Нæ уарзон, хæстæфхæрд горæтæн сындæггай гас кæнынц йæ уæззау хъæдгæмттæ. Кæд нырма бирæ хæдзæртты æмæ уагдæттыл зынынц хæсты уæззау фæдтæ, уæддæр ахæм бæс-тыхæйтты нымæц къаддæрæй къаддæр кæны. Уырны нæ, æввахс рæстæджы сæ хъæдгæмт-тæ кæй байгас уыдзысты уыдонæн дæр. Æцæг нæ республикæйы цæрджытæй йæ хъæбулты, йæ хиуæтты чи фесæфта хæсты рæстæджы, уыдоны зæрдæйы хъæдгæмттæ никуы байгас уыдзысты, фæлæ уæддæр цард дарддæр кæны, афтæ у æрдзы хъуыддаг.
Бонæй бон фылдæр кæны нæ горæты хæрзарæзт уынгты нымæц. Нæ уарзон, хæстæфхæрд горæт йæ хуыз ивы нæ цæстыты раз, бæрæг фæрæсугъддæр. Ивгъуыд дыууæ азы цалцæг æрцыдысты бирæ уынгтæ, афтæ ма 2015 азы хæрзарæзт æрцыд Октябры уынг дæр. Ацы уынджы фæцæйцæугæйæ адæймаг йæхи фæхаты цыма кæмдæр стыр горæты фæцæуы, афтæ. Уынг афтæ тынг рафидыдта æмæ ссис нæ горæ-ты цæрджыты уарзондæр уынгтæй сæ иу. Куыд боныгон, афтæ изæрыгæтты дæр Октябры уынджы змæлы бирæ адæм. Изæ-рыгæтты дзы фæтезгъо кæныц куыд æвзонг, афтæ хистæр кары адæймæгтæ дæр. Иудзырдæй, иу цъус рæстæг ма æмæ нæ горæт æрцахсдзæн йæ кæддæры рæсугъд хуыз. Æппæт уыцы хорздзинæдтæ арæзт æрцыдысты æмæ цæуынц нæ республикæйы Президент Тыбылты Леониды ’руаджы. Рох кæнын нæ райдыдтой нæ горæты уынгтæ дыууæ-æртæ азы размæ цы æдзæллаг уавæры уыдысты, уый. Мæнгæй йæ Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг Президент Цыбырты Людвиг «Леонид-аразæг» куынæ схуыдта, мыййаг.

О, фæлæ уынгтæ хæрзарæзт куы æрцæуынц, уæд та сæ фæхъæуы цъæхфæлыст скæнын, алыгъуызон декоративон бæлæстæ æмæ дзы дидинджытæ ныссадзын æмæ сæ афтæмæй срæсугъд кæнын. Ацы хъуыддагмæ се стыр хайбавæрд хæссынц нæ горæты администрацийы хæрзарæзтады комбинаты цъæхвæлыстгæнæн хайады кусджытæ ландшафт-дизайнер Пæрæстаты Иринæйы сæргълæудæй. Ацы хайады кусджытæ цы удуæлдай æмæ стыр куыст кæнынц нæ горæты рæсугъддзинады тыххæй, уымæн стыр аргъ кæнын хъæуы, уæлдайдæр та фондз æвзонг сылгоймагæн, кæцытæ нæ горæты уынгты тауынц алыгъуызон дидинджытæ.
«Нæ сæйраг хæс у, цæмæй нæ горæты афтæ срæсугъд кæнæм æмæ нæм æрцæугæ уазджытæ тæхуды куыд кæной. Цæмæй нын фылдæр бакусын бантыса, уый тыххæй фæкусæм райсомы авд сахатæй, бакусæм улæфт бонты дæр. Майы мæймæ нын саразын хъуамæ бирæ бантыса, нæ горæты уынгтæ æмæ сквертæ хъуамæ æркæнæм æмбæлон хуызмæ», — загъта Пæрæстаты Иринæ.
Горæт Цхинвалы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад бакуыста Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты цъæхвæлыст æмæ хæрзарæзт скæныны фæдыл программæйыл. Бæргæ архайынц сæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ, фæлæ сын сæ куыстæн иуæй-иу цæрджытæ æмбæлон аргъ нæ кæнынц. Пæррæстаты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ 2013-2014 азты хæрзарæзтады комбинаты цъæхвæлыстгæнæны кусджытæ Вокзалгæрон фæзуаты ныссагътой 40 бæрзбæласы, фæлæ уыдонæй иу дæр нал баззад, скъахтой сæ æмæ сæ адавтой. Афтæ ма сын давынц сæ дидинджытæ дæр. Нæ горæты цæрджытæй алчидæр æхцондзинад иста ивгъуыд аз уалдзæгæй суанг зымæджы онг уынгты цы алыгъуызон дидинджытæ æрцыд сагъд, уыдоны уындæй.
Ныр дæр куыддæр боныгъæдтæ фæхуыздæр сты, афтæ та ацы хайады кусджытæ æрæвнæлдтой уынгты срæусгъд кæнынмæ. Ацы бонты уыдон куыстой Октябры уынджы газонты кæрдæг тауыныл. «Нæ куыст раджы райдыдтам. Хъайтарты уынджы кæрон æмæ 12-æм астæуккаг скъолайы раз дæр ныссагътам æрвгъуыз нæзытæ кæй хонынц, ахæмтæ. Раздæр сын бацæттæ кодтам сæ бынæттæ, ома, скъахтам газонты. Ивгъуыд аз Мамсырайы фырты уынджы цы нæзытæ ныссагътам, уыдонæй дæр бæрæг аххосæгтæм гæсгæ чи бахус, уыдоны бæсты дæр ныссагътам ногтæ. Ныр та нæ куыд уынут, афтæмæй рахызтыстæм Октябры уынгмæ æмæ газонтыл садзæм кæрдæг. Уый фæстæ та ахиздзыстæм æндæр уынгтæм, уыцы нымæцы Театралон фæзуаты дæр дидинджытæ ныссадзынмæ. Иудзырдæй, тынг нæ фæнды нæ горæт срæсугъд кæ-нын æмæ ууыл зæрдæбынæй архайгæ дæр кæнæм, фæлæ нын цæрджытæй бирæтæ нæ куыстæн бынтондæр нæ аргъ кæнынц. Иуæй нын давгæ акæнынц нæ сагъд дидинджытæ æмæ иннæмæй та газонтыл кæй ахизынц, уымæ гæсгæ сæ къæхты бын ныцъæл кæнынц кæрдæг, æххуысы бæсты нын нæ куыстыл фыдаудæн кæнынц. Иумиаг тыхтæй нын фылдæр бантысид саразын, фæлæ нын кæд æххуыс нæ кæнынц, уæд нын нæхи фыдæбон уæддæр куы ныууадзиккой. Ноджыдæр мæ уæ газеты руаджы фæнды цæрджытæн зæгъын, цæмæй нын нæ куыстæн фыдаудæн ма кæной, мах дæр сæ цæрджыты тыххæй аразæм», — катайгæнгæ мын радзырдта ландшафт-дизайнер.
Йæ ныхæстæ мæм афтæ тынг бахъардтой æмæ мæхинымæры ахæм æнæрхъуыды адæймæгтæн уайдзæфтæ кæнгæйæ рацыдтæн йæ цурæй. Худинаг уæд ахæмтæн. Нæ горæты цæрджытæй алчидæр хæсджын у, цæмæй газонтыл чи ахизы сæ къæхты бын дидинджытæ æмæ кæрдæг ныцъæл кæнгæйæ, уыдонæн-иу бауайдзæф кæной. Ацы кусджыты руаджы рафидыдта нæ горæт æмæ сын сæ куыстæн аргъ кæнæм.
Пæрæстаты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ сын баххуыс кæнынц хæрзарæзтады кусджытæ, ома, газонтæ къахынмæ сæм фæкæсынц æмæ сын уый фæстæ æнцондæр вæййы дидинджытæ æмæ декоративон бæлæстæ садзын. Райгонд у хæрзарæзтады комбинаты хистæр Габуты Иналæй. «Алцæмæ дæр нæм йæ хъус дары, исты проблемæ нын куы вæййы, инвентарь дæр нын рæстæгыл балхæны куы ацъæл вæййынц, уæд».
ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.