Цытджын æмбæстæгтæ!

Хицауады æмæ мæхи номæй арфæ кæнын сымахæн — Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн Конституцийы боны цытæн!

2001 азы 8 апрель ист чи æрцыд, паддзахады уыцы Сæйраг архайæг закъон æрфидар кодта Хуссар Ирыстоны адæмы историон фæндаг равзарыны æмæ хæдбар паддзахады цæрыны, сæ хæдбындур культурæ, æвзаг æмæ хæдбындурдзинад бахъахъæныны бар.

Конституцийы æвæрд паддзахадон арæзтады æмæ æхсæнадон-политикон хæрзарæзты, социалон рæстдзинады, сæрибардзинад æмæ демократийы, уыцы фундаменталон бындуртæ царды сæххæст кæнын, уый хуымæтæджы хæс нæу. Уый аскъуыддзаг кæнын къухы бафтдзæн æрмæстдæр æппæт паддзахадон институтты биноныг куысты руаджы.
Республикæйы къухдариуæгад бирæ хъарутæ здахы Конституцийы æппæт уагæвæрдтæ æххæст кæ-нынмæ, нæ бæстæйæн дунеон тыгъдады хорз ном скæныны сæраппонд.
Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Ацы нысаниуæгджын бон айсут иууыл хуыздæр фарны, царды хæр-зты æмæ хæрзиуджыты фæндиæгтæ!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.