Бибылты Анатоли радон хатт йæхимæ райста æмбæстæгты, уыдон развæлгъау сæ куырдиæттимæ бахатыдысты Президенты æхсæнадон исæнуатмæ.

Паддзахады сæргълæууæг фыццаг рады йæхимæ райста Знауыры районы Хъорнисы хъæуы цæрæг, бирæсывæллонджын фыд Плиты Вячеславы. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы бинонтæн лæвæрд æрцыд хъæдын хæдзар, фæлæ арæзтады цухдзинæдтæм гæсгæ æмбæрзтæй тæдзы дон.

Президент йæ рады банысан кодта, ацы фарстыл бирæ кæй нæ хъæуы уынаффæ кæнын æмæ бахæс кодта, цæмæй æмбæрзт раивой.

Æмбæстæгты райсты рæстæджы республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы минæвар Сиукъаты Олег куыд банысан кодта, афтæмæй парти «Иугонд Ирыстон» æххуыс кæны бирæсывæллонджын бинонтæн.

«Мах зонгæ стæм ацы бинонты проблемæимæ. Æрæджы сын самал кодтам телевизор спутникон антенæимæ, сывæллæттæн та дзаумæттæ балхæдтам», – загъта Сиукъайы фырт.

Сиукъаты Олег ма банысан кодта, хæдзар раст арæзт кæй не ‘рцыд, æгæрыстæмæй, йæ быны фундамент дæр кæй нæй.

Президент загъта, зæгъгæ, аразджыты рæдыдтытæ хъуамæ сраст кæной республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрад, уыдонмæ хъæуæг техникæ кæй ис, уымæ гæсгæ.

Хæдзары æмбæрзт раивыны тыххæй Президентмæ бахатыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Беппиты Владимиры чызг Тамарæ. Бибылты Анатоли ацы проблемæ аскъуыддзаг кæнын бахæс кодта парти «Иугонд Ирыстон»-ы минæварæн.

Ахæм проблемæимæ ма Президентмæ бахатыд Хуссар Ирыстонæй НТВ-йы проект «Ты супер»-ы хайадисæг Плиты Ланæйы нана Тедеты Заирæ.

«Мæ æртæ хъæбулы хъæбулы æз иунæгæй хъомыл кæнын. Уыдон сидзæрæй баззадысты. Иунæгæй мæнæн ахæм фадат нæй, цæмæй мæ хæдзары æмбæрзт раивон», – загъта Тедеты чызг.

Бибылты Анатоли ныфс бавæрдта, ацы аз хæдзары æмбæрзт æнæмæнгæй кæй раивдзысты.

Афтæ ма Президентмæ бахатыдысты цалдæр адæймаджы, цæмæй сын сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæной.

Дзигойты Александр, ветеран-афгайнаг, бахатыд Президентмæ, цæмæй йын йæ уæззау рынчын бинойнаг æмæ чызгæн схос кæнынæн материалон æгъдауæй баххуыс кæна.

Бибылты Анатоли барамынд радта, цæмæй æрвылмæй дæр Президенты фондæй ацы бинонтæн хицæн цæуой æхцайы фæрæзтæ.

Президентмæ махимæ райстмæ æрбацыд Сюзаннæ Баиндурова. Уый у сидзæр, ис ын дыууæ æфсымæр-инвалиды. Сюзаннæйæн йæ мад нæ кусы, йæ рынчын сывæллæттæм кæй кæсы, уымæ гæсгæ. Сюзаннæ æрбацыд Президентмæ куыстæй йæ сифтонг кæныны тыххæй.

«Æз фæдæн уæлдæр ахуыргæнæндон «Техносферон æдасдзинад»-ы дæсныйадыл. Бирæ хæттыты бахатыдтæн æндæр æмæ æндæр ведомсвотæм куысты тыххæй, фæлæ алы хатт дæр истон æппæрццаг дзуаппытæ, куысты фæлтæрддзинад мæм кæй нæй, уымæ гæсгæ», – загъта Сюзаннæ.

«Рауагъдонтæм куысты фæлтæрддзинад никуы фæзындзæн, фадат сын куынæ дæттæм, уæд», – загъта Президент æмæ бахæс кодта, цæмæй мæйы размæ цы кадрон резерв арæзт æрцыд, уырдæм æй бахæссой.

Президентмæ ма бахатыд Знауыры районы фермер Гобозты Алан, цæмæй йын баххуыс кæна, цы хъæууонхæдзарадон продкуци уадзы, уыдон реализаци кæныны.

«Горæт Цхинвалы администрацийæн йæ бон у дæ фыдызгъæл дын æлхæна 320 сомæй, 270 сомы бæсты, æмæ ды та иу аик хъуамæ  уæй кæнай 5 соммæ нæ, фæлæ 4 сом æмæ 50 къапекмæ. Æхсыр уæй кæнын та дæ бон суыдзæн, пастеризатор куы самал кæнай, уый фæстæ. Кæд дæм æхцайы фæрæзтæ нæй ифтонггад балхæныны тыххæй, уæд Экономикон рæзты министрадмæ бахат, цæмæй дын кредит радтой чысыл æмæ астæуккаг бизнесы уæлбар кредитон программæйы фæлгæтты», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.