Хицауады проект «Æргом хицауад»-ы фæлгæтты дарддæр уагъд цæуынц фембæлдтытæ республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытимæ. Ацы хатт та Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры журналисттæ фембæлдысты республикæйы финансты министр Хæбæлаты Азæимæ. Фембæлд байгом кодта банысангонд комитеты сæрдар Хъотайты Мария æмæ ныхасы бар радта министрæн.

Хæбæлаты Азæ райдианы æрдзырдта республикæйы паддзахадон бюджеты сæйрагдæр бæрæггæнæнтыл. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы азæн бюджеты æфтиæгтæ сты 8 миллиард æмæ 186 милуан сомы. Уыдонæй Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуыс у 7 миллиард æмæ 266 милуан сомы. Хи æфтиæгтæ та, министры ныхæстæм гæсгæ сты 920 милуан 530 мин сомы. «Уыдон сты планон бæрæггæнæнтæ æмæ куыд зыны, афтæмæй нæ æфтиæгты 89 проценты сты Уæрæсейы финансон æххуыс, иннæ 11 проценты та нæхи æфтиæгтæ. Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуыс дих цæуы дыууæ хайыл – Инвестицион программæ, кæцыйы реализаци кæнынæн ацы аз рахицæн æрцыд 3 миллиард 66 милуан сомы æмæ æндæр хæрдзтæ та сты 2 миллиард 185 милуан 576 мин сомы. Бюджеты дефицит æмбæрст цæуы, азы райдианмæ цы æхцайы фæрæзтæй не спайдачындæуыд, уыдоны хыгъдæй. Уый бар нын дæтты закъон. Ома, кæд азы райдианмæ ис æхцайы фæрæзты æмбæлон баззайæццæгтæ, уæд махæн нæ бон у дефициты ахæм бæрц бюджетмæ бахæссын», – загъта Хæбæлаты чызг.

Дарддæр уый банысан кодта, зæгъгæ, æрæджы «Паддзахадон бюджеты тыххæй» Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй Хицауад хорзыл цы закъоны проект банымадта, уымæ гæсгæ нæхи æфтиæгтæ фæфылдæр сты 930 милуан сомы онг. Министры ныхæстæм гæсгæ уый радта æфтиæгтæн прогноз саразыны фадат. Цæвиттон, Хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты прогнозон бæрæггæнæнтæ фæфылдæр сты 60 милуан сомы бæрц æмæ уый та радта бюджеты хæрдзты хай бæрæг фæфылдæр кæныны фадат, афтæмæй коррекцигонд æрцыдысты, сæ разы цы хæстæ уыдис, уыдон.

«Ацы аз райстæуыд къорд-нормативон барадон акты, кæцытæм гæсгæ фылдæр кæнынц бюджеты хæрдзтæ. Сæрмагондæй, фæфылдæр сты æфсæд-дон службæгæнджыты хæлцимæ баст хæрдзтæ, уымæн æмæ, хъыгагæн, нæ бюджеты авналæнтæ абон дæр махæн нæ дæттынц ахæм хæрдзты бар нæхицæн раттыны фадат. Бюджеты махæн æвæрд ис иу æфсæддон службæгæнæгæн бон æрмæстдæр 175 сомы æмæ мах дæр архайæм нæ бюджеты фæлгæтты. Уымæй дарддæр ма бюджеты нысан сты паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы хæстæ фидыны тыххæй хæрдзтæ. Уымæн æмæ нæм ис электроэнергиимæ баст  проблемæ»,- зæгъы министр.

Куыд банысан кодта, афтæмæй уыцы хæс ацы аз у 35 милуан сомы. Бюджеты ацы организацийы æппæт хæстæ фидыны тыххæй нысангонд ис, 124 милуан сомы, уыдонæй 83 милуан сомы бæрц сты электроэнергийы хæсы тыххæй æмæ 42 милуан сомы та газы хæсы тыххæй.

Хи æфтиæгтæ цæй руаджы фылдæр кæнынц, уыцы фарстæн дзуапп дæтгæйæ министр, фыцца-джыдæр, банысан кодта, 2013 азимæ абаргæйæ, уы-дон кæй фæфылдæр сты дыууæ хатты. Уый уымæн æмæ рæзы куыстмызды бæрц æмæ уыимæ хицæн адæймæгты фиддонтæ дæр. Уымæй дарддæр ма фæзынд егъау фиддонтæ чи фиды, ахæм организаци – «Ставропольтрансгаз». Æрвылаз дæр уый бю-джетмæ хæссы 200 милуан сомæй фылдæр. Фæлæ ма куыд загъта, афтæмæй ис æндæр гуырæнтæ дæр, кæцытæ ахъаз сты хи æфтиæгты рæзтæн. Уыдон сты Хъалонтæ æмæ фиддонты комитеты архайд активондæр кæй кæны, фылдæрæй-фылдæр фæрæзтæ кæй цæуы нæ амалиуæггæнджытæй, дыууæ хатты кæй фæфылдæр сты иууон фиддонтæ. Ацы хъуыддагмæ сæ хайбавæрд хæссынц ахæм организацитæ, куыд «Дорэкспострой», «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон» æмæ æндæртæ. Хæбæлаты Азæ ма банысан кодта, зæгъгæ, 2016 азы йæ тыхы бацæуæг Хъалонты фæдыл кодекс нæ фæмæгуыраудæр кодта хъалонисджыты уавæр. Уый фылдæр нæу, Уæрæсейы цас у, уымæй æмæ амалиуæггæнджытæн уымæй ис хæрзвадат уавæртæ сæ архайд райтынг кæнынæн.

Кæцы рæстæгæй райдыдтой æвзæрын электро-энерги æмæ газы проблемæтæ, зæгъгæ, ахæм фарстæн дзуапп дæтгæйæ Хæбæлаты Азæ банысан кодта, уыцы хæстæ зынын райдыдтой 2012 азæй фæстæмæ. «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы куыд зæгъынц, афтæмæй уымæн йæ сæйраг аххоссаг у, бюджеты сын субсидитæ хицæн кæнынæн æмбæлон уавæртæ кæй нæй, уый. Субсиди та æххæст цæуы уæд, кæд æмæ паддзахад кæй сбæлвырд кодта, уыцы тарифтæ не ‘мбæрзынц электроэнерги æмæ газæй цæрджытæн лæггæдты хиаргъ. Уымæй дарддæр ма проблемæ ис бахардзгонд электроэнерги æмæ газы тыххæй фидыны хъуыддаджы дæр.

Журналисттæм уæлдай цымыдисдзинад сæв-зæрын кодта куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны тыххæй фарст. Куыд зонæм, афтæмæй уый фæдыл фехъусын кодта нæ республикæйы хицауад. Хæбæлаты Азæ дæр банысан кодта куыстмыздтæ кæй фæфылдæр уыдзысты ацы азы райдианæй æмæ сæ мыздтæ ногæй нымад кæй æрцæудзысты уыцы æмгъуыдæй райдайгæйæ. Фæлæ министр нæ загъта, цас фæфылдæр уыдзысты, уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ 195,5 милуан сомы рахицæн æрцыд куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны тыххæй. Уыдон хицæнгонд сты бюджетон фадыджы кусджытæ, сæрмагондæй, æнæниздзинад, культурæ, физикон культурæ æмæ спорт, хъæууон хæдзарад æмæ дзыллон информацийы фæрæзты кусджытæн. Уырдæм нæ хауынц тыхон структурæйы кусджытæ æмæ паддзахадон службæгæнджытæ.

Хæбæлаты Азæ ма банысан кодта, зæгъгæ, нæ республикæйы Президенты бахæсмæ гæсгæ Финансты министрад æркæсдзæн зынвадат хъæууон уавæрты чи кусынц, уыцы ахуырадон æмæ медицинон уагдæтты кусджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны фарстмæ.

«Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ уыцы кусджытæн сæ куыстмыздтæм æфтыд цыдис уæлæмхас 50 проценты æмæ уымæ гæсгæ уыдон нæ бахаудтой уыцы категоримæ», – загъта Хæбæлаты Азæ.

Пресс-конференцийы ма дзырд цыдис æндæр æмæ æндæр фарстытыл дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.