2-æм декабры Паддзахадон информацион агентад «Рес»-ыл сæххæст 21 азы. «Рес» у Хуссар Ирыстоны хабæрттæ оперативон æмæ объективонæй парахатгæнæг фæрæз.

Ацы сайтмæ æрвылмæй дæр бахизы дæсгай мин адæймаджы.

Информацион агентад «Рес»-ы равзæрд у тынг цымыдисон. Уый баст у 1990 азы сентябры мæйы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидынимæ. Ног паддзахад æрфидар кæныны тыххæй фыццаг къахдзæфтæй сæ иу уыд министрадтæ æмæ ведомствоты сырæзт, уыцы нымæцы информаци æмæ мыхуыры министрад дæр. Уæд йæ сæргъ лæууыдысты Коцты Станислав æмæ Харебаты Батрадз. Сæрмагондæй Харебаты Батрадз уыд инициатор, цæмæй арæзт æрцæуа информацион агентад 1995 азы 2-æм декабры. Харебаты Батрадзы бафæндыд, цæмæй агентадæн лæвæрд æрцæуа «Рес»-ы ном, Ирыстоны дыууæ хай, Цæгат æмæ Хуссары цы бæрзонд хæхтæ иу кæнынц, уыдонæй иуы цытæн.

Информацион агентад «Рес» абон нымад у – РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты структурон дæлхайыл. Информацион агентад «Рес»-ы къухдариуæггæнджытæ æндæр æмæ æндæр рæстæджыты уыдысты: Харебаты Батрадз, Гæбæраты Инна, Чилæхсаты Тамарæ, Харебаты Майа. Ныртæккæ агентадæн къухдариуæг кæны РХИ-йы сгуыхт журналист Джиоты Аллæ.

Банысан кæнын хъæуы агентады куысты бæрзонд æмвæзад æмæ коллективы фæлтæрддзинад. Уыдон оперативонæй радæттынц ног информаци интернеты хызæгыл. Сæ куысты дæснытæ сты уацхæсджытæ Пухаты Нинæ, Чехойты Ингæ, Гæбæраты Элинæ, Плиты Этери, Плиты Эка, Хуыбиаты Зæринæ, англисаг æвзаджы тæлмацгæнæг Багаты Лаурæ, сайты администратор Джиоты Игорь. Се ‘ппæт дæр уæхскуæзæй кусынц, куыд кусгæ бонты, афтæ улæфтбонты дæр.

Æрвылбонон проблемæтæ æмæ зындзинæдтæм нæкæсгæйæ, агентад йæхи равдыста, куыд бæрнон, æууæнкджын æмæ оперативон информацион Интернет-ресурс.

ИА «Рес»-æн сæ бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта РХИ-йы Мыхуыр æмæ информацийы комитеты сæрдар Тыбылты Алан. Уый комитеты дæлбаруæвæг информацион агентадæн бафæндыд, цæмæй сын уа æнтыстытæ: «Мæхи æмæ республикæйы разамонджыты, стæй уын дзыллæйы номæй  зæгъын стыр бузныг нæ республикæйы цардмæ лæмбынæг хъусдард кæй здахут, нæ паддзахады æндидзынад æмæ размæцыды фарстытæ адæмы размæ кæй хæссут, уый тыххæй. Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад æмæ уды хъарутæ».

Йæ рады бузныджы ныхæстæ загъта ИА «Рес»-ы къухдариуæггæнæг Джиоты Аллæ дæр.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.