Сæрдыгон улæфты бонты фæстæ ахуырдзаутæй сæ фылдæрæн се’нкъарæнтæ фендæрхуызон вæййынц.

Психологты хъуыдымæ гæсгæ, сентябрь ахуырдзаутæн у иууыл кризисондæр, афтæхуыйнæг, скъолайон депрессийы рæстæг.

Ахуыры азы райдайæны скъоладзаутæй иутæ рахъаст кæнынц, ома, сæ бон нæу, сæхи лæмæгъ хатынц, вæййынц мæстыгæр.

Ныййарджытæ фæтыхсынц, зæгъгæ,  цы сæ бон уыд, уымæй архайдтой, цæмæй сæ сывæллæттæ сæрды баулæфыдаиккой, сæ тыхтæ æрæмбырд кодтаиккой, хорз зæрæдæйыуагимæ бацыдаиккой скъоламæ, æмæ фæа-гурынц исты амал сæ цотæн баххуыс кæныны  сæраппонд.

Медиктæ æмæ психологтæ ацы рæстæг хонынц хæслæвæрдтыл, хæстыл æрцахуыр кæныны рæстæг. Каникулты уæ сывæллон кодта улæфгæ, цас æй фæндыд, уыййас фынæй дæр кодта æмæ рæстæг дæр æрвыста. Сентябры та уый æнæмæнг хъуамæ кæна ахуыр, хъуамæ æххæст кæна ахуыргæнджыты домæнтæ, хæдзармæ хæслæвæрдтæ. Уыимæ иумæ йæ рæстæг хъуамæ уа дихгонд минутгай æмæ уый та зын æххæстгæнæн у.

Ахъуыды ма кæнут, хистæр кары адæймаг дæр улæфты фæстæ куыстмæ куы рахизы, уæд иу къуырийы бæрц æвзары зындзинæдтæ, æмæ уæд сывæллонæй цы радомæм…

Скъолайон цардыл æрцахуыр у æрдзон процесс, фæлæ йæ алы сывæллон  йæхирдыгонау ары. Иутæн къуыри дæр фаг вæййы, цæмæй æрцахуыр уой скъолайон уагæвæрдыл, аннæтæ сæхи хъуыдыты афардæг вæййынц, æртыккæгтæ та ныххауынц депрессийы, нал фæахуыр кæнынц, цух кæнын райдайынц уроктæ. Фылдæр хатт уый баст у нуæртты системæйыл, афтæ ма сывæллоны карыл.

Фыццагкъласонæн æрцахуыр кæныны æмгъуыд у 1,5 мæйæ 3 мæйы онг, фæндзæмкъласонæн – мæй æмæ иннæ кълæсты ахуырдзаутæ та æрцахуыр вæййынц 2-3 къуыримæ.

Ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæн стыр рæдыд вæййы, кæй не ‘рдарынц сæ хъус ацы рæстæгмæ. Йæ фæстиуæгæн та сæвзæры алыгъуызон зындзинæдтæ. 10-12 аздзыдæй уæлæмæ сывæллæтты ацы æмгъуыдæн вæййы психологон характер, кæстæр скъоладзаутæн та, гæнæн ис, фæзына се ‘нæниздзинады проблемæтæ.

Скъолайы, ахуыры азы райдианы ахуырдзауты адапта-цийы рæстæг 90 проценты бæрц баст у ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытыл.

Цы хъæуы аразын, цæмæй сывæллон афоныл æрцахуыр уа скъолайыл?

Амындтытæ ныййарджытæн:

Специалистты хъуыдымæ гæсгæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, æнæниз фынæй ахъаз у канд сывæллоны организмы нормалон рæзтæн нæ, фæлæ ма хорз ахуырæн дæр. Бæлвырд у: фаг чи фынæй кæны, уыдон ахуыр дæр хуыздæр кæнынц æмæ сын сæ алыварс адæмимæ дæр ис хуыздæр ахастытæ. тонын нæ хъæуы фынæйы рæстæгæй æмбисæхсæвмæ хæдзарон куыстытæ æххæстгæнæгæйæ, нæ хъæуы телевизор æмæ компьютерон хъæзтытæй нуæртты системæ халын. Баххуыс сын кæнут, цæмæй хъахъхъæной сæ боны режим æмæ йæ хынцой дарддæр дæр.

Сæрдыгон улæфтыты фæстæ фыццаг къуыриты карзæй ма домут хорз нысæнттæ. Цы нысæнттæ райстой, уымæй йæ нæ хъæуы фæрсын, фæлæ бацымыдис кæнут, ногæй цы базыдтой, сæ зæрдæмæ фылдæр цы фæцыд, уымæ. Кæд сывæллон дæргъвæтин сæрдыгон улæфтыты фæстæ æнцонæй æрцахуыр вæййы скъолайыл, къуыри æмæ мæй фæстæдæр æхсызгонæй цæуы скъоламæ, уæд уый ныййарджыты хорз ахастыл дзурæг у.

Бацархайут, цæмæй уæ сывæллонимæ дзурат йæ уавæры тыххæй; сбæлвырд кæнут, цæуыл тыхсы, уый аххосæгтæ. Сывæллон хистæрты ‘рдыгæй хъусдард куы хата, уæд æнцондæрæй фæтых уыдзæн стрессон уавæрыл.

Амындтытæ ахуыргæнджытæн:

Коллектив цыфæнды æнгом куы уа, уæддæр улæфтытæй æрбаздæхыны фæстæ, фыццаг бонты, ахуырдзаутæн кæрæдзимæ ахастыты нæ вæййы æргомдзинад, къласимæ иудзинады æнкъарæн.

Цæмæй сæхи æмзонд коллективæй фæхатой æмæ кæрæдзийæн «æцæгæлæттæй» ма баззайой, уый тыххæй фыццаг бонты фылдæр хъусдард аздахын хъæуы иумиаг мадзæлттæм. Балцыты ацæуын иумæйагæй сæрдыгон улæфтыты тематикæйыл газет рауадзын, худæг фотоальбом аразын скъолайы фыццаг бонты тыххæй æмæ а.д. Ахæм мадзæлттæ баххуыс уыдзысты, цæмæй сывæллæттæ тагъддæр бангом уой кæрæдзимæ.

Скъоламæ æрбацæуыны фыццаг бонты сывæллæттæн хъуамæ уа кæрæдзийæн се ‘нкъарæнтæ раргом кæныны æмæ уыимæ иумæ ахуыры хъуыддаг раразмæ кæныны фадат.

Улæфтыты фæстæ ахуырдзаутæй бирæты æхсызгонæй фæфæнды скъоламæ цæуын. Фæлæ сын уыцы фæндон, гæнæн ис, тагъд «анымæг уа», ахуыры райдиаæн сæ куынæ бацымыдис кæна, уæд. Æнæмæнг у рацæугæ программæ цымыдисон формæйы сфæлхатт кæнын, сывæллон ахуырмæ цы зæрдæйы уагимæ æрбацæуы, уый фарс балæууын.

Каникулты фæстæ сывæллæттæ раздæры темптæй нæ райдайдзысты архайын. Уый тыххæй уроктыл баиу кæнын хъæуы ахуыры ахсджиаг æмæ хиирхæфсæн моменттæ, фæкъаддæр кæнын хъæуы хæдзарон куыстытæ.

Ахуырдзаутæй рох ма хъуамæ уа хи дарыны фæтк, æмгæртты ‘хсæн ахастытæ. Ахуыры райдайæны ахуыр-дзаутæн сæ зæрдыл æрлæууын кæнын хъæуы, ацы æнæмæнгхъæуæг фæткойтæ алыхатт дæр кæй хъуамæ æххæст кæной, уый.

Скъоладзаутæ рагацау хъуамæ зоной, цы сæм æнхъæлмæ кæсы скъолайон царды, цæмæй райсой хайад плангонд мадзæлтты. Уый сын фадат ратдзæн сæ активон рæзтæн, сæ курдиат райхæлынæн.

Ахуырдзаутæ фылдæрхатт сентябры скъоламæ æрбацæуынц ног цард райдайыны фæндонимæ, уыдон цæттæ сты хуыздæр ахуыр кæнынмæ, фæнды сæ фæхуыздæр кæнын сæ уагахаст дæр. Æмæ уый, гæнæн ис, баззайа бæллиццæй, ахуыргæнæг ын куынæ баххуыс кæна æмæ йæ фарсмæ куынæ балæууа, уæд.

Æрмæг бацæттæ  кодта Дзебысаты Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.