28-æм октябры нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти сарæзта инспекцион азылд æмæ бабæрæг кодта нæ горæты хæрзарæзт цы æртæ уынджы цæуынц, уыдоны æмæ нæ горæты цæгатварсы дзидза-куыстгæнæн комплексы арæзтад.

 

Хицауады Сæрдаримæ ма инспекцион азылды хайад райстой РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Экономикон райрæзты министр Зæгъойты Вильям. Фæндæгты арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы комитеты сæрдар Гуыззыттаты Эдуард, Паддзахадон унитарон уагдон «Дорэкспострой»-йы къухдариуæггæнæг Лалыты Мурæт, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Димитр æмæ æндæртæ.

Уыдон уал фыццаг бацыдысты нæ горæты 13 Коммунары уынгмæ. Ацы уынг Инвестпрограммæмæ хаст не ‘рцыд, фæлæ арæзт цæуы нæ горæты администрацийы финансон фæрæзтæй. Уымæ гæсгæ йæ арæзтадон куыстытæн хатдзæгтæ сарæзта Пухаты Димитр. 13 Коммунары уынджы арæзтадон куыстытæ бынаты фенгæйæ, Хъуылымбегты Доменти цы чысыл цухдзинæдтæ федта, уыдоны тыххæй бахæс кодта, цæмæй сæ ауварс кæной.

Сæ кусæгон балц адарддæр кодтой Хуыбылты Валерийы номыл æмæ Фæскомцæдисы уынгтæм. Ацы дыууæ уынджы дæр куыстытæ сты сæ тæмæны. Бæстонæй цалцæг цæуы, ацы дыууæ уынджы астæу цы æнцойгæнæн егъау къул ис уый, кæцы цалцæггонд нæ уыдис рагæй, Фæскомцæдисы уынджы арæзт цæуынц донлæдæрсæн къанаутæ. Иннæ хайыл та куыстой тротуарты арæзтадыл. Дыууæ уынджы куыстытæ дæр цæуынц æмбæлон æмвæзадыл. Цæттæгæ-нæн куыстытæ куыд фæуд кæнынц, афтæ æрæвналынц асфальт кæнынмæ.

Фæскомцæдисы æмæ Хуыбылты Валерийы уынгтыл куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй радзырдта подрядон организаци «Люксстрой»-йы къухдариуæггæнæг Дудайты Инал. Ацы дыууæ уынджы цæрджытæ та сын дзырдтой бузныджы ныхæстæ сæ уынгтæ хæрзарæзт кæй цæуынц, уый тыххæй.

Дарддæр Хъуылымбегты Доменти æмæ йе ‘мбæлццæттæ бацыдысты Дзадтиайы фырты уынгмæ. Уым дæр уынджы арæзтады куыстытæ уыдысты сæ тæмæны, кæд изæр уыд, уæддæр. Ам дæр кæнынцасфальт сæвæрынмæ цæттæгæнæн куыстытæ, хæрзарæзт цæуынц йæ тротуартæ, йæ иу хай ныридæ-гæн у асфальтгонд. Ацы уынджы хæрзарæзтадыл та кусы подрядон организаци «Исток», йæ къухдариуæггæнæг та у Гаглойты Ацæмæз.

Азылды рæстæджы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти райгондæй баззад ацы уынгты арæзтадыл чи кусынц, уыцы подрядон организациты куыстæй.

РХИ-йы премьер-министр Хъуылымбегты Доменти ма ацы бон базонгæ ис нæ горæты цæгатварсæрдыгæй дзидзакуыстгæнæн комплекс «Растдон»-ы арæзтады куыстимæ дæр. Ацы арæзтадон объектыл кусы генподрядон организаци «Технодон», йæ къухдариуæггæнæг – Тарас Тарасов.

Объекты ныртæккæ æфсæн конструкциты куыст кæронмæ фæхæццæ кæны. Стæй иннæ куыстытæ дæр райдайдзысты графикмæ гæсгæ.

Организацийы къухдариуæггæнæг куыд загъта, уымæ гæсгæ хъуамæ сæ куыстытæ фæуой фидæн азы майы мæймæ.

Нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти йæ инспекцион азылды фæстæ сарæзта хатдзæгтæ æмæ йæ хъуыдытæ загъта журналисттæн:

– Мах нæ азылды рæстæджы федтам ацы аз ма хæрзарæзт цы æртæ уынджы хъуамæ фæуой, уыдоны. 2017 азы Инвестпрограммæмæ хаст æрцыдысты 11 уынджы, фæлæ абон куыд федтам, уымæ гæсгæ нæ горæты 13 Коммунары уынг дæр хæрзарæзт цæуы, горæты администрацийы фæрæзтæй. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ горæт схæрзарæзт кæныныл куыст цæуы, куыд Инвестпрограммæйы фæлгæтты, афтæ нæхи фæрæзты руаджы дæр.

Цы уынгтæ федтам абон, уыдон азы кæронмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты. Куыстыты фылдæр хай у æххæст. Дзадтаиайы фырты уынджы куыд федтам, афтæмæй схæрдгæнæн чысыл фæнарæгдæр ис, фæлæ уый, уынг фæтæн кæй у, уымæ гæсгæ ницы бахъыгдардзæн. Ацы уынгæн йæ иу хай у асфальтгонд æмæ йæ иннæ хаймæ дæр ацы бонты æрæвналдзысты.

Иууыл гуырахстджындæр куыстытæ бакæнын хъуыд Хуыбылты Валерийы уынджы цы æнцойгæнæн егъау къул ис, уым. Уыцы куыстытæн дæр сæ бындурон хай у фæуд. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы уынг графикмæ гæсгæ эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа ноябры мæйы. Иннæ дыууæ уынг – 13 Коммунары æмæ Дзадтиайы фырты уынгтæ дæр арæзт фæуыдзысты рæстæгыл.

Куыд зонæм, æфтæмæй ацы аз нæ горæты цæрджытæ пайда кæндзысты 13 хæрзарæзт уынгæй. Мæнмæ гæсгæ уый чысыл нымæц нæу, фидæнмæ дæр нæ фæнд ис уыйбæрц уынгтæ схæрзарæзт кæнын. Банысан ма кæн-дзынæн уый æмæ дыууæ аз æмæ æрдæгмæ хæрзарæзт уынгты нымæц дзæвгар кæй фæфылдæр уыдзæн.

Мæн стыр бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды нæ горæты уынгты хæрзарæзт кæныныл чидæриддæр кусы, æппæт уыдонæн. Нæ горæты цæрджытæм та мæ бахатын фæнды, цæмæй цы уынгтæ схæрзарæзт кæнæм, уыдон сыгъдæгдзинадмæ сæ хъус дарой. Мах арæх æвдисæн вæййæм, ногарæзт уынг бирæ рæтты калд кæй вæййынц алыгъуызон арæзтадон брæттæ. Уыдон та зындзинæдтæ æвзарын кæнынц, куыд фистæгæй цæуджытæн, афтæ шофыртæн дæр. Цæвиттонæн мæ æрхæссын фæнды Октябры уынгыл цы рухсгæнæнтæ сарæзтам, уыдонæй арæх кæй ацъæл кæнынц. Уый хорзыл дзурæг нæу, фæлæ дзы нæ размæцæуæг æв-зонг паддзахад æмæ æрхæсандæн æрхæссынц зиан. Уымæ гæсгæ нæ алчидæр йæ аудгæ ахастæй хъуымæ æххуыс кæна нæ республикæйы размæцыдæн.

Нæ азылды рæстæджы ма цы арæз-тадон объект федтам, уый уыд дзидзакуыстгæнæн завод «Ростдон»-ы сæйраг бæстыхайы арæзтад. Ацы объекты арæзтадон куыстытæй дæр баззадтæн райгондæй».

Нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти ма журналисттæн радзырдта Цхинвалы районы раздæры Ереды хъæуы цы дыргъдон æмæ талахъомылгæгæн «Ирыстоны дыргъдæттæ» æмæ дыргътæ æфснайæн арæзт цæуынц, уыдоны тыххæй дæр.

Уый та у экономикæйы реалон секторы райтынг кæныны фæдыздæхты проект, кæцы ахъаз фæуыдзæн хъæу-уонхæдзарадон продукцийы æркондæн – банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.