23 февраль Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон махæй алкæмæн дæр у ахсджиаг, уымæн æмæ бавзæрстам бирæ фыдæвзарæнтæ нæ бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ фæндагыл. Уыцы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад нын æрхастой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ. Махæй никуы ферох уыдзæн уыдон хъайтардзинад æмæ бæстæйыл æнувыддзинад. Нæ зæрдæйæ никуы рафтдзысты, Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады тыххæй йæ цардыл чи нæ бацауæрста, уыцы хъайтарты рухс нæмттæ.

Нæ горæты Сæрибары фæзуаты, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй абон не ‘хсæн чи нал ис, уыдон номыл Хъынцъымгæнæг зæды цырты раз 23 февралы æвæрд æрцыд дидинджытæ æмæ веноктæ. Церемонийы хайад райстой, Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты депутаттæ спикер Гасситы Петры сæргълæудæй, министрадтæ æмæ ведомствæты кусджытæ, тыхон структурæты къухдариуæггæнджытæ æмæ службæгæнджытæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзал уагъд цыд æнæдзургæйæ, алы æмбæстаг дæр цыртыл дидинджытæ æрæвæргæйæ, сæркъулæй æмырæй алæугæйæ, ардта Фыдыбæстæйы сæраппонд сæ сæр нывондæн чи æрхастой, уыцы хъæбатыр æдзард лæппуты рухс нæмттæ.

Мадзалы фæстæ нын ацы нысаниуæгджын боны фæдыл сæ хъуыдытæ загътой:

Джиоты Алан, паддзахадон автоинспекцийы сæргълæууæджы хæдивæг:

– Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон махæн стыр бон у. Раздæр ацы бон Советон æфсады номыл кæд уыд, уæд ныры дуджы та нысан цæуы, куыд Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы бон, афтæ. Ацы бон мах мысæм, йæ бæстæ хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыдоны æдзард нæмттæ. Уыдонæн аргъ уæд уыдзæн æмæ, сæ мах куы мысæм, сæ хъæбатырдзинадæн сын куы аргъ кæнæм. Уымæн æмæ уыдон сæ цард ны-вондæн мах сæрибардзинады сæрыл æрхастой.

Сиукъаты Вадим, Хъахъхъæнынады министры хæдивæг:

– Ацы бон у, Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ йæ сæрибардзинадмæ аккаг хайбавæрд чи бахаста, уыдоны бон. Фыдыбæстæ хъахъхъæнын у алкæй æвæджиаг хæс дæр, цыфæнды кары дæр, сылгоймаг уа æви нæлгоймаг.

Министрады æфсæддон службæгæнджыты номæй арфæ кæнын, ацы бон кæй ном хæссы, æппæт уыдонæн, не ‘мбæстæгтæн.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.