29-æм августы изæрæй Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры нæ университеты Ирон филологи æмæ РАМП-ы факультеты «Актерон аивад»-ы дæсныйады рауагъдонтæн цытджын æгъдауæй радтой дипломтæ.

Цытджын церемони райдыдта Театралон фæзуатæй. Бæрæгбонвæлыст фæзуаты 12 æрыгон артисты хæрзкондæй рацыдысты сырх гауызыл. Уыдоныл сæ ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ æмæ республикæйы æмбæстæгтæ æмбæлдысты цины æнкъарæнтимæ, дзырдтой сын арфæйы ныхæстæ. Сырх гауызы фæстæ адæм сæ бынæттæ ссардтой залы.

Цытджын церемонийы фыццаг дипломæй схорзæхджын кæныны бар лæвæрд æрцыдис Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Гугкаты Эвелинæйæн. Уый фыццаджыдæр зæрдæбынæй раарфæ кодта актерон аивады дæсныйады рауагъдонтæн ацы ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын боны цытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта се сфæлдыстадон куысты стыр æнтыстытæ.

Дарддæр рауагъдонтæ сæ дип­ломтæ радгай истой хуссар æмæ цæгатирыстойнаг зындгонд адæймæгты къухтæй. Се ‘хсæн уыдысты: Республикæ Хуссар Ирыстоны фыццаг президент Цыбырты Людвиг, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист Сæлбиты Аким, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артист Тъехты Васили æмæ æндæртæ.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан дæр йæ раныхасы арфæ ракодта æрыгон артисттæн.

«Сымах стут нæ театры сомбон æмæ уын мæ цæст уарзы æрмæстдæр хæрзиуджытæ, æнтыстджын ут кæддæриддæр»,- загъта уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министр Зæгъойты Рада дæр ацы цытджын бон рахуыдта театр æмæ ирон культурæйы ахсджиаг бон æмæ банысан кодта фидæны кадртæ хъомыл кæныны ахсджиаг хъуыддаг.

«Абон нæ паддзахадон театры труппæ фæфылдæр 12 ног æрыгон артисттæй. Фæнды мæ, цæмæй нырмæ куыд тырныдтат æмæ уæхиуыл куыд куыстат, афтæ нырæй фæстæмæ дæр уæхиуыл цы кусат æмæ уæ тынг хорз артисттæ цы рацæуа», – загъта Зæгъойты Рада.

Æрыгон артисттæн ма зæрдиаг арфæйы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим дæр. Уый йæ раныхасы адæмы зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, цалдæр азы размæ куы уынаффæ кодтой, уæд аскъуыддзаг кодтой университеты театралон факультет бакæнын.

«Абон мæнæн тынг æхсызгон у паддзахадон драмон театры сценæйыл нæ рауагъдонты дипломтæй кæй схорзæхджын кодтам, уыцы хъуыддаг. Не студентты тыххæй æз сæрбæрзондæй рахызтæн сценæмæ. Арфæ кæнын æппæт уыдонæн, кæцытæ куыстой семæ æмæ сæ размæ кодтой сæ профессийы. Сымах, нæ зынаргъ ахуыргæнджытæ, афтæ архайдтат æмæ куыстат семæ, цæмæй студенттæ фыццаг курсæй рахызтаиккой сценæмæ æмæ йæ фæхатыдаиккой цы у, уый. Сæрмагондæй бузныг зæгъын Дзуццаты Тамерланæн, кæцы æнувыдæй куыста семæ», – загъта Тедеты Вадим.

Цытджын мадзалы фæлгæтты ма æрæмбырдуæвджытæн стыр экраныл равдыстой видеоæрмæг, кæцыйы æвдыст цыдис рауагъдонты ахуыры рæстæг, афтæ ма сæ куыстытæй скъуыддзæгтæ.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.