9 май — Уæлахизы бон. Ацы бæрæгбон бирæ азты размæ милуангай адæймæгты тугæй æлхæд кæй æрцыдис, уымæ гæсгæ йын абон алы адæймаг дæр кæны стыр аргъ. Æрвылаз дæр æрæмысынц, сæрибардзинад нын чи æрхаста æмæ уыцы тугкалæн тохты чи фæмард ис, уыдоны рухс нæмттæ. Стыр аргъ æмæ кад кæнынц, абон ма не ’хсæн чи ис, уыцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайæг ветерантæн. Бузныг сæ кæй стæм, уымæн та æвдисæн — æрвылаз дæр 9-æм майы бæрæгбонмæ кæй райсынц бирæ рæсугъд æмæ зæрдæбын арфæтæ. Афтæ ма сæ зæрдæтæ бахъæлдзæг кæныны тыххæй уагъд æрцæуынц бирæ мадзæлттæ.

Ацы аз 8-æм майы дæр нæ цытджын ветеранты сбуц кæныны тыххæй сын нæ горæты Ногдзауты парчы балæггад кодтой быдырон къæбицы. Ардæм æрбацæугæйæ уал уыдон федтой Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны хъомылгæнинæгты уæлахизы темæйыл конд нывты равдыст. Уыдон ма ветерантæм ныфысстой арфæйы фыстæджытæ æмæ сын загътой бузныджы ныхæстæ дæр. Ацыран ма ветерантæ федтой ахæм æнгæс къамты равдыст «9 Мая — история Победы». Уый та бацæттæ кодтой нæ республикæйы «Россотрудничество»-йы минæварад. Къамты равдысты тематикæ уыд хæсты уæззау дуг. Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны хъомылгæнинæгты конд нывты темæ та уыдис Уæлахизыл дзурæг.

Нæ цытджын ветерантæм равдысты фæстæ æнхъæлмæ каст быдырон къæбицы æрцæттæгонд хæрзад кас æмæ цай. Уыдонæн æфсæддон хæринæгтæ хæргæйæ æмæ хæстон дуджы зарджытæм хъусгæйæ, сæ зæрдыл æрлæууыд се ’взонджы бонты уæззау хæстон рæстæг куыд æрвыстой, æппæт уыдæттæ. Фæлæ абон æппæт зындзинæдтæ æмæ хъизæмæрттæ фæстейæ баззадысты æмæ цæрынц сабыр арвы бын.

Нæ буц ветерантæм ацы бæрæгбонмæ арфæ кæнынмæ æрбацыдысты нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Къарджиаты Эльбрус æмæ нæ республикæйы æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Арфæйы ныхæстæ ветерантæн загъта æмæ сæ Стыр Хуыцауæн бафæдзæхста нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид:

— Мæн фæнды зæгъын уый, зынаргъ ветерантæ, цæмæй кæддæриддæр Стыр Хуыцауы фæдзæхст уат. Бафæнддзæнис ма мæ, цæмæй сымах уат æнæниз, уæ цардæй райгонд, цæмæй бирæ азты ноджыдæр уæ бинонтæ æмæ уæ хъæбулты сæргъ лæууат. Сымах стут нæ паддзахады «цæджындзтæ». Уымæ гæсгæ мæн ноджыдæр бафæнддзæнис, цæмæй уат æнæниз æмæ æнæмаст æмæ уын уæ царды уа ноджы æнтыстытæ. Бузныг, кад æмæ цыт нæ зынаргъ ветерантæн!

Быдырон къæбицы фынджы фарсмæ ма сын арфæйы ныхæстæ загътой Хъуылымбегты Доменти, Къарджиаты Эльбрус, Мамиты Инал æмæ æндæртæ.

Ветеранты номæй нæ республикæйы къухдариуæггæнджытæн сæ хъусдарды тыххæй бузныджы ныхæстæ загъта Уалыты Лидия.

Нæ республикæйы къухдариуæггæнджытæ базонгæ сты равдысты нывтæ æмæ къамтимæ дæр. Уый тыххæй та РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид мадзал бацæттæгæнджытæн загъта бузныджы ныхæстæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уыдон нæ историйыл дзурæг сты æмæ сæ кæстæртæн хъæуы зонгæ кæнын, амонын.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.