Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Советы нымæрдары хæдивæг Рашид Нургалиевы сæргълæудæй Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты Уæрæсейы тыхон структурæты минæвæрттæ  ам бынаты куысты фæлтæрддзинад кæрæдзийæн дæттыны нысанæн. Генералон прокуратурæ, Мидхъуыддæгты министрад, Паддзахадон æдасдзинады комитет, Фæдагурæн комитеты минæвæрттæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ дыууæ боны зонгæ кодтой куысты проблемæтæ, цухдзинæдтимæ, бæстон кодтой куысты контакттæ.

Уыцы ахсджиаг куыстæн фæстиуджытæ аразыны нысанæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид æмæ Рашид Нургалиевы сæргълæудæй уагъд æрцыд хыгъдон æмбырд.

Тыбылты Леонид æмбырды райдианы банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстон ныридæгæн æмиу кæй у фæндæгтæй, кæцы нæ хъуыды кæны йæ истори. Сæйраг хъусдард аздæхта Синагур-Карзманы фæндагы арæзтадмæ. Уый арæзт цæуы æмæ рæзы Рашид Нургалиевы хъæппæрисæй. Уыцы объект у стратегион ахсджиаг объект. Йæ куыстытæ кæронмæ конд хъуамæ фæуой мæйы æмгъуыдмæ. Уæрæсейаг коллегæты куыст банымадта ахадæн æмæ æнæмæнгхъæуæгыл, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн цы бастдзинæдтæ ис, уыдон, зæгъгæ, реализаци цæуынц æмæ ногæй мидисджындæр кæнынц Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ахастытыл дзургæйæ банысан кодта, кæй сты бæрзонд æмвæзадыл.

Рашид Нургалиев дæр райгондæй баззад фæндаджы арæзтадæй. Цы оперативон рабадт уагъд æрцыд бынаты, уый уыд регионалон æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæн: банысан кодта куысты дарддæры план, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады Советы ‘хсæн æмгуыстад, бæрæг здæхтытæ, цымыдис кодта, йæ коллегæтæ цы куыст бакодтой, уымæ.

Уæрæсейы Федерацийы прокуратурæйы минæвæртты куысты тыххæй информаци сарæзта Михаил Венецкий. Хъусдард здæхт æрцыд коррупцийы ныхмæ тох кæнынмæ æмæ уыдон фæдыл уголовон хъуыддæгтæм æркæсынмæ. Уый тыххæй сын ис иумиаг интерестæ æмæ кусдзысты æмархайдæй ацы здæхты Хуссар Ирыстонимæ.

Хуссар Ирыстоны Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уæрæсейаг коллегæтимæ куыст уыд пайда æмæ æнæмæнгхъæуæг. Куысты фæдыл арæзт æрцыд суагъæ æмæ информацион фæрæзтæн чысыл æрмæг. Ахæм здæхты равдыста фæндондзинад кусынмæ, фыдракæнддзинады ныхмæ тох кæнын æмæ сæ службæйон архайды æндæр здæхтыты æмгуыстад.

Бузныг загъта йæ коллегæтæн, уымæн æмæ æмбаргæ ахаст равдыстой уæвæг проблемæтæм æмæ дарддæр дæр кæрæдзийæн æххуыс кæндзысты. Коррупцийы ныхмæ тох кæныны йфæдыл Хуссар Ирыстоны бирæ уынаффæтæ райстæуыд. Уыдон æрвыст æрцыдысты Уæрæсейы æмбæлон ведомствотæм æркæсынмæ. Хуссарирыстойнаг фарсы ныфс ис æмæ йыл æмбæлон ведомствоты куыст кæй цæудзæн, уымæн æмæ у ахсджиаг фарст.

Уæрæсейы паддзахадон æдасдзинады комитеты минæвар Александр Крикунов йæ хыгъдон доклады куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уынаффæ кодтой экономикон æдасдзинады фарстатыл коррупцийы ныхмæ архайдтытыл, организацион фыдракæнд-дзинæдты ныхмæ тох кæныныл. Хицæнæй дзырд цыд Инвестицион программæйы фæлгæтты цы фæрæзтæ хицæн цæуы, уыдонæй куыд пайда цæуы, æппæт уыдæттыл. Сæв-зæргæ фарстытæ бæстон æрцыдысты иумиаг æмбырдтæ æмæ ныхæсты руаджы.

Хуссарирыстойнаг коллегæ Виктор Шаргаев ма ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, цымыдис кæнынц Хуссар Ирыстонмæ цы æдзæсгом подрядчиктæ æрцæуы, уыдон куыд æмæ цы хуызы æрбацæуынц. Уимæ ма уыдон ма ноджы сæхи нæ равдисынц ам профессионалон специалисттæй. Уыцы хъуыддаг растыл нæ банымадта Рашид Нургалиев дæр, уымæн æмæ, зæгъгæ, мах ныфс æвæрæм Хуссар Ирыстонæн раст уынаффæ æмæ квалифи-кациджын æххуыс бакæныны фæдыл.

«Ацы фарстатæ æдзух нæ разы æвæрдта Тыбылты Леонид дæр, цæмæй объекттæ рæстæгыл æмæ гъæдджынæй лæвæрд цæуой эксплуатацимæ»,- банысан кодта Нургалиев.

Уый тыххæй Тыбылты Леонид дæр бахаста йæ фиппаинæгтæ, ома, вæййы æцæгæйдæр цухдзинæдтæ иуæй-иу подрядон организациты куысты. Рæгъмæ рахаста бынæттон арæзтадон организациты цæсгомджын куыст, куыд «Дорэкспострой», афтæ арæзтадон æрмæджыты цех, кæцы бирæ фæрæуæгдæр кодта йæ рауадзгæ продукуцийæ арæзтадон процесс. Æмæ йæ куыст цæсгомджынæй чи нæ æххæст кæны, ахæм подрядон организа-циты фæдыл суанг 2008-2009 азтæй фæстæмæ конд ис уголовон хъуыддæгтæ. Ис реалон дæнцæгтæ, 2010-2011 азты дæр хицæн подрядчиктæ бангæй райстой бæрæг объекты арæзтады фæдыл æххæст суммæ æмæ Хуссар Ирыстоны арæнæй фæфале сты.

Тыбылты Леонид бахатыд уæрæсейаг коллегæтæм, ацы хъуыддæгты сæ фарсмæ ба-лæууын æмæ ахæм уазалзæрдæ подрядчикты бæрндзинадмæ æркæнын.

Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ Михаил Колесниченко æмæ Александр Федосеев лæмбынæг информаци сарæзтой сæ бакæнгæ куысты фæдыл. Нысан æрцыд уый, æмæ дыууæ бæстæйы Мидхъуыддæгты министрады ‘хсæн æмгуыстдзинад цæуы 2010 азы 24 январы бафысгæ сразыдзинады бындурыл. Иумиаг æмбырдты руаджы ныр бæлвырд сты фыдракæнддзинады ныхмæ тох кæныны сæйраг здæхæнтæ. Хынцыд æрцыд бæрæг зындзинæдтæ, бæстонкæнинаг фарстытæ. Уыдон фæдыл куысты рæстæджы къорд бацамындтытæ бакодтой уæрæсейаг коллегæтæ.

Оперативон уавæры фæдыл дзургæйæ, уæрæсейаг коллегæтæ банысан кодтой, кæй у стабилон. Ирыстон нæу, уæззау фыдракæнддзинæдтæ æмæ афтæхуыйнæг «закъоны къæр-ныхты» бынат кæмæн ис, ахæм бæстæ. Уый бахынцыдтой уæрæсейаг коллегæтæ. Фæлæ уый æмрæнхъ дзырд цыд, куыст кæй цæудзæн дыууæ бæстæйы æмбæстагдзинад кæмæн ис æмæ фæдагуырды цы æмбæстæгтæ сты, уыдон æрцахсыны фæдыл. Сæйрагыл нымад æрцыд профилактикон мадзæлттæ ауадзын, уæрæсейаг коллегæты фæлтæрддзинад райсын.

Рашид Нургалиевы хъуыдымæ гæсгæ Мидхъуыддæгты министрады ‘хсæн сразыдзинады бындурыл цы Координацион центр хъуамæ куса, уый фæахадæн уыдзæн сæ куыстæн, тагъд хаххыл скъуыддзаг цæудзысты бирæ вазыгджын æмæ ахсджиаг хъуыддæгтæ, эффективонæй иртæст цæудзысты бирæ оперативон фæдагурæн мадзæлттæ.

Нургалиев ма банысан кодта, ныртæккæ Уæрæсейы территорийыл дæр цæуы серьезон мадзæлттæ – æппындæр нæ кæсынц чи цы бынаты ис, уымæ æмæ бæрндзинадмæ конд цæуынц. Закъоны раз алчидæр æмхуызон у, æмхуызон дзуапп хъуамæ дæттой.

«Ныртæккæ вазыгджын эко-номикон уавæры стæм. Хуссар Ирыстонмæ цы фæрæзтæ цæуы, уыдон эффективонæй хардз хъуамæ æрцæуой. Раст æмархайды руаджы уый бафтдзæн нæ къухты», – дзырдта Нургалиев.

Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æввахс рæстæджы Хуссар Ирыстонмæ æр-цæудзæн Мидхъуыддæгты ми-нистрады минæвар Игорь Зубов. Уый у цæттæ специалист ацы фарстыты фæдыл.

Бюджетон фæрæзтæ куыд хæдзардзинæй хардз цæуынц Контролон-нымайæн палатæйы куыст æмæ архайдимæ базонгæ кæныны фæстæ хатдзæгтæ рæгъмæ рахаста Уæрæсейы Финансон мониторингы управленийы минæвар Константин Гобрусенко. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сын уыд продуктивон фембæлдтытæ. Финансты министрадимæ дзырд цыд Хуссар Ирыстоны бюджетон фæрæзтæ хардз кæныныл конт-рол кæныны терроризм финанс кæнын æмæ фыдракæндон æфтиæгтæ хибакæныны ныхмæ архайды националон системæ саразыны фарстыл.

Ныхасгæнæджы хъуыдымæ гæсгæ Уæрæсейы финансон мониторингмæ ацы фарсты фаг фæлтæрддзинад ис, хорз фæлтæрддзинад æм ис барадхъахъхъæнæг органтимæ æмархайды хъуыддаджы. Уымæй дарддæр уæрæсейаг коллегæтæ фембæлдысты Контролон-нымайæн палатæйы къухдариуæгад æмæ сæрмагонд скондимæ. Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй эффективон куыстæн ацы фа-дыджы хъæуы æмбæлон за-къондæттынадон базæ.

«Мах базонгæ стæм фыдракæндон æфтиæгтæ хибакæныны ныхмæ архайды закъоны проектимæ, кæцы ныртæккæ æркæсынмæ ис РХИ-йы Президенты Администрацийы. Уыи-мæ иумæ ныртæккæ хъæуы бацæттæ кæнын уыцы æххæстбарджын органы фæдыл нормативон-барадон акт», – банысан кодта Гобрусенко.

РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Джиоты Алан банысан кодта, ацы закъоны проектыл ныридæгæн куыст æрцыд,  æмæ цæттæ у бафыссынмæ.

«Закъоны проект уыдзæн базæйон закъондæттынадон акт. Уый руаджы республикæйы финансон системæ уыдзæн ирд. Проблемæ æвзæры æххæстбарджын орган сбæлвырд кæныны хъуыддаджы. Нæ республикæйы нæй финансон мониторингы управлени, фæлæ уыцы хæстæ æвæрд уыдзысты кæнæ Контролон-нымайæн палатæ, кæнæ Паддзахадон æдасдзинады комитетыл. Уыцы фарст хъæуы бæлвырд кæнын», – банысан кодта Алан.

Президент Тыбылты Леонид дыууæфарсон æхсæнведомст-вæйон куысты фæстиуджытæм байхъусыны фæстæ алкæмæн дæр арфæйы ныхæстæ загъта сæ æнтыстджын куысты тыххæй. Банысан кодта, ацы ахсджиаг куыст кæй хъæуы адарддæр кæнын. Сæрмагонд бузныджы ныхæстæ загъд æрцыд Рашид Нургалиевы номыл, уый фæстæ – уæрæсейаг коллегæтæн се ‘ппæтæн дæр, Хуссар Ирыстонмæ сæ æрцыд æмæ бакæнгæ куысты тыххæй.

«Республикæ цадæггай лæууы йæ къахыл, кæй зæгъын æй хъæуы, æмбæлон структурæты æххуыс дæр æй хъæуы. Мах тырнæм, цæмæй Уæрæсейы уæвæг закъæттæм гæсгæ архайæм. Уымæ гæсгæ æз сидын нæ командæйы алы уæнгмæ дæр, цæмæй фарстытæм бæрнон ахаст равдисой. Ныфс мæ ис, ацы фембæлдытæн кæй уыдзæн хорз фæстиуджытæ», – загъта Президент.

Сæ бакæнгæ куысты тыххæй Уæрæсейаг фарсæн ма бузныджы ныхæстæ загъта РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Джиоты Алан.

Уæрæсейы Æдасдзинады советы нымæрдары хæдивæг Рашид Нургалиев дæр арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны паддзахады сæргълæууæгæн йæ райст æмæ уæрæсейаг колле-гæтæн æмбæлон куысты уавæртæ саразыны фæдыл. Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ нырма бирæ бакусын хъæуы контакттæ æрбæстон кæныны хъуыддаджы, кæрæдзийæн ин-формаци дæттын, практикон æмæ методикон æххуыс бакæнын æмæ æндæр хъуыддæгты.

«Ацы бакæнгæ куысты фæс-тæ барадхъахъхъæнæг органтæн фæткмæ гæсгæ куыст æмæ фидар хъуамæ æрцæуой æх-сæнведомствæйон æмгуыстады плæнттæ æмæ сразыдзинæдтæ», – банысан кодта Нургалиев.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.