Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Геннадиимæ.

Президент ын раарфæ кодта, уыцы бынатмæ нысан кæй æрцыд æмæ йын загъта, ныфс æй кæй ис уый Къуайсайы цæрджыты хæрзиуæгæн алцыдæр кæй сараздзæн.

«Ныфс мæ ис, дæу чи равзæрста, уыдоны хæрзиуæгæн кæй кусдзынæ. Паддзахады къухдариуæгад та, йæхи фарсы ‘рдыгæй, алыварсонæй баххуыс кæндзæн, цæмæй Къуайсайы цæрджыты проблемæтæ скъуыддзаг цæуой», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент ма загъта, фыццаг уал цы проблемæтæ хъæуы аскъуыддзаг кæ-нын, уыдоны тыххæй .

«Мæ фæстаг балцы Къуайсамæ цæрджытæ хъаст кодтой фæндæгты уавæры тыххæй. Республикæйы къухдариуæгады фарсы ‘рдыгæй бахæс кодтам хъæуæг организацитæн, цæмæй ацы аз горæт Къуайсайы арæзт æрцæуой цып-пар уынджы», -загъта Президент.

Президент ма загъта, Къуайсамæ фæндаджы арæзтад кæй адарддæр кæндзысты. Афтæ ма, æнæмæнгхъæуæг у донуадзæн Везур-Къуайса среконструкци кæнын æмæ цæрджыты нуазыны донæй сифтонг кæнын.

«Адæм ма хъуамæ рох кæной, паддзахады къухдариуæгад кæй архайы, цæмæй уыдонæн сæ цард фæхуыздæр уа», – банысан кодта Бибылы фырт.

Йæ рады Бæззаты Геннади Президентмæ бавдыста йæхи фæндæттæ.

«Зындзинæдтыл æмбæлдзыстæм, фæлæ мах цæттæ стæм уыдоны иуварс кæнынмæ. Ныфс мæ ис, уыдон мах æнтыстджынæй кæй скъуыддзаг кæндзыстæм», – загъта Бæззайы фырт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.