Æнæнцой дуджы цæрæм. Мах æвдисæн стæм дунейы хицæн æмæ хицæн рæтты куыд сытынг вæййынц гарзджын конфликттæ, хæстытæ, кæцыты цагъды кæнынц мингай адæймæгтæ, хъизæмæрттæ æвзарынц милуангæйттæ. Фæстаг азты ма мах æвдисæн стæм, æгас дунейы адæмтыл чи апарахат вæййы, ахæм низты фæзындæн. Мах нæхæдæг бав-зæрстам æмæ рацыдыстæм коронавирусы пандемийы цалдæр уылæныл, кæцы ахаста милуангай адæймæгты цард æгас дунейыл. Æмæ дзы адæймагад нырма дæр не ссæрибар. Нæма дзы ссæрибар, афтæмæй та фæзындис ног низ — Маймулиты хæбузн (оспа). Уый парахат кæны æмæ фæзынд хицæн бæстæты, уыцы нымæцы нæ сыхаг Гуырдзыстоны дæр. Нæй гаранти æмæ махмæ дæр нæ фæзындзæн. Мах бацымыдис кодтам, цавæр у ацы низ — куыд фæзыны æмæ йæ ныхмæ цавæр мадзæлттæ ист цæуынц, уыдæттæм. Афтæ ма цæрджыты æнæниздзинад бахъахъхъæныны фæдыл РХИ-йы санэпидемиологион комитеты раз цы хæстæ лæууынц, уыдæтты фæдыл ныхас кæнæм банысангонд комитеты сæргълæууæг Коцты Маринæимæ.

— Маринæ, фыццаджыдæр уал нын куы радзурис, дунейыл цы низ парахат кæны, уый тыххæй?

— Æнæниздзинад хъахъхъæныны Ду-неон организацийы зонæнтæм гæсгæ маймулиты хæбузн фæзынд Ныгуылæн æмæ централон Африкæйы æмæ дарддæр зынын райдыдта æндæр бæстæты дæр. Ацы низ адæймагыл бахæцы æхсынæг цæрæгойтæй æмæ приматтæй, кæцытæ цæрынц Централон æмæ Ныгуылæн Африкæйы, уымæл тропикон хъæдты.

Маймулиты хæбузн у уæлдай карздæр æмæ тæссагдæр инфекцион низ. Йæ цырынгæнæг у, маймулиты хæбузны вирус кæм ис, ахæм ДНК. Вирус фæразон у уазæлттæн æмæ хус бынæттæн, нæ сафы йæ активондзинад бирæ мæйты дæргъы. Зæгъæн ис, нæ фæразынц тæвдæн. Цæвиттон, уæлдæфы температурæ 60 градусы бæрц тæвд куы вæййы, уæд амæлынц 10-15 минутмæ, 70-100 градусы тæвд куы вæййы, уæд та амæлынц 1-5 минутмæ, нæ фæразынц ультрафиолетон тынтæн дæр.

Физикон æгъдауæй æнгом контактты руаджы низ цырынгæнæг, гæнæн ис ахиза адæймагæй адæймагмæ, афтæ ма низджын адæймагмæ æввахс лæугæйæ дæр. Уæлдай тæссагдæр сты буарыл тæппæлттæ, уыдонæй цæуæг хæф æмæ туг, рынчыны сæт. Низ ма гæнæн ис бахæца рынчыны хуыссæнгæрзты, хисæрфæны, цы мигæнæнтæй пайда кæны, уыдонæй дæр. Сывæрджыны рæстæджы рынчын мадæй дæр гæнæн ис бахæца сывæллоныл. Ахæм рынчынтимæ чи архайы, уыцы медицинон кусджытæн дæр тæссаг у фæрынчын уæвынæй, индивидуалон хъахъхъæнæн фæрæзтæй куынæ пайда кæной, уæд.

Низы инкубацион рæстæг у 5-21 бонмæ. Йæ симптомтæ сты натуралон хæбузны хуызæн — буар рафады, уæлдайдæр та — цæсгом æмæ хъуыр, уый фæстæ та апарахат вæййы къæхтæ æмæ къухтыл, адæймагыл фæзыны тæфсæг, фæриссы сæр, адæймаг йæхи фæхаты лæ-мæгъ, фæриссынц хæцъæфтæ. Натуралон хæбузнæй хъауджыдæр маймулийы хæбузн низы рæстæджы фестырдæр вæййынц лимфæты æлхынцъытæ. Куы скарз вæййы, уæд фæзыны бронхопневмони, энцефалит, фæхъæстæ вæййы туг, инфекци бахауы цæсты гагуымæ æмæ гæнæн ис адæймаг бакуырм уа.

Натуралон хæбузныл медицинæ фæтых 1980 азы æмæ нал пайда кодтой йæ ныхмæ вакцинæйæ.

Адæмы ’хсæн маймулиты хæбузн регистраци æрцыдис Демократон республикæйы (уæд хуындис Заир). Фæстæдæр уый апарахат Африкæйы 10 бæстæйы.

2003 азы Америкæйы Иугонд Штатты регистраци æрцыдис ацы низæй фыццаг цау. Уый уыдис Африкæйы континенты æддейæ фыццаг ахæм цау. Бæлвырд æрцыд, уæд чи фæрынчын, уыдонæн сæ фылдæрæн контакттæ кæй уыдис ахæм хæдзарон куыйтимæ, кæцыты баластой Африкæйæ æмæ рынчын уыдысты ацы низæй.

Ацы азы июны райдиантæм Африкæйы континентæн æддейæ 26 бæстæйы регистраци æрцыдысты ацы низæй фæрынчыны 650 цауы, кæцытæ сæйраджыдæр сты Европæйы. Фылдæр рынчынтæ ис Стырбритани, Испани, Португали, Канадæ, Германи æмæ Нидерландты. Мæ-лыны цаутæ дзы нырма нæй. Уæрæсейы Федерацийы нырма ахæм рынчынтæ нæ рабæрæг. Фыццаг цау Гуырдзыстоны рабæрæг 15 июны. Куыд зæгъынц, афтæмæй уый балцы уыд Европæйы. Хуссар Ирыстоны территорийыл нырма регистраци не ‘рцыд ахæм низæй фæрынчыны цау. Дунейы нырма регистраци не `рцыд маймулийы ныхмæ вакцинæ.

— Ацы низ куы фæзына, уæд йæ ныхмæ фæлæууын, куыд коронавирусы пандемийы рæстæджы, афтæ æрмæст нæхицæн нæ бон нæ бауыдзæн. Ныфс та нæ уыдзæн, нæ уæрæсейаг æмцæдисонтæй… Уый та суыдзæн, хъыгагæн, дунеон проблемæ. Ныр та уал рахизæм, нæ æнæниздзинадыл не ’рвылбонон царды мæгуырауæрдæм цы æндавы, уыцы проблемæтæм. Уыдонæй сæ иу у нуазыны доны гъæд. Уый бирæ хатт змæстæй цæуы, уымæ гæсгæ тæссагдзинад æвзæрын кæны инфекцион низтæ фæзынынæй…

— Æз зæгъдзынæн афтæ, æмæ ацы проблемæ ныр нæ фæзынд, уый рагæй ис. Æмæ дарддæр дæр уыдзæнис, цалынмæ алы хæдзары кранæй дæр дон йæхигъæдæй нæ цæуа æмæ йæ графикмæ гæсгæ мауал дæттой, уæдмæ. Уымæн æмæ доны хæтæлты æдзухæй дон куынæ цæуа, уæд ын æндæр гæнæн нæй. Уымæн та уыдис бирæ аххосæгтæ. Иуæй уыдысты зæронд, ныххуынчъытæ сты, иннæмæй та Едысы доны хæтæлмæ иу кодтой Дзомагъ, Брытъаты дæттæ. Уыдонæн та æхгæд донæмбырдгæнæнтæ нæй æмæ-иу размæстис къæвда бонты. Донæн та йæ хъуыддаг афтæ у, æмæ йæ куы æрæхгæнай, стæй йæ куы рауадзай, уæд доны хæтæлты цы чъизи баззайы, уый раласы æмæ дон змæстæй фæцæ-уы. Ахæм уавæр, сæйраджыдæр, сæвзæры уалдзыгон бонты, стæй йыл æндавынц цæрæн пунктты доны хызæгты мæгуырау уавæр дæр. Уыдон нæ горæты уынгты арæзтадимæ ивд цæуынц æмæ уыимæ цæрджытæ цы дон исынц, уый гъæд дæр хуыздæр кæны. Раздæр-иу нæм арæх уыдис доны гъæды аххосæй эпидемитæ. Ныртæккæ дон горæты хицæн рæтты змæстæй цæмæн цæуы, уымæн йæ аххосаг мæнæн æмбæрстгонд нæу. Уымæн æмæ Уанаты донуадзæн куы арæзтой, уæд дзырдтой, доны проблемæ скъуыддзаг кæй æрцæудзæн. Фæлæ куыд уынæм, афтæмæй скъуыддзаг не `рцыд. Дон лæвæрд цæуы графикмæ гæсгæ, бирæ уынгты та цалдæргай бонты нæ рацæуы. Мах арæх разы нæ вæййæм Водоканалы архайдæй дæр æмæ сæ фæивар кæнæм. Ныр дæр нæ кусджытæ бæрæг кодтой, Тулдзы къохы цы доны резервуар ис, уым доны уавæр куыд у, уый. Ныр та рахиздзысты Уанаты доны резервуар бæрæг кæнынмæ. Уæдæ абон доны гъæд æмбæлон кæй нæу, уымæн йæ сæйраг аххосаг у, доны хæтæлмæ мæгуырау гъæды дон кæй баирвæзы, уый, ома, Брытъаты дон æм кæй иу кæны, уый. Уырдыгæй хæрзгъæд дон рауадзыны тыххæй уым арæзт æрцыдис дон сыгъдæггæнæн. Уыдон саразыныл кæд бирæ æхца бахардз, уæддæр æмбæлон арæзт не `рцыдысты æмæ абон дæр уымæ гæсгæ нæ разы карзæй лæууы ацы проблемæ… Дон у стратегион продукт, кæй нуазæм, кæмæй пайда кæнæм, ахæм æмæ доны хæтæлмæ ма хъуамæ ивæрза мæгуырау гъæды дон. Цалынмæ ацы проблемæ иуварс æрцæуа, уæдмæ зындзинæдтæ æвзардзыстæм, хызт нæ уыдзыстæм, доны аххосагæй чи фæзыны, уыцы низтæй дæр. Ахæм уавæры сты нæ республикæйы районты резервуартæ дæр. Уыдон саразыныл дæр кæд дзæвгар æхцайы фæрæзтæ бахардз, уæддæр æмбæлон арæзт не `рцыдысты æмæ нæ кусджыты тыхст уавæр та никуыдæм фехъуыст…

— Бирæтæ пайда кæнынц суадоны дæттæй. Уыдоны гъæд рабæрæг кæныны тыххæй та цахæм куыст цæуы?

— Уыдоны гъæд дæр бæрæг кæнæм, фæлæ зæххы бынæй кæй цæуынц, уымæ гæсгæ сæм хæццæ кæнынц цъитийы, миты, къæвдайы дæттæ, бирæтæм дзы хæццæ кæнынц цæугæдæтты дæттæ дæр æмæ афтæмæй фæивы сæ гъæд æмæ февзæрдæр вæййынц. Æмæ, уæдæ афтæ зæгъæн нæй æмæ уыдон бын-тон сыгъдæг дæттæ сты. Арæх фæивы се сконд, уæлдайдæр та — уалдзæджы. Суа-доны дон тынг сыгъдæг кæй æнхъæлынц, уымæ гæсгæ йæ ныййарджытæ фæдарынц сæ чысыл сывæллæттæн дæр. Фæлæ уый у рæдыд хъуыды. Сывæллонæн 5 азмæ йæ иммунитет вæййы лæмæгъ æмæ йын тæссаг у ахæм дон дарын. Уымæн æмæ, куыд ма загътам, йæ гъæд фæивы. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ сывæллæттæн хъæуы фых дон дарын.

Бæрæг куыд у афтæмæй, продукттæ уæй кæныны дæр ис фæткхалæн цаутæ. Уæй кæнынц, йæ рæстæг кæмæн ацæуы, ахæм продукттæ æмæ тæссагдзинад æвзæрын кæнынц адæймаджы æнæниздзинадæн.

— Цахæм мадзæлттæ ист цæуы ахæм базаргæнджыты ныхмæ та?

— Йæ продукт базаргæнæг цы аргъмæ уæй кæны, уый махмæ нæ хауы. Фæлæ алы базаргæнæг дæр хæсджын у, цæмæй продуктыл фыст уа аргъ æмæ йæ пайда кæныны æмгъуыд кæдмæ у, уый æмæ афтæ дарддæр. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ махæн официалон æгъдауæй 3 азы иу хатт йедтæмæ бар нæй магазинтæм бацæуын æмæ сын сæ продуктты гъæдыл контроль кæнын. Фæлæ фæлхас-гæнæг куы бафиппайа, зæронд продукт ын рауæй кодтой, уый, уæд хъуамæ ма-хæн фехъусын кæна æмæ æмбæлон мадзæлттæ райсдзыстæм.

ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.