2-æм апрелы РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доментийы сæргълæудæй 2-æм апрелы уыдис 2016 азæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл оперативон штабы радон æмбырд. Йæ куысты хайад райстой министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, афтæ ма арæзтадон объектты архайæг подрядон организациты минæвæрттæ дæр.
Хицауады Сæрдар æмбырды хайадисджыты хъусдард аздæхта дарддæры куысты сæй-раг принциптæм, кæцытæй хъуамæ къухдариуæг кæной арæзтадон компаниты минæвæрттæ.
«Махæй алчидæр зоны, нæ разы цахæм хæстæ ис æмæ цахæм объекттæ хъуамæ радтæм эксплуатацимæ, уыдоны. Уымæ гæсгæ сæйраг домæн раздæрау у, цы куыстытæ æххæст цæуынц, уыдоны графиктæ æмæ гъæд хъахъхъæнын. Уыдон уыдзысты махæн фыццаг планы. Æмæ арæзтадон процессы æппæт хайадисджытæй дæр домдзыстæм, закъон куыд домы, афтæ», — банысан кодта уый.
Хъуылымбегты Доменти Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуардæн бахæс кодта, цæмæй рахизой иварон санкцитæ æвæрыны системæмæ, куыстытæ рæстæгыл æмæ гъæдджынæй æххæст кæныны тыххæй.
Республикæйы арæзтцæуæг объектты тыххæй информаци сарæзта арæзтады министр Зæгъойты Эдуард. Йæ ныхæстæм гæсгæ абоны бонмæ Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры бæстыхайы арæзтады кусынц 110 адæймаджы. «Объекты ныртæккæ æххæст кæнынц æмбæрзæн куыстытæ, æвæрынц вентиляцион системæ, аразынц астæрдтæ, электроифтонгад, кусынц — сæрдæн куыстытæ», — фехъусын кодта министр. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй горæты центры арæзтцæуæг базары фесты демонтажгæнæн куыстытæ æмæ æрæвнæлдтой фундамент монтаж кæнынмæ. Афтæ ма арæзтадон куыстытæ æххæст цæуынц бирæпрофилон колледжы, ахуыргæнæн æрмадзты арæзтады фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ арæзтцæуæг сывæллæтты республикон рынчындоны æмæ хирургион комплексы арæзтады фæуд кæнынц сантехникон куыстытæ, ауагътой электрохæххытæ дæр.
Университеты ног комплексы арæзтад дæр, министр куыд банысан кодта, афтæмæй цæуы графикмæ гæсгæ. Ацы объекты дæр фесты демонтажгæнæн куыстытæ æмæ ныртæккæ бетон кæнынц фундаменты бын фæзуат, хъæуæг æрмæджытæй аразджытæ ифтонг цæуынц рæстæгыл. Монтажгæнæн куыстытæ æххæст цæуынц Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты ног корпусы æмæ Хъайтарты уынджы арæзтцæуæг микрорайоны дæр.
Зæгъойты Эдуард ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй горæты дон æмæ канализацийы хызæгты арæзтады фæдыл куыстытæн се ’мбисæй фылдæр æххæст æрцыдысты.
Горæты арæзтцæуæг уынгтæй иуæй-иуты дон æмæ канализацийы хызæгты арæзтады фæдыл æмбырды хайадисджытæн радзырдта республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы директор Зассеты Сергей. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм куыстытæ фæуд кæнынц Хетæгкаты Къостайы, Кобылы фырты, Гаглойы фырты, Горькийы, Интернационалон æмæ Цхинвалы уынгты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæд иуæй-иу зындзинæдтыл æмбæлынц, уæддæр сæ сæ фадæттæ куыд амонынц, афтæ сæ иуварс кæнынц.
Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей та радзырдта, республикæйы столицæйы ивгъуыд азæй рахизгæ хисæрмагонд цæрæн хæдзæртты арæзтад куыд цæуы, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, планмæ хаст 19 цæрæн хæдзарæй арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты 13 хæдзары. 5 хæ-дзары та арæзт фæуд кæнынц æмæ къуырийы æмгъуыдмæ гæнæн ис æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуой. Цы иу хæдзар ма дзы баззад, уым та куыстытæ фæстиат кæнынц подрядон организацийы аххосæй. Ацы проблемон фарст равзарын æмæ хæдзары арæзтад кæронмæ фæуын Хицауады Сæрдар бахæс кодта арæзтады министрæн æмæ арæзтадон фирмæ «МирПлюс»-ы генералон директор Плиты Вячеславæн. Хъуылымбегты Доменти равдыста йе ’нæразыдзинад, арæзтадон куыстытæ ныллæг темптæй кæй цæуынц, уый тыххæй æмæ банысан кодта, цæмæй райсой æппæт мадзæлттæ дæр куыстытæ фæтагъддæр кæныны тыххæй.
Æмбырды ма дзырд цыд Синагур-Карзман æмæ Гуфта-Къуайсайы фæндæгты, афтæ ма Ленингоры районы скъолайы æмæ сывæллæтты цæхæрадоны арæзтадыл.
БЕСТАУТЫ В.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.