«Уæрæсе сараздзæн системæтæ гиперзæлон ракетæты ныхмæ тох кæныны тыххæй, цалынмæ иннæ бæстæтæ æрмæстдæр гиперзæлон ракетæтæ саразой, уæдмæ. Уый фæзындзæн. Махæн нæ бон суыдзæн нæ партнерты дисы бафтауын», – загъта УФ-йы Президент Владимир Путин.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон гиперзæлон ракетæты ныхмæ фæлæууын никæй бон суыдзæн. «Сæ тагъдад ахæм у, æмæ сæ ничи сисдзæн. Растдæр уый мидæг ис нæ абоны уавæры уникалондзинад. Æз алыхатт дæр дзырдтон, зæгъгæ, абон Уæрæсемæ цахæм гиперзæлон хæцæнгарз ис, ахæм, кæй зæгъын æй хъæуы, фæзындзæн дунейы размæдзыд æфсæддон паддзахадтæм. Фæлæ  1918 азæй фæстæмæ ацы гиперзæлон хæцæнгарз нырма никæмæ нæ фæзынд», – загъта Владимир Путин.

Бæстæйы хъахъхъæнынадон-сæудæджерадон комплексы фехъусын кодтой, зæгъгæ, бæстæйы райдыдтой кусын радиоэлектронон тохы системæйыл, кæцы цæлхдуртæ æвæрдзæн  ныхмæлæууæджы гиперзæлон тæхæг аппараттæн.

Ацы аз январы мæйы Путин УФ-ы Федералон Æмбырдмæ йæ ныстуаны фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе кусы ног фæлтæры уникалон хæцæнгарзыл, бæстæйы хъахъхъæнынад ифтонг у дæсгай азтæм. Уыцы бон иуæй-иу фæсарæйнаг бæстæтæ, уæлдайдæр та Иугонд Штаттæ спектикон репликæтæ æппæрстой, зæгъгæ, уыдон путинаг мультиктæ сты, Кремлы блеф æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ цыбыр рæстæджы фæстæ Пентагон дзурын райдыдта æндæргъуызон. Урс хæдзарæн йæ доклады АИШ-ы Хъахъхъæнынады министрады развæдсгарæн управленийы бахъуыд басæттын, ахæм хæцæнгарз Уæрæсемæ æцæгæйдæр кæй ис, уый тыххæй. Уымæй дарддæр ма, хæцæнгарзы хуызтæй иуæй-иутæ ныридæгæн лæвæрд æрцыдысты æфсæдтæм, сæрмагондæй комплекс «Кинжал», кæцыйы фендзыстæм 24-æм июны Уæлахизы парады уæлдæфон хайы рæстæджы, æмæ иннæтæ та цæуынц финишон фæлварæнтæ.

Цымыдисон у уый дæр, æмæ АИШ-ы гиперзæлон хæцæнгарзы бакуыстытæ кæй райдыдтой Уæрæсейæ бирæ раздæр, фæлæ къорд проблемæйы аххосæй хъуыддаг йæ бынатæй нæма фезмæлыд. Æмæ цалынмæ америкæйæгтæ сæ æрдæгмифон ракетæ фæлварынц, уæдмæ уæрæсейаг ахуыргæндтæ æмæ конструктортæ стахановты темптæй кусынц гиперзæлон системæйыл – æнусы хæцæнгарз басæттыны фæрæзыл æмæ ныридæгæн сæ къухты бафтыд æнтыстытæ. Уый размæ Путин куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уæрæсейаг гиперзæлон хæцæнгарз фадат дæтты дунейы стратегион баланс бахъахъхъæнынæн, кæцыйы фæрцы Дыккаг дунеон хæсты фæстæ нæ уыд егъау хæстон конфликттæ.

Æгæрыстæмæй, уырыссæгты баййафыны тыххæй Урс хæдзар йæ ахуыргæндтæ æмæ конструктортæн рахицæн кодта дæсгай миллиард доллары. Æмæ ма уыцы иурæстæджы сæ дзырдхæсджытæн бахæс кодтой хæцæнгарзы сусæгдзинæдтæ адавыны тыххæй, фæлæ сæ къухты нæ бафтыд. Уый хыгъд сæ бон бацис  уæрæсейаг инженер-конструктортæй сæ иуы америкæйаг доллартæй балхæнын, кæцы кусын райдыдта Иугонд Штатты пайдайæн. Æцæг æй уый фæстæ æрцахста уæрæсейаг æфсæддон контрразвæдсгæрст, стæрхон ыл кодтой æмæ абон йæ бонтæ æрвиты ахæстоны. Фæлæ, уæддæр америкæйæгтæ райстой цахæмдæр сусæгдзинæдтæ æмæ сын уымæ гæсгæ иу чысыл саразын бантыст.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.