Фæстаг азты дыргъгуыстуарзджытæ стыр хъусдард аздæхтой сæджындзгъуыз фæткъуыбæлæстæм. Уыдон бынтондæр хицæн кæнынц, нæ цæст кæуыл сахуыр, ахæм фæткъуыбæлæстæй. Йæ къалиутæ фæрсæрдæмыты нæ зайынц, фæлæ – хæрдмæ, уымæ гæсгæ сты сæджындзты æнгæс. Йæ хорздзинад уый мидæг ис, æмæ дзы алкæцы дæр бирæ фæзуат нæ ахсы. Уæлдай стырдæр цымыдис æвзæрын кæнынц, сæ дыргъдæттæ дардыл кæмæн не сты, ахæм дыргъгуыстгæнджытæм. Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы, сæджындзгъуыз фæткъуыбæлæстæ хорз тыллæг кæй дæттынц, æрмæстдæр сын иттæг хорз уавæртæ зайынæн арæзт куы æрцæуа, уæд. Сæ дыргъзайæн рæстæг у 4 азæй 15-17 азмæ. Уый фæстæ сæ раивын хъæуы ног талатæй. Иу фæткъуыбæлас дзы астæуккаг нымадæй дæтты 6-12 килограммы хæрзгъæд фæткъуытæ.

Йæ талаты йын садзын хъæуы, дымгæ тынг кæм нæ дыма, ахæм бынаты. Садзæм сæ дыууæ хуызы: кæрæдзийы фæрстæм рæгъгай, талайæ талайы ‘хсæн 30-40 сантиметры æмæ рæнхъæй рæнхъы ‘хсæн та 1-2 метры куыд уа, афтæ. Уый – фыццаг хуыз. Иннæ хуыз та у ахæм: тауæм сæ рæгъгай æмæ куыд талайæ талайы ‘хсæн, афтæ рæнхъæй рæнхъы ‘хсæн дæр хъуамæ уа иу метры. Афтæмæй 100 квадратон метры ныссадзæн ис 200 талайы бæрц. Куы банымайæм, уæд уыдон ратдзысты 1,3 тоннæйы бæрц фæткъуытæ. Килограмм фæткъуыйы аргъ 50-60 сомы кæй у, уый зæрдыл даргæйæ, зын банымайæн не сты, цы æфтиæгтæ райсæн ис, уыдон. Æмæ дыргъдоны фæзуат цалдæр хатты куы фæфылдæр кæнат, уæд та?

Тала садзыны рæстæджы скъахын хъæуы, йæ зиллакк 90 сантиметры æмæ йæ арф та – 40-50 сантиметры кæмæн уа, ахæм уæрм. Æвæрæм дзы тала æмæ йæ йедзаг кæнæм 4-6 килограммы компостæй, хæццæ йæм кæнæм 100 граммы суперфосфат æмæ 50-100 граммы та – калийы хъацæнтæ. Дзуарсæ цы бынаты у, уый хъуамæ уа зæххæй уæлдæр. Талайы фарсмæ æрсадзын хъæуы хъил æмæ йæ бабæттын хъæуы уымæ, цæмæй йæ дымгæ ма асæтта.

Фыццаг аз талайыл хъæуы арæх дон кæнын – къуыри дыууæ хатты уæддæр, стæй та – стæмдæр хæттыты. Хъацæн аразын хъæуы стуры, карчы фаджысæй донимæ хæццæйæ æмæ йыл мæй иу хатт кæнын хъæуы 2-3 ведрæйы дзаг. Хорз сты кали-фосфоры хъацæнтæ дæр ахæм пропорциты: 100 грамм суперфосфат æмæ 70 грамм калийы сульфат схæццæ хъæуы 10 литр доныл. Иу бæласы быныл дзы ныккæнын хъæуы 2-3 ведрæйы. Фыццаг аз талайыл дидинджытæ куы фæзына, уæд ын сæ хъæуы æртонын, цæмæй сфидар уа. Дыккаг аз ыл гæнæн ис ныууадзæн 6-8 дидинæджы. Йæ дыргъдæттыны кармæ куы бахиза, уæд та йыл уадзын хъæуы 20-25 дидинæджы, уал фæткъуыйы хъуамæ радта.

Зæххы фадыджы фæткъуыбæлæстæ раст сагъд куы уой, уæд уыдзысты æнцондæр ку-сæн. Сæ хорздзинад ма уый мидæг ис, æмæ, зæгъæн ис, аууон кæй нæ кæнынц. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ бирæ дыргъгуыстгæнджытæ ахæм дыргъдæтты ныссадзынц æрыскъæфтæ дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нæ климатон уавæрты хорз тыллæг кæй дæттынц ахæм сорттæ, куыд «Валютæ», «Янтарное ожерелье», «Московское ожерелье», «Президент» æмæ æндæртæ. Æрæгмæ чи рæгъæд кæны, уыцы сорт «Валюта» дыргъ дæттын райдайы дыккаг аз æмæ рæгъæд кæнын та райдайы октябры мæйы. Фæразон у ахæм тæссаг низæн, куыд парша. Хъæздыг тыллæг фæдæтты 17 азмæ. Йæ иу фæткъуыйы уæз хæццæ кæны 200 граммæ, сты хæрзад æмæ фæлæууынц февраль-мартмæ.

Сæджындзгъуыз фæткъуыбæлæсты тыххæй ацы чысыл уац фысгæйæ, мæн фыццаджыдæр фæнды, цæмæй дыргъгуыст чи уарзынц, уæлдайдæр та, горæты чи цæрынц, уыдон сæ чысыл зæххы фадгуыты ныссадзой 20-30 талайы уæддæр. Уымæй уыдон сæ бинонты сифтонг кæндзысты зымæджы дæргъы хæрзгъæд фæткъуытæй. Уæлдай тынгдæр чи бацымыдис кæна ацы хъуыддагмæ, уый мæ бон у сифтонг кæнын талатæй æмæ сæ хуыздæр базонгæ кæнон, куыд зилын сæм хъæуы æмæ хорз тыллæг куыд райсын хъæуы, уыимæ.

ЛОХТЫ Дзамбулат,

дыргъгуыстуарзаг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.