26-æм август – цины бон, сæххæст нæ адæмы рагон бæллиц, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадта Стыр Уæрæсе. 2008 азы 26-æм августы Уæрæсейы Федерацийы уæды Президент Дмитрий Медведев йæ къух æрфыста Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй барамындыл. Ацы цау сси нæ адæмы ног историйы райдиан. Уымæ гæсгæ ацы бон нысан цæуы, куыд æппæтадæмон бæрæгбон,  Паддзахадон хæдбардзинад банымайыны бон, афтæ.

Куыд хæдбар, суверенон паддзахад, афтæ Хуссар Ирыстон йæ банымадмæ цыдис дард æмæ зын фæндагыл. Бирæ хъизæмæрттæ бавзаргæйæ, нæ адæм сæ тугæй балхæдтой сæрибар æмæ хæдбардзинад.

Уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæ уæдæй абонмæ ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ рахызтысты æмæ фидардæр кæнынц хæларонд бастдзинæдтæ. Уый тыххæй абон нæ адæм бузныг сты Уæрæсейæ, уæлдайдæр сæ æнæкæрон æххуысы тыххæй.

Ирон адæмæн 26-æм август  у иууыл уарзондæр бæрæгбон. Сæ зæрдæты сын ацы бон цавæр тæлмæнтæ сæвзæрын кодта, уый тыххæй бафарстам цалдæр адæймаджы:

Гæбæраты Юри, Национ культурæ, дин, ахуырад, зонад æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар:

– Нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны бон нæ адæмæн у иууыл нысаниуæгджындæр бон. Ацы бонмæ бирæ азты фенхъæлмæ кастыстæм, бирæ фыдæбæттæ бавзæрстам, фæлæ нæ къухты бафтыдис. 2008 азы августы фондзбонон стыр тугкалæн хæсты фæстæ нæм Гергиты Валерийы оркестр куы æрцыд, уæд нæ адæмы зæрдæты уыцы концерт бауагъта стыр ныфс, уыдон нымæцы мæн дæр бауырныдта, Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад кæй банымайдзæнис, уый. Концерт радтын та нысан кодта, цæмæй нæм æнæхъæн дуне йæ хъус æрдара. Августы хæсты размæ нæ республикæйы минæвæрттæ Цæгат Ирыстоны ныхас кодтой Гергиты Валериимæ, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ æрцæ-уынмæ нæ хъавут? Уæд йæ дзуапп уыд, зæгъгæ, уым ныртæккæ уавæр тæссаг у, æмæ оркестры та ис 300 алæймаджы бæрц, дунейы иууыл хуыздæр музыканттыл нымад чи сты, ахæмтæ, æмæ уыдоны тыххæй тынг тæрсын, фæлæ мæхæдæг ныццæудзæн.

Стæй куыд федтам, афтæмæй хæсты фæстæ уый æд оркестр æрцыдис нæ хæстæфхæрд республикæмæ, æмæ музыкæйы алæмæттаг æвзагæй Ирыстоны рæстдзинад ныхъхъæр кодта æнæхъæн дунейыл.

2008 азы 26-æм августы Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитри Медведев Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уæд уый та куыд æппæт ирон адæмæн, афтæ ма зæрдæйы дæр сæвзæрын кодта стыр æнæкæрон цины æнкъарæнтæ.

Икъаты Мадинæ, полиграфион-кондадон баиугæнды директор:

– Махæн нæ адæм æнусæй фылдæр тырныдтой Ирыстоны хæдбардзинадмæ. Паддзахад хæдбар куы вæййы, уæд уый та алы адæмæн дæр у стыр хъуыддаг. Уымæ гæсгæ ирон адæм дæр тох кодтой, бирæ туг ныккалдтой, цæмæй хæдбардзинад сæ къухты бафта. Нæ адæм архайдтой историон, юридикон, барадон бындуртыл æнцойгæнгæйæ, райстой Акт нæ паддзахадон хæдбардзинады тыххæй, расидтысты республикæ. Иудзырдæй, барадон тыгъдады нæ адæм æппæт дæр сарæзтой, цæмæй нæ республикæ уа хæдбар паддзахад.

Гуырдзыстон Ирыстонæн цалдæр хатты геноцид куы сарæзта, уæд фæстаг 2008 азы августы хæст та уæлдай хатт нæ разы æрæвæрдта хæс, цæмæй хæдбар паддзахад суæм. Куыд федтам, уымæ гæсгæ Уæрæсейы уæды президент Дмитри Медведев барамынд радта, цæмæй нæ паддзахад хæдбар уа. Уыцы цау фехъусын та мæнæн уыдис стыр амонды æмæ цины хъуыддаг. Сæ риуыдзаг сулæфыдысты ирон адæм, бирæ азты цы сæрибардзинадмæ æнхъæлмæ кастысты, уый сæ къухты бафтыдис. Уый тыххæй та стыр бузныг зæгъæм Уæрæсейæн, нæ хæдбардзинад нын кæй банымадта, уый тыххæй. Мах та хъæуы архайын, цæмæй нæ хæдбар республикæ æппæтварсонæй йæ къахыл слæууын кæнæм. Уымæн та ахъаз фæуыдзæнис, йæ экономикæ йын сæндидзын кæнын. Афтæ ма хъæуы тырнын уымæ, цæмæй нын ин-нæ бæстæтæ дæр  нæ хæдбардзинад банымайой.

Тедеты Роланд, Цхинвалы скъола-интернаты директор:

– Ацы стыр хабар фехъусгæйæ, адæймаджы зæрдæ байдзаг ис стыр цины æнкъарæнтæй. Нæ адæмæн сæххæст ис се ‘нусон бæллиц, цымæ гæсгæ нын ацы бон у зынаргъ бæрæгбон.

2008 азы августы фондзбонон хæсты цы тугкалæн бонтæ арвыстам, уыдон зæрдæ ныккæрзын кæнынц. Мæ зæрдæйæ бынтон нæ рох кæны нæ сыхæгты чысыл чызг Хъæцлæуты Зæлинæйы мæлæт, кæцы схъомыл ис мæ цæстыты раз. Чи фæнымайдзæнис æппæт уыцы диссæгтæ. Фæлæ абон уавæр фæивта, ныр та стæм хæдбар паддзахад, цæрæм сæрибар арвы бын. Махæй та алкæмæндæр йæ хæс у хæдбар Ирыстоны куса æмæ цæра зæрдæрухсæй!

Æлборты Эдуард, кадетон скъолайы директор:

– Ацы диссаджы бон, Дмитри Медведев нын нæ хæдбардзинад куы банымадта, уый мæ зæрдыл тынг хорз лæууы, æрымысын æй стыр æхцондзинады æнкъарæнтимæ. Уыцы азты æз уыдтæн Дзауы районы танкæйон батальоны командир. Уæрæсейы Президент Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй хъусын кæныны рæстæджы нæ батальоны службæгæнджытæй цалдæр лæппуимæ рацæйцыдтæн Дзауæй Цхинвалмæ. Уæд телефонæй алкæмæ дзурын райдыдтой уыцы цины хабары тыххæй. Горæтмæ æрбахизгæйæ, мах федтам адæм æмхуызонæй куыд цин кодтой, фырцинæй æмызмæлд кодтой, алырдыгæй хъуыстысты арфæйы æмæ цины ныхæстæ.

Мæ цæстытыл уайы, æнæнхъæлæджы уыцы диссаджы хабар фехъусгæйæ. куыд цин кодтам, уый, нæ горæты «Андрей» магазины раз шампайнаг сæнæй куыд куывтам лæугæ-йæ. Уыцы боны тæлмæнтæ мæнæн мæ бон ницæуыл у абарын.

Гæззаты Георги, пенсиисæг:

Уæрæсе нын нæ паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта, уый стыр амонды хъуыддаг у. Ацы хъуыддагмæ мах кæд бирæ азты дæргъы тырныдтам, уæддæр уыцы бон ахæм диссаджы цау фехъусын уыдис æнæнхъæлæджы. Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсе махæн кæны æппæтварсон æххуыс, æмæ йын æз зæгъын стыр бузныг. Нæ чысыл Ирыстон та уæлахиз уæт кæддæриддæр!

Кæсæбиты Лидæ, ахуыргæнæг:

– Абон нæ чысыл Ирыстон хæдбар кæй у, уый алкæмæндæр æхсызгон у. Аст азы размæ куы фехъуыстам ацы хабар, уæд, куыд алкæцы ирон адæймаг, афтæ мæ цинæн дæр кæрон нал уыдис. Ацы бон, 26-æм август, у мæ уарзондæр бæрæгбонтæй сæ иу, кæнын ын стыр аргъ, уымæн æмæ нын у тугæй æлхæд. Афтæ ма ацы бонæй фæстæмæ нæ ирон адæм сулæфыдысты, банкъардтой æцæг сæрибардзинад. Нæ сывæллæттæ абон сабыр арвы бын кæй хъомыл кæнынц, уый алы ныййарæгæн дæр стыр амонды хъуыддаг у. Хæдбар æмæ сабыр цард та нын ис Уæрæсейы руаджы æмæ йын зæгъæм стыр бузныг!

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.