Ирон æгъдæуттыл цас фылдæр дзурæм, уый бæрц сын сæ мидисæй нæхи иппæрд кæнæм. Æгъдауыл дзурын нæ хъæуы, фæлæ йæ æххæст кæнын хъæуы. Афтæмæй, йæхимæ æгъдау кæмæ нæй, æгъдауы чи нæ балæууы, уый дæр æгъдауамонæг свæййы. Гъе ныр ма мын зæгъут, хорз адæм, цас дзуринаг у, марды уæлхъус дзурæгыл худ уа, æви ма уа, уый? Нæлгоймаг адæм фылдæр æнæхудтæ куы вæййынц, уæд дзурæгæн худ кæцæй райсдзысты.

Алчидæр æгъдау кæны, фыццаджыдæр, йæхицæн, стæй та — иннæтæн. Нæ фыдæлтæ мардмæ нæ, фæлæ уынгмæ дæр æнæ худæй нæ цыдысты. Афтæ — марды æгъдæуттæм дæр, фынгыл дæр дзы бадтысты худты, гомсæрæй та — цины фынгыл. Фæлæ цард аивта, æмæ нæм марды уæлхъус дзурæгыл худ уа, æви ма уа уый æнæхъуаджы сдзырддаг кæнæм. Уымæй дæр карзæй. Тыхми кæм уа, уый æгъдау нал вæййы. Марды уæлхъус дзурæгæн йæ худ исгæ кæй нæу, уый фыссы Къоста дæр йæ уацмыс «Уæлмæрдты». Дзурæджы тыххæй афтæ: «Гасæй йæ уæлæ хæлын худ, кæрцы къæрид…»

Мардмæ цæуæм æви зианмæ цæуæм?

Дзырддаг кæнæм ацы æгъдауы ном дæр. Адæймагæн ис райгуырæн бон æмæ мæлæн бон дæр. Райгуырæн бон цины бон у, мæлæн бон та — хъыджы бон. Уымæн æмæ райгуырæн боны ис ноггуырд, цард адарддæр кæнын кæй фæрцы уыдзæн, ахæм фæрæз. Мæлæн боны та ис мард, йæ хур æнусмæ кæуыл аныгуылд, йæ дуне кæуыл баталынг, ахæм адæймаг. Кæуинаг, маройаг! Æмæ æрмæст йæ бинонтæн нæ, хæстæг, хиуæттæн æмæ зонгæтæн дæр. Æмæ сын уæддæр йæ ахицæны уæззау хабар цæмæй рогдæрæй равдисæм, уый тыххæй йæ фæсномыгæй фæзæгъæм: фæзиан.

Кæй зæгъын æй хъæуы, амарды бæсты фæзиан, марды бæсты зиан, мæрдджынты бæсты зианджынтæ кæй дзурæм, уый раст нæу! Уавæр раст не ’вдисæм. Уымæн æмæ бинонтæн сæ хъуг зайгæ-зайын куы фæхæдмæл вæййы, сæ фыстæ сын бирæгътæ куы аргæвдынц, сæ машинæ былæй куы ахауы, уæд уый у зиан. Адæймаг куы амæлы, уæд уый та мард, мардæрцыд у. Стыр бæллæх. Æмæ йæ зæрдæ комкоммæ зæгъын нæ комы, фæсномыгæй йæ æмбарын кæнæм.

Ирон æвзагыл бирæ цыдæртæ ис зæгъæн фæсномыгæй: куы уæззау ныхас зæгъыны азарæй, куы æгъдауы, фæтк æмæ нæфæтчыйы сæрты ма ахизыны домæнтæм гæсгæ. Зæгъæм, ус йæ лæджы, стæй лæг йæ усы йæ номæй нæ хуыдтой. Ус-иу загъта, стæй бирæтæ ныр дæр ма: махон, сывæллæтты фыд, мæ сæры хицау; лæг: сывæллæтты мад, нæ къæбæргæнæг, усай æмæ æндæртæ. Иууылдæр æй куы зонæм, сылгоймаджы æнхъæлцау куы рахонæм, уæд уый сывæр(л)джын кæй у. Дзырд арæзт у сывæллон æмæ фæсæфтауан джын-æй, ома, сывæллонджын. Афтæ дзырд сывæр(л)низ дæр, сывæллæтты низ: сывæр+низ. Фæлæ ахæм сылгоймаджы уæздандæрæн хонæм æнхъæлцау. Æнхъæлцауæн та йæ сæйраг нысан æндæр у. Ома, искæмæ истæмæ æнхъæлмæ чи кæсы, ахæм адæймаг. Хицаумæ, бонджынмæ, хъомысджынмæ æххуысмæ æнхъæлмæ кæсæг йæ цард æрвиты æнхъæлцауæй. Æнхъæлцау сылгоймагмæ та бинонтæ, хæстæгхиуæттæ æнхъæлмæ кæсынц сывæллонмæ.

Уыцы хуызы дзырд зиан дæр бацахсы дзырд марды бынат. Æмæ, цæмæй дзургæ-дзурын мулчы зиан, мардæй фæхицæн кæнай, уый тыххæй ма йыл фылдæр хатт æфтауæм, фосы кæнæ исбоны зиан сыл æрцыд, зæгъгæ.

Ирон адæймаг йæхи хизы нал зæгъынæй дæр. Нал цæмæй зæгъай, уымæн, дам, хæйрæджытæ йæ бæркад аскъæфынц. Сæ кой æвæндонæй ракæнгæйæ, хæйрæджы хонæм æнæзæгъинаг, карды — цыргъаг, куыдзы — цуанон, хуыйы — бырынкъджын, хæрæджы — хъихъо æмæ æндæртæ.

Лæппуйæн зачъетæ уадзын ирон æгъдау нæу!

Ирон лæппу кæнæ чызгæн уынгмæ æгъуызæй рацæуын худинаг уыд. Суанг бирæсывæллонджын усæн дæр. Ныр та нæ усгур лæппутæ дæр уыцы æгъдауы сæрты ахызтысты. Сæрдыгон дзы дæ разы шортиччы дæр æрлæудзæн. Афтæмæй нæ фыдæлтæм ахæм хæлæфтæ къабайы бын дардтой устытæ. Хуыдтой сæ уæрагæмбæрзæнтæ. Мæ ныхас кæй нæ уырны, уый рафæлдахæд Нарты кадджытæ æмæ уым, Сатанайыл ныхас кæм цæуы, уыдон бакæсæнт.

Ирон лæппуйæн худинаг уыд æнæдастæй уынгмæ, æхсæнадмæ рацæуын. Хи нæ дасын, — уый мардыл хил дарыны æгъдау у ныр дæр. Адæм нымд кæмæй кæнынц, ахæм æгъдау. Æмæ нæ Стыр Хуыцау уыцы хъуыддæгтæй хъахъхъæнæд. Æнæрцæугæ сын нæй, фæлæ, къаддæр куыд уой, афтæ. Æмæ та уыцы æгъдау дæр халын райдыдтам. Дзæуджыхъæуы уынгты арæх фенæн вæййы æнæдаст лæппуты. Адæймаг дзы зонгæйыл куы амбæлы, уæд æй сонтæй бар-æнæбары афæрсы: «Цы дыл æрцыд? Сау цæмæн дарыс?»

Уый нæ фыдæлтæм никуы уыд! Лæппуйæн, уæлдайдæр усгур лæппуйæн, æнæдастæй цæуын худинаг уыд. Зачъетæ-иу уадзын райдыдта, йæ цот-иу конд чи фæци, ахæм рæстæмбис кары лæг. Уымæй дæр барвæндæй. Æмæ алчи уымæ йе ’ргом не здæхта. Ныр та?!.

Болгарийы Шипкæйыл туркæгтимæ тохы ирон адæмæй чи архайдта, уыдон стыр хъæбатырдзинад равдыстой. Иуахæмы хохы рагъыл иу абырстæй иннæ абырсты ‘хсæн ирæттæ фæкъорд сты. Сæ фæллад куы æрцыд, уæд сæхи адасын сфæнд кодтой. Уый тыххæй, балцы цæугæйæ, ирон лæг йæ хъамайы кæрддзæмыл фидаргонд дыккаг кæрддзæмы хаста сæрдасæн кард. Хохы сæр дон кæм уыд, æмæ хъæбатыр хæстонтæ сæхи хусæй дасын райдыдтой. Афтæмæй сæ æрбаййæфта зындгонд «урс» инæлар Скобелев. Æмæ сыл тынг бадис кодта, сæхи хусæй кæй дастой, уый тыххæй. Бæхæй сæм æрхызт æмæ уый дæр йæхи хусæй адасын кодта. Нæ дын риссы, зæгъгæ, йæ куы бафарстой, уæд сын афтæ: «Кæй зæгъын æй хъæуы, риссы. Фæлæ, сымах кæм фæразут, уым æз дæр бафæраздзынæн».

Ныры ирон лæппу фæсивæдæй та чидæртæ цæттæ фынк æмæ хъарм донæй дæр сæхи адасынмæ зивæг кæнынц!

ЦГЪОЙТЫ Хазби, Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.