Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæуæлахизыл 74 азы сæххæсты цытæн Цхинвалы парад ауадзыны фӕстӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли веноктӕ ӕмӕ дидинджытӕ сӕвӕрдта, Присы ӕмӕ Тбеты хъӕуты цы цыртытӕ ис Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты фӕмардуӕвджытӕн, уыдоныл. Бӕстӕйы сӕргълӕууӕгимӕ ма цытджын мадзалы хайад райстой Хицауады Сӕрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сӕрдар Гасситы Петр, Президенты администрацийы къухдариуӕггӕнӕг Козаты Игорь, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг, Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕты ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы арӕнхъахъхъӕнӕг управленийы минӕвӕрттӕ, æмæ бынӕттон цӕрджытӕ.

Тъбеты хъӕуы цырт ӕвӕрд  ӕрцыдис  советон  дуджы, фӕлӕ Присы хъӕуы цырт ӕрӕджы арӕзт ӕр-цыдис. Растдæр зæгъгæйæ та дзы раздӕр дӕр уыд цырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты фӕмардуӕвджытӕн, фӕлӕ ныппырх. 2016 азы Присы хъӕуы цӕрджытӕ фӕндон бахастой Хицауадмӕ ног цырт саразыны тыххӕй. 2016 азы Бибылты Анатоли, Парламенты Сӕрдарӕй кусгæйæ, хъӕуы цӕрджыты фӕндыл сразы ис. Бакодта сын хъӕугӕ ӕххуыс ӕмӕ 2016 азы бавнӕлдтой арӕзтадон куыстытӕм. Сӕ фарсмӕ ма ӕрбалӕууыд фӕсивӕдон организации «Единая Алания». 2017 азы 8 майы цырт цытджын ӕгъдауӕй гом ӕрцыдис.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.