатихъары фæсивæд, уæддæр бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой хъæубæстæ. Фыццаджыдæр сæм æлдары фæсдзæуинтæ куы æрбынат кодтой, уæд сæ фыдмитæ баззадысты историйы. 1920 азы та æппæт Ирыстоны хъæутау гуырдзиаг меньшевиктæ сын ницыуал ныууагътой, фæхастой сын сæ фæллæйттæ, стæй арт бафтыдтой хъæуыл. Чи аирвæзтис, уыдон ма хæхтыл тыхамæлттæй афтыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Меньшевиктæ дæрæн куы æрцыдысты, уæд æрыздæхтысты фæстæмæ хъæуы цæрджытæ æмæ та сæндидзын кодтой сæ сыгъд æмæ уырыд уæзгуытæ. Цард та сæм ногæй йæ мидбылты бахудт…

Фæлæ та æрбалæууыдис 1941-æм аз. Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныны тыххæй хæстмæ Сатихъарæй ацыдис, куыд ма загътам, афтæмæй 65 æйттмардзæ лæппуйы æмæ дзы бирæтæ сæ сæр нывондæн æрхастой.

Фæсхæст та цадæггай сæндидзыдта хъæу. Кæрæдзийы æххуы-сæй царды амæлттæ кодтой. Тыдтой нартхор, мæнæу, картоф, алыгъуызон халсæрттæ, цæхæра. Дардтой фос, кодтой зæххы куыст. Сæ колхозы уыд кæрчыты фермæ, стурты, хуыты фермæтæ. Хъæу рæзт, йæ цæрджытæ райгонд уыдысты сæ цардæй. Фæлæ та бирæ нæ ахаста уыцы цард дæр. Æрбалæууыдысты 90-æм азтæ æмæ та сæргой фесты. Алырдыгæй сæм лæбурдтой гуырдзиаг æнæформалтæ, тардтой сын сæ фос, пырх, дæрæн сын кодтой сæ цæрæн хæдзæрттæ. Æмæ уыдæттыл куы баззадаиккой, фæлæ сыл æрцыд удзиæнттæ дæр. Уыцы хæсты фæмард Дыгъуызты Гарик. Ереды хъæуы удæгасæй кæй баныгæдтой, уыдоны ‘хсæн уыдысты Дыгъуызты Вани æмæ Важа…

Уæдæй фæстæмæ кæд сæ алыварс цæрæг гуырдзиаг хъæутимæ сæ дон нал æррæссугъд, уæддæр сæ царды кой кодтой. Фæлæ та 2008 азы августы хæсты ноджы хъизæмайрагдæр фесты. Ногæй та лидзинаг фесты хъæубæстæ. Гуырдзиаг фыдгæнджытæ та ацы хатт дæр ницæуыл бацауæрстой, ныппырх та сын кодтой хæдзæртты. Танктыл сæфсæрстой æмæ сæ æхстой комкоммæ. Бæргæ æрлæууыд хъæуы æрбацæуæны сæ размæ 21 аздзыд цардбæллон лæппу Дыгъуызты Леонид, бæргæ дзы амардта цалдæры, фæлæ иуæн дыууæ æфсад. Фехстой йын йæхи дæр. Дыгъуызты Барис дæр æвыдæй нæ баззад. Æрцахстой йæ,  фыднад æй фæкодтой æмæ нал фервæзт.

 

ЦЫ ДЗУÆРТТÆН КУВЫНЦ САТИХЪАЙРÆГТÆ?

Сатихъары хъæуы цæрджытæ кувынц авд дзуармæ. Уыдонæй алы дзуарæн дæр уыдис йæ нысан кæныны бон æмæ сæм сæхи цæттæ кодтой æмбæлонæй. Сатихъармæ Чапарохæй куы æрлыгъдысты цæрынмæ, уæд семæ æрхастой Бæрзонд Уациллайы дзуарæй дур æмæ йæ æвæргæ дæр скодтой иууыл бæрзонддæр ран. Октябры мæйы дыккаг хуыцаубоны сатихъайрæгтæ банысан кæнынц Ичънайы дзуары бон. Уым ис дыууæ кувæндоны: Нырыбардуаг æмæ Хуысарыбардуаг. Нырыбардуагмæ цæуынц Ичънайы боны æмæ йын сæхи бафæдзæхсынц. Хуысарыбардуагмæ та иу скодтой сывæллæтты, фадынæгæй иу куы фæрынчын сты, уæд. Уырдæм нæ хастой карз нозт, куывтой бæгæныйæ, æртæ цырагъ æмæ æртæ луаси кæрдзынæй. Скодтой-иу арт æмæ иу 9 æнгузы арты басыгътой, афтæмæй-иу скуывтой, Хуысарыбардуаг нæ кæстæры нын сдзæбæх кæн, ацы æнгузтæ куыд басыгъдысты, афтæ йæ низ дæр фесæфæт, зæгъгæ.

Сатихъайрæгтæ кувынц Къуиранцхалимæ, ома, мæрдты дзуармæ, уыцы бынаты ма ис Уастырджийы кувæндон дæр. Уырдæм-иу схастой кувинæгтæ, фæкуывтой иу, цæмæй сæ йæ дæлбазыр дара, æххуысгæнæг сын уа, стæй иу стыр арт скодтой æмæ иу йæ сæрты гæппытæ кодтой.

Хъæуы астæу ис Хæстæгдзуар æмæ йæм хъæубæстæ цыдысты тынг арæх. Æртæ кæрдзын-иу чи скодта, уыдон дæр-иу æм бацыдысты æмæ-иу ын сæхи афæдзæхстой, сæ кæрдзынтæ-иу уым бахордтой æмæ-иу раздæхтысты тынг разыйæ. Æвдæм дзуар та у Мадымайрæмы дзуар. Лæппу-иу ус куы æркодта, уæд-иу ног чындзы скодтой йæ бынмæ æмæ иу æй бафæдзæхстой. Сывæллон иу куы райгуырд, уæд-иу æй схастой йæ бынмæ, æмæ иу æй бафæдзæхстой Мадымайрæмæн.

 

СÆРЫСТЫР СÆ СТЫ САТИХЪАЙРÆГТÆ

Сатихъайрæгтæ канд хъæууон куыстыты нæ æвдыстой сæ лæджыхъæд, фæлæ кад æмæ ном скодтой сæхицæн æндæр æмæ æндæр хъуыддæгты дæр.

Советон дуджы ахуыры фадæттæ куы фæзынд, уæд Сатихъары фæсивæд дæр фæстæ нæ фæлæууыдысты. Ацы хъуыддаджы йæ къухы стыр æнтыст кæмæн бафтыд, уыдонæй сæ иу уыд Хуссар Ирыстоны уæды педагогон институты ректор Дыгъуызты Павел. Горæххæсткомы сæрдарæй намысджын куыст фæкодта Дыгъуызты Шалва, уый фæстæ фæкуыста обкомы, уыд обкомы партийы сæудæджерады хайады сæргълæууæг. Номдзыд нывгæнæг Дыгъуызты Георги бирæ азты дæргъы директорæй фæкуыста Тугъанты Махарбегы номыл нывгæнæн ахуыргæнæндоны, йе ‘фсымæр Барис та спортæн снывонд кодта йæхи. Бирæ ахуыргæнинæгты схъомыл кодта столы теннисæй.

Æрæджы штангæйæ спорты мастертæ систы æфсымæртæ Дыгъуызты Омар æмæ Нодар, Европæйы чемпион армреслингæй ссис Дыгъуызты Малхаз, Дыгъуызты Миленæ æвзæнгты ‘хсæн ссис Европæйы чемпионаты призер армреслингæй. Дыгъуызты мыггаг сæрбæрзонд сты Паддзахадон драмон театры артисткæ Жаннæйæ, кинорежиссер Дыгъуызты Аланæй, зындгонд кафæг Дыгъуызты Хъазбегæй, зындгонд журналист, дзæнæттаг Дыгъуызты Гришайæ. Ис сæм хъæууон хæдзарады раззагон кусджытæ, зындгонд агроном Дыгъуызты Таймураз, куыста хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæгæй, бирæ азты дæргъы намысджынæй фæкуыста Дменисы колхозы сæрдарæй Дыгъуызты Хасан…

 

ХЪÆУЫ ЦÆРДЖЫТÆ ФЫЛДÆР КÆНЫНЦ СÆ БÆРКАД

Рагæй фæстæмæ дæр кусаг уыдысты Сатихъары цæрджытæ. Иугæр революци куы фæуæлахиз, уæд сарæзтой иумиаг хæдзарад. Сатихъайрæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй цæст не ‘ххæссыд сæ хуымзæххытæ æмæ сæрвæттыл. Хъазуатон куыст кодтой æмæ сæ кой арæх кодтой радиойы, областон газетты. Абон дæр хъæубæстæ нæ рох кæнынц сæ раззагон кусджытæ Дыгъуызты Аминæт, Мухтар, Ленæйы æмæ бирæ æндæрты дæр.

Абон дæр хъæубæсты цæрджытæ хъæстаг ницæмæй сты. Зæрдæйæн æхсызгон у, 115 цæрæг хæдзары дзы кæй ис, уый. Раздæр куыд уыд, афтæ та ныр дæр лæууынц кæрæдзийы æнцой. Кæд сын раздæрау иумиаг хæдзарад нал ис æмæ хъæзныг тыллæг нæ райсынц, уæддæр кусынц сæ хæдзаргæрон зæххы фадгуытæ, дарынц фос æмæ афтæмæй сæ цард кæнынц.

Æвзонг лæппу Дыгъуызты Роберт разы нæу, афтæ чи дзуры, зæгъгæ, фæсивæдæн куыст нæй, зæгъгæ, уыдонимæ. «Кусын дæ куы фæнда, уæд куыст бирæ. Бакус дæ зæххытæ, скæн фæллой æмæ цардæй исдзынæ æхцондзинад», – зæгъы Роберт.

Сатихъары хъæуы цæрджытæ Сталины тыххæй хъæугуывд кæй кодтой, æмæ-иу уым кæрæдзийыл кæй фæцин кодтой, уымæ гæсгæ нæ кодтой мыггаджы куывдтæ. Ныр æрæджы скодтой мыггаджы куывд æмæ разыйæ баззадысты. Базонгæ сты раджы йæ фыдæлты уæзгуытæй чи фесхъиуæггаг сты, уыдонимæ дæр. Ацы куывды уыдон рахастой бирæ хорз фæндæттæ. Дзырдæн, зæгъæм, уыдон æрбакæнын фæнды мыггаджы тыххæй фонд, цæмæй исчи куы фæтыхса, уæд æм мыггаг фæдарой се ‘ххуысы къух. Уый тыххæй уыдон равзæрстой Ныхасы лæгтæ. Уырдæм хаст æрцыдысты Дыгъуызты Хасан, Таймураз, Никъала, Бесо, Алик, Гиго, Дзамбол.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.