Царды æнтыст, æхсæнады иумиаг рæзт куысты фæрцы у. О, куыстуарзондзинад кæддæриддæр кады бынаты æвæрд вæййы, уый фæрцы кæнгæ сты æппæт хæрзиуджытæ дæр, æмæ ахæм адæймæгтæй та буц æмæ сæрыстыр вæййынц канд бинонтæ нæ, фæлæ æхсæнад, стæй цы хъæуы схъомыл, уыдон дæр. Абоны уæззау рæстæджы кусæг адæймаджы авналæнтæ кæд бынтон зæрдæйы фæндиаг нал сты, уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, иутæ нæ тæрсынц зындзинæдтæй, фæлæ тырнынц фæллойадон æнтыстытæ къухты бафтын кæнынмæ. Ахæм сæрæнгуырд у Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг Хъабанты Хъазбег дæр. Канд йæхæдæг нæ, фæлæ уыцы æвæрццаг миниуджытæй фæхайджын сты йæ фырттæ Ибрагим, Сослан æмæ Батрадз дæр, æмæ иумæ архайынц сæ хæдзарады æнтыстытæ фылдæр кæныныл. Бинонтæ ацы аз зæххы фадыг райстой 30 гектары бæрц æмæ дзы байтыдтой хъæбæрхор æмæ фæззыгæнд мæнæу. Æрбалæууыд тыллæг æфснайыны рæстæг, зад æфсиртæ фырзадæй сæхи фæкъул кодтой, æмæ æнхъæлмæ кæсынц сæ хицауы фæзындмæ. Фæлæ алцы зæрдæйы фæндиаг кæм вæййы, тыллæгæфснайæн техникæ республикæйы у кадавар, æфсирон культурæты фæзуат та – бирæ фылдæр. Уымæ гæсгæ бахъуыд хæдзардзин зæхкусæджы техникæмæ рады лæууын.

Уæддæр æрæджиау фæзынд комбайн, æмæ уал цыбыр æмгъуыдмæ æфснайд фæци 15 гектары хъæбæрхор. Барухс бинонты зæрдæ сæ райсгæ тыллæгæрзадæй – æдæппæт дзы райстой 32 тоннæйы, ома гектарон тыллæгæрзад рауад 22 центнеры. Уый у тынг хорз бæрæггæнæн. Зæгъын хъæуы, тыллæджы æрконд уыдаид ноджы фылдæр, рæстæгыл æфснайд куы æрцыдаид, уæд. Райсгæ тыллæг бафснайдтой, развæлгъау цы хойрагæфснайæн бынат сарæзтой, уым. Бинонтæ тагъд кодтой сæ холлаг бабæстон кæныныл, æмæ уымæ дæр фæцырд сты – дыууæ боны дæргъы холладжы тыхтæттæ бабастой 2000 иуæджы. Сæ иу хай сын ауæй кæндзысты, фосдарджытæй кæй бахъæуа, уыдонæн, иннæты та ныууадздзысты сæхи фосæн. Ныр та Хъабанты бинонтæ тагъд кæнынц фæззыгæнд мæнæуы тыллæг бафснайыныл. Куыддæр сæм техникæ фæзына, афтæ æрæвналдзысты 10 гектары фæзуат бафснайынмæ дæр.

Канд зæхгуысты не сты цæвиттойнаг, фæлæ ма бафæзминаг сты фосдарды къабазы дæр. Цæвиттон, дарынц цыппар хъуджы æмæ сын ис уал роды, фыстæ дæр дзæвгар, уæрыччытæ та сæ райстой æмæ схъомыл кодтой 80. Æнцон хъуыддаг нæу хуыдарды къабаз, фæлæ йыл бинонтæ сæ зæрдæ нæ ивынц, æмæ уал сæм абоны онг ис 6 дзæргъы. Ныртæккæ уыдонæй ныззад 4 æмæ сæ хъыбылты иумиаг нымæц та у 50. Банысан кæнын хъæуы, хуыдæттæ кæй сты бæстон арæзт, арæгъ сты фæрсæй фæрстæм.

Цалдæр ныхасы зæгъын æмбæлы, хæдзарады уæнгтæ иууыл тынгдæр цæуыл тыхсынц уый тыххæй дæр. Цæвиттон, нæ сæм хæццæ кæны дон, æмæ æвзарынц зындзинæдтæ, бынатмæ йæ ласынц дард ранæй. Хъæуы сыхтæм радгай цы нуазыны дон цæуы, уый сæм бауадзын хъæуы 200 метры дæрддзæгæй, фæлæ сын сæ рæстагон домæн не ‘ххæст кæнынц. Ацы фарст æрбæстон кæнын хауы районы æмбæлон службæмæ, фæлæ йыл хъуыдыгæнæг дæр нæй.

ХУЫБИАТЫ Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.