Республикæйы царды æмвæзад фæсте раджы кæй баззади, уый æмбæхсинаг нæу. Уый рæзтæн та хъæуы бирæ кусын, хи куыстуæттæ рапарахат кæнын, дзæгъæл хæрдзтæ, стæй æнæпайда кусджыты фæкъаддæр кæнын æмæ, сæйрагдæр, алыхуызон инвестицион проекттæ æмæ программæты архайын. Ууыл уыд йæ ныхас æрæджы хицауадимæ фембæлды рæстæджы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеславæн. Фембæлды архайдтой йæ хæдивджытæ Тускъаты Таймураз, Белыккаты Рафаэль, йæ уынаффæгæнæг Уырыцхъуаты Зауырбег, хъæууон хæдзарады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Дзиццойты Риммæ æмæ иннæтæ.

Битарты Вячеслав фембæлды архайджыты раз сæвæрдта бæлвырд хæстæ, цæмæй æркæсой æмæ равзарой 2017 азы федералон програм-мæты архайыны æууæлтæ. Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй агропромышленнон комплексы программæтæ реализацигонд нæ цæуынц æмæ уый стыр зиан хæссы æфтиаг раттынæн. Хъæуы стыр куыст бакæнын, цæмæй Цæгат Кавказы 2017 – 2025 азты социалон-экономикон рæзты программæйы Цæгат Ирыстон дæр архайа, уæлдайдæр хъæууонхæдзарадон комплексы.

«Махæн нæ инвестицион проектты фылдæр хай фæстæмæ раздахынц, уымæн æмæ фаг бакуыстгонд не ‘рцæуынц. Нырæй фæстæмæ нæ ног проектты хъæудзæн бæлвырд равзарын, бæстон сыл бакусын, цæмæй сæм инвестортæ се ‘ргом раздахой. Уый нæ къухы куы бафта, уæд архайдзыстæм фидæны федералон программæйы, уыцы проекттæн та нын федералон бюджетæй ратдзысты æхцайы фæрæзтæ, кæцытæ нысангонд сты нæ республикæйы фæрныгадæн. Æппæт дæр у нæхицæй аразгæ», – загъта Битарты Вячеслав.

Цæмæй нæ республикæ федералон программæйы архайа, уый тыххæй ма Битары фырт фæсидт районты разамонджытæм дæр, цæмæй уыцы хъуыддагмæ се ‘вæрæн бахæссой. Куыд фехъусын кодта, афтæмæй бынæттон бюджетæй æххуыс исдзысты, сæ æфтиаг фæфылдæр кæныныл сæхæдæг дæр чи архайа, æрмæстдæр уыцы районтæ. Уыимæ Битары фырт куыд банысан кодта, афтæмæй рæхджы районты фæкъаддæр кæндзысты бирæ æнæпайда куысты бынæттæ, æнæхъуаджы хæрдзтæ, уыдон фылдæр хауынц разамындмæ. Уымæй сфæстауæрц кæндзысты ацы азы кæронмæ 54 милуан сомы.

Битарты Вячеслав ма карзæй дзырдта нæ республикæйы ихуарды ныхмæ тохы службæйы тыххæй дæр. Куыд загъта, афтæмæй разы нæу службæйы куыстæй. Стыр æхцатæ цæуы ацы куыстуатмæ, афтæмæй йæ архайд ничердыгæй зыны. Æрвылаз их ныссæрфы адæмы фæллой.

«Дзырд дæр ыл нæй, ацы службæ хъæуы, фæлæ пайда куынæ хæсса, уæд йæ дарын цы пайда у? Мæнмæ гæсгæ, уый у йæ разамынды аххос æмæ сын æркæсын хъæуы сæ куыст-мæ», – банысан кодта республикæйы разамонæг.

Ныхас ма цыд сывæллæтты сæрдыгон улæфтыл, социалон зæрдæдарæнтыл, барадхъахъхъæнæг органты куыстыл æмæ бирæ æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.