Иу мæйæ фылдæр Украинæйы уагъд цæуы сæрмагонд æфсæддон операци, кæцыйы нысан у фашистты скуынæг кæнын æмæ хуымæтæг адæмы нацистон режимæй ссæрибар кæнын. Ацы спецоперацийы хайад исынц хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ дæр, куыд æфсæддонтæ, афтæ барвæндонæй чи ацыдис, ахæмтæ дæр. Нæ республикæйы цæрджытæ тынг тыхсынц ацы сæвзæргæ уавæры тыххæй, уымæн æмæ алкæцы бинонтыл дæр бандæвтой хæстон архæйдтытæ – кæмæн – дзы йе ввахс хион ис, кæмæн йæ зонгæ, æмæ мæт кæнынц сæ хæстонтыл.

Уавæр хынцгæйæ фæзындис активисттæ, кæцытæ барвæндонæй тымбыл кæнын райдыдтой гуманитарон æххуыс, цæмæй сæ арвитой не ‘фсæддонтæн Украинæмæ. Уыцы хъуыддаджы сæ фарсмæ балæууыдысты нæ республикæйы амалиуæггæнджытæ æмæ хуымæтæг цæрджытæ дæр, – хæссынц алыгъуызон хæлцадон продукттæ, уæлæдарæс æмæ æхцайы фæрæзтæ гуманитарон æххуыс тымбылгæнæн пункттæм. Ныры онг æрвыст æрцыдысты цалдæр фæлтæры æмæ ацы æххуыс лæвæрд æрцыдис канд æфсæддонтæн нæ, фæлæ Донбассы цæрджытæн дæр, кæцытæ сты тыхст уавæры.

Цæмæй гуманитарон æххуыс тымбыл кæныны хъуыддаг рæвдздæр цæуа, уый тыххæй Цхинвалы арæзт æрцыд æххуыс æмбырд кæныны централон пункт. Пунктыл къухдариуæг кæны нæ бæстæйы Президенты æмкъай Куымæридтаты Линдæ. Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад дæр фæндон рахастой, цæмæй сæ хайбавæрд бахæссой гуманитарон æххуыс бакæныны хъуыддагмæ. Æмбырдгæнæн пунктмæ лæвæрд æрцыдис хъарм æфсæддон амуници, ома хъарм дзабыртæ, курткæтæ æмæ афтæ дарддæр,  кæцытæ феххуыс уыдзысты хæстонтæн ахæм уазал боныгъæдты. Æввахс рæстæджы та ног гуманитарон æххуыс æрвыст æрцæудзæнис Украинæмæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.