Нæ ирон адæм æрдзæй рахастой аивадмæ æгæрон уарзт æмæ æрдзон курдиат. Зарын, кафын, алыгъуызон инструменттыл цæгъдынмæ сты æвзыгъд, фæсте никæмæй лæууынц. Нæ фыдæлтæ æнусты цардвæндæгтыл аккагæй фæхастой адæмон сфæлдыстады хъæздыгдзинæдтæ æмæ нæм сæ аккагæй æрхæццæ кодтой, цæмæй сæ мах та адæттæм фидæны фæлтæртæм — афтæ наци кæны тыхджындæр, хъомысджындæр. Нæ мадæлон æвзагыл аив дзургæйæ, адæмон зарджытæ, мелодитæ æмæ ирон национ кæфтытæ бахъахъхъæнгæйæ, мах нæ культурæ æмæ нæ аивады фæрцы æмдзу кæндзыстæм рæстæджы комулæфтимæ, цæудзыстæм ног царды фæндæгтыл ныфсджын æмæ сæрбæрзондæй.

Раст уыцы стыр хъуыддагыл лæуд сты фæсивæдон студи — сатирæйы театр «Амыран»-ы минæвæрттæ дæр сæ аивадон къухдариуæггæнæг, Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист, Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист, Уæрæсейы Федерацийы фæсивæдон политикæйы къабазы Кадджын кусæг Лазарты Таймураз Константины фырты сæргълæудæй.

Стыр циндзинад æмæ æхцондзинад æрхæссынц семæ ацы театры артисттæ ныр цалдæр азы дæргъы Хуссар Ирыстоны адæмæн. Кæддæриддæр сæм æнæрхъæцæй æмæ цавæрдæр æнахуыр æнкъарæнтимæ фенхъæлмæ кæсынц хуссарирыстойнæгтæ. Æппæт аивадон жанртæй нывæзт программæ, профессионализм, музыкалон æгъдауæй иттæг хорз цæттæ номыртимæ «Амыран» æрзылд Ирыстоны алы къуымты дæр, алы ран дæр æхцондзинады арф фæд ныууадзгæйæ. Сæ миниатюрæтæ, пародитæ, цардæй ист худæджы хабæрттæ бирæ рæстæг фæдзурынц кæрæдзийæн ацы театрæн табугæнджытæ æмæ та фæхудынц, цыма артисттæ ногæй сæ разы ралæууыдысты, уыйау.

«Амыран» та радон хатт фæуазæг Цхинвалмæ йæ юмористон программæ «Пародиты изæр»-имæ æмæ Киноконцертон зал «Чермен»-мæ æрбахуыдта аивадуарзджыты. Æмæ кæд сæ программæйы ног номыртæ бирæ нæ уыд, уæддæр сæм стыр цымыдисимæ кастысты залыбадджытæ. Дæргъвæтин къухæмдзæгъд, хъæлдзæг худт æмæ арфæйы цæстæнгасимæ дыууæ сахатæй фылдæр кастысты цæгатирыстойнаг артисстæм нæ горæты цæрджытæ. Алцæмæн дæр кæрон вæййы æмæ «Амыран» дæр йæ программæ аккагæй сæххæст кодта, кæд сæ сценæйæ къухæмдзæгъд æмæ репликæтæй нæ уагътой залыбадджытæ, уæддæр. Мах бахатыдыстæм театры къухдариуæггæнæг Лазарты Таймуразмæ, цæмæй нын бæстондæр радзыртаид сæ куысты тыххæй:

— Нæ театр сырæзт 1997 азы, куыд Паддзахадон уагдон, афтæ Фæсивæдон хъуыддæгты фæдыл комитеты цур та нымад æрцыд 2001 азы. Программæйыл кусæм нæхæдæг, артисттæ иууылдæр æрбамбырд сты сæхæдæг. Ныр сын фидæм мызд дæр. Специалон музыкалон ахуырад сæ иумæ дæр нæй, аивадон ахуыргæнæндæттæ нæ фесты, фæлæ йæ куыд уынæм, афтæ стыр тырнынадимæ архайынц сценæйыл кæддæриддæр. Алкæмæн дæр сæ ис сæйраг куыст: ис нæм зонады кандидаттæ, доценттæ, аспиранттæ, æз мæхæдæг кусын уæлдæр ахуыргæнæндоны, ис нæм Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисттæ.

Цхинвалмæ фыццаг хатт æрцыдыстæм 90-æм азты. Уазал, æнæ рухс æмæ тæссаг уавæры æрæййæфтам горæты цæрджыты. Дизелон генератор баиу кодтам, уый дæр нын нæ къух кæм амыдта, фæлæ уæддæр нæ программæ кæронмæ равдыстам. Уый уыд диссаг: хъæрмуд, зæрдæхæлар æмæ æфсымæрон ахаст уыцы æвадат уавæрты, ахæм цин ныл фæкодтой, æмæ-иу мæ цæстытæ доны азылдысты. Кæд нæ программæ уæд бынтон аив æмæ цæттæ нæма уыд, уæддæр ахæм ахасты фæстæ мæхицæн загътон: «Кусдзынæн хъазуатондæрæй, цæмæй та ногæй æрцæуæм Хуссар Ирыстонмæ». Афтæ дæр рауад, ныр æй хъуыды дæр нал кæнын, цал хатты уыдыстæм Цхинвалы.

Мæн тынг фæнды, цæмæй Цæгат æмæ Хуссары фæсивæды ’хсæн иудзинад уа. Арæх фæвæййæм критикæйы амæттаг, зæгъгæ, алы хæццæ ныхасыздæхтыл цæмæн дзурут. Ирыстоны алы къуымы дæр ис йæхи ныхасыздæхт æмæ уый тыххæй мах хъуамæ ма дихтæ кæнæм. Юморæн, сатирæйæн стыр тых ис. Мах кусæм адæмæн, нæ куыст сæ зæрдæмæ цæуы, циндзинад сын хæссы — нæ сæйраг нысан уый у.

Фæнды мæ ног программæйыл бакусын, фæлæ нын рæстæг нæй — тынг арæх нæ фæхонынц алы рæттæм.
Фидæнмæ нæ театрыл æххæст кæны 20 азы. Ис нын нæхи традицитæ, ногдæр фæлтæртæ, аивадмæ сæрмагонд цæстæнгас. Мах репертуары гуырахстмæ нæ тырнæм. Сæйраг нын у программæйы, нæ ралæудтыты гъæд, фæстиуæг, залы бадджыты хъуыды.

Таймураз нын йæ дарддæры куысты сусæгдзинæдтæ иууыл нæ раргом кодта, фæлæ Хуссар Ирыстонмæ райгæйæ кæй æрцæуынц, сæ къах сæ ардæм кæй хæссы, уый банысан кодта сæрмагондæй.

— Хуссар Ирыстон æндидзы, Цхинвал бирæ фæрæсугъддæр, адæм сты хъæлдзæг. Ивгъуыд азты-иу мæхимидæг ахъуыды кодтон: ам кæд цы хъуамæ сырæза, фæлæ, табу — Хуыцауæн, ныр уавæр иттæг хорз у. Бафæнддзæн мæ, цæмæй хуссарирыстойнæгтæ цы бавзæрстой, уыцы фыдбылызтæй хызт уой, цы патриотизм сæм ис, уый та махæй алкæмæн дæр уа цæвиттон. Фæлæууыдыстут знаджы ныхмæ, бафæрæзтат, уæ хæдбардзинад байстат, æгæрыстæмæй, уæ территори дæр, гъе æмæ уын амондджынæй бантысæд цæрын уарзон бæстæйы мин-мин азты.

Фæсивæдон студи — сатирæйы театр «Амыран» дарддæр кусдзæн ног, цымыдисон программæйыл, мах та сæм кæддæриддæр æнхъæлмæ кæсдзыстæм — Хуссар Ирыстоны æфсымæрон тых æмæ уарзондзинады ахадындзинад æгæрон у кæддæриддæр.
Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.