Æвзонг Республикæ Хуссар Ирыстон йæ райрæзты ныр равзæрста цыппæрæм президенты. Махæн стыр æхсызгон у нæ архайды фæстиуæг: Республикæ Хуссар Ирыстон рæзы, фæлæ нырма хъомылкæнинаг у. Æрвылбон дæр архайын хъæуы ууыл, цæмæй тагъддæр байдзаг уа нæ паддзахадæн йæ формӕ политикон, культурон, экономикон æмæ зонадон фӕстиуджытӕй. Уымæн æмæ, мах, фыццаг æрсидты депутаттæ не ʻвзаджы бартæ хъахъхъæнгæйæ, нæ адæмы абоныл аудгæйæ, иу дæр уыцы заманы царды хуыздæр уавæртæ æмæ финансон фæрæзтæ ссарыныл нæ хъуыды кодта (суанг ма мызд дæр нæ истам), фæлæ куыстам ирон адæмы сомбоныл, йæ æппæтварсон райрæзтыл. Растдæр нын уымæн бантыстис ахæм ахсджиаг æмæ хъомысджын хъуыддæгтæ саразын:

– 1991 азы Декабры мæйы 21-æм боны райстам РХИ-йы хæдбарады сæраппонд деклараци;

– 1992 азы Январы мæйы 19-æм боны бацæттæ кодтам æмæ ауагътам паддзахады хæдбарады сæраппонд референдум;

– 1992 азы Майы мæйы 29-æм боны æхсæнадæмон бартæ бахъахъхъæнгæйæ райстам РХИ-ы хъысмæт скъуыддзаггæнæг хæдбарады Акт, куыд сæрмагонд Паддзахад;

– Бацæттæ кодтам РХИ-ы арæнты тыххæй Меморандум æмæ арвыстам æмбæлон сидт УФ-йы Уæлдæр Советмæ, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ʻхсæн арæнтæ ма æрæвæрыны тыххæй;

– Бакуыстам æмæ райстам РХИ-йы фыццаг Конституци;

– Ирон æвзагæн радтам паддзахадон статус;

– Бакуыстам æмæ сфидар кодтам РХИ-йы бæстæйы геральдикон символтæ – герб æмæ тырыса;

– Гуырдзыстонимæ информацион хæсты архайдтам эффективон фæрæзтæй: æппæт дунейы адæмтæн æмбарын кодтам нæ архайды кæй хъахъхъæнæм æхсæнадæмон бартæ хынцгæйæ, РХИ-ы хæдбарады политикон-барадон бындуртæ, æрвыстам сидтытæ пад-дзахадты æмæ хицауады разамонджытæм гуырдзиаг фашизмы æруромыны тыххæй; гуырдзиаг агрессорты æвирхъау, æбуалгъы фыдмиты ныхмæ тымбыл кодтам дзæвгар нымæц адæмы митингтæ æмæ пикеттæ æмæ ма уыдон къухæй бабынуæвæг Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æмæ Хуссар Ирыстоны сабыруæвæг цæрджыты скуынæг кæныны ныхмæ арæзтам ИНО-мæ сидтытæ, цыран хъусын кодтам Гуырдзыстоны ʻрдыгæй ирон адæмы геноциды тыххæй, куыстам дзæвгар дзыллон информацион фæрæзтимæ Европæ, Америчы æмæ æндæр бæстæты диаспоратимæ;

– Сарæзтам паддзахадон хицауиуæгады æппæт æнæмæнгхъæуæг органтæ;

– Сарæзтам РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрад;

– Гуырдзыстон-ирон хæсты истам хайад;

– Стыр куыст бакодтам Гуырдзыстоны территорийæ лигъдæттæн цӕрӕн бынæттæ ссарыны хъуыддаджы;

– Тыхст рæстæджы Цхинвалæй сывæллæтты эвакуаци кодтам Цæгат Ирыстон-Аланимæ, Цӕгат Кавказы республикӕтӕм;

– Активон хайад истам гуырдзиаг агрессортæй Абхазы ссæрибар кæныны, афтæ ма Цæгат Ирыстоны та мæхъæлы агрессийæ ссæрибар кæныны тохты.

Ныр мах, фыццаг æрсидты депутаттæ, æнхъæлмæ кæсæм, зæгъгæ, рæстмæйы хъуыддагæн кæд æмæ цы фендзыстæм нæ Паддзахады. Раст у, инвестицион Программæйы фæлгæтты дзæвгар хорз хъуыддæгтæ æрцыд арæзт, фæлæ нæ фæнды, фермæтæм не ʻргом куыд аздæхтам (фæзынд адæмæн кусæн бынæттæ!), кусæн афтæ хъусдаринаг сты нæ царды æппæт иннæ фадгуытæ дæр: ахуырад, зонад, культурæ, идеологи, экономикæ, экологи æ.а.д.

АХУЫРАД. Нæ ныхасы мах никæй куыстæн стæм анализдæттæг, фæлæ зæгъдзыстæм нæ дзуринæгтæ, нæ фæндиæгтæ æппæт фадгуыты дæр, ирдæй, дырысæй. Æрымысæм-ма ахуырады хъуыддаг Хуссар Ирыстоны 70-æм, 80-æм азты. Уæд нæ областы райрæзтис курдиатджын æвзонг фæлтæр. Растдæр уыцы фæлтæр, абон кæд кардзыд сты, уæддæр ирдæй хицæн кæнынц æхсæнады сӕ архайдӕй. Уыдон уыдысты математиктæ, физиктæ, химиктæ, биологтæ, зоологтæ, географтæ, историктæ, этнографтæ, литератортæ, æвзаг иртасджытæ æ.а.д. Зæгъынц, зæгъгæ, иууыл хуыздæр уавæры ис уырыссаг æвзаг æмæ литературæ, æмæ хорз фæлва-рæнтæ, зæгъгæ, скæнынц англисаг æвзагæй дæр. Æхсызгон хъуыд-даг у, фæлæ дзы мах, ам бынаты, цы студентты зонæм, уыдон кæд æгъдауджын, рæсугъд фæсивæд сты, уæддæр иугæйтты йедтæмæ рӕстӕмбис нысанӕй фылдæр нæ фӕзонынц уырыссаг ӕвзаг. Зæгъын хъæуы фидарæй уый æмæ ам, нæхимæ чи баззайы, уыдо-нæй 2-3 æрæвзæрдзæн, иннæтæ иууылдæр иу дисциплинæ дæр рæстмæ нæ фæзонынц. Паддзахадæй æддæмæ лимиттӕй цæуынц фæсивæдæн сæ 15-20%, ома репетитортæм чи фæцыд 3-5-7 азы, уыдон. Иууыл иумæ та æддæмæ ацæугæ фæсивæды нымæц ахизы 250 абитуриентæй. Уыдон сты Хуссар Ирыстоны фæсивæдæн ахуыры хъуыддаджы сæ сæрæндæртæ. Уыдонӕй 5% дӕр фæстæмæ нал æрыздæхы. Чи сæ æрыздæхы, уыдон иу уагдонæй иннæ уагдонмæ цæуынц куыстагур. Æмæ нæ кæд нæ хъуыдысты уыцы дæсныйæдтæ, уæд цæмæн æрвыстам уыдон лимиттæй?! Махмæ растдæр афтæ кæсы æмæ лимиттæ раздахын хъæуы ахуырады министрадмæ æмæ уагдæттæ иу афæдз раздæр хъуамæ сæхæдæг æркурой цавæр дæсныйæдтæм арвитын хъӕуы лимитæй уыцы уагдонӕн. Уагдон афтæмæй семæ хъуамæ бадзырдыл йæ къух æрфысса æмæ ма йын æххуыс дæр кæна йæ ахуыры рæстæджы. Кæд кадр нал æрыздæха, уæд студент хъуамæ уагдонæн æмæ Паддзахадæн бафида, цы йыл бахардз кодтой ахуыргӕнгӕйӕ, уыцы фæрæзтæ. Абитуриент йæхи фæндæй кæд ацæуа ахуыркæнынмæ, уæд уымæн æххæст дзуаппхæссæг нæу хицауад, фӕлӕ гӕнӕн уӕвгӕйӕ хъуамӕ уымӕн куысты бынат ссара. Гъе, фæлæ цæмæй нæ ахуыры хъуыддаг хуыздæр ацæуа, уый тыххæй куы спайда кæниккам нæ раздæры ахуыры уагæвæрдæй – бакæнæм профилон кълæстæ, профилон скъола дæр гæнæн ис, фæлæ сæ хъуамæ ахуыртæ уадзой фæлтæрд, квалификациджын ахуыргæнджытæ. Афтæ ма Цхинвалы скъола-интернатмæ æртымбыл кæнын хъæуы Республикæйы скъолатæй иууыл курдиатджындæр ахуырдзауты 5-æм къласæй уæлæмæ æппæт дисциплинæтæй дæр, суанг ма зарынмæ дæр курдиат кæмæ ис, ахæмты. Зæгъæм, цæмæн фесæфтам нæ аивадæн Къуыдаргомæй æвзонг зарæггæнæг Джиоты Къостайы. Ахæм фæсивæд сты нацийы хæзнатæ æмæ сæм рæстæгыл нæ хъус æрдарæм. Ахуыртæ хъуамæ уадзой 9-æм къласæй уæлæмæ университеты доценттæ æмæ профессортæ университеты кӕнӕ ХИЗИ-ы «чысыл университет» бакæнгæйæ. Искæцы дæсныйадæй иунæг курдиатджын ахуырдзау дæр куы æрæвзæра, уæддæр бакусын хъӕуы йемӕ. Цыбыр дзырдæй, саразын хъæуы курдиатджын  ахуырдзауты Центр.

Ныр та нæ фæнды зæгъын уый дæр ӕмӕ лимиттæ развӕлгъау куы байуарынц, уӕд скъоламæ, уроктæм уыцы ахуырдзаутӕ нал фæцæуынц. Уыцы ахуырдзауты ахæм ахаст иумæйагæй æндавы лимиттæ чи нæ райста, уыдоныл. Сæхимидæг фæцъæл вæййынц, сæ ныфс асæтты. Гъе стæй ахуыргæнджытæ дæр сæхи нал бафæллайын кæнынц æрмæгыл кусгæйæ (алкæцы нæ!). Ахæм æбæрндзинад хæссæг ахуыргæнджытæ ма ахуыры рæстæджы дæр се уæнгтæ æркалынц, нал фæтырнынц æрмæг цымыдисонæй бамбарын кæнынмæ, уымæн æмæ уымæн къласы ис репетитортæм цӕуӕг 5-7 ахуырдзауы, æмæ сæ ныфс æвæры олимпиадæтæ, гом уроктæ уадзгæйæ. Къласы иннæ ахуырдзаутæ аззайынц æрмæгæй фæсвæд. Уымæн æмæ ахуыргæнæг тынг нæ тыхсын кæны йæхи, æмæ къласы бахъуыды рӕстӕджы ис фидар цæджындз æмæ сæ цудын нæ бауадздзæн.

Советон скъолаты ахуырдзаутæ репетитортæм нæ цыдысты, фæлæ-иу Ирыстонæй дзæвгар рауагъдоны бацыд ахуырмæ МГУ, ЛГУ (ныр СПбГУ-мæ) æмæ сæ-иу каст фесты сырх дипломтыл. Уæдæ мах хъуыдымæ гæсгæ кӕд ӕнӕ репетиторы ӕххуысӕй ахуырдзау йӕхи нӕ цӕттӕ кӕны, уӕд уыцы репетитортæ хицауадæн хъуамæ хъалон фидой, уа сæм сертификаттæ дæр. Уымæн æмæ сæ абоны куыстмæ хицауад бацæттæ кодта æмæ сыл финансон фæрæзтæ бахардз кодта. Ахуыргæнджытæ кӕд сæ мыздæй фидынц паддзахадæн хъалон, уæд репетитортæ дæр уыцы дипломтæ райстой. Афтӕ-ма мах хатæм АКБИ-йы (Ахуыргæджыты  квалификаци бæрзонд кæныны институт) разамынадмæ, цæмæй иу кӕцыдӕр дӕсныйадӕй æппæт авторты чингуытыл бакусой мæйгæйтты æмæ хуыздæр æрмæджытæ иу ранмæ æрбатымбыл кæной ӕмӕ сæ хицӕн чиныгæй рауадзой мыхуыры. Ацы ран нæ зæгъын фæнды уый дæр æмæ ахуыры здæхт кæй у уырыссаг æвзаджы ʻрдæм, сахаттæ дæр бирæ фылдæр сты, афтæ англисаг æвзагæй дæр. Хорз у иннæ ʻвзæгты зонын, фæлæ ахӕм ахастӕй ирон ӕвзагмӕ скъолаты ирон ахуырдзаутӕн сæ национ хиæмба-рынад кæй дæлдзиныг кæнынц, сæ этникон культурæйæ сæ кæй иппæрд кæнынц, уый хъуамæ æмбарой. Министрады разамонджытæн мах фарст æвæрæм афтæ: иууылдӕр Ирæттæ не стæм!!? Сдзуапп кӕндзыстӕм: – О! Ӕмӕ уӕд бафӕрсӕм нӕхи: «Цас бæрцæй сбадт нæ хъуыдыйы, нæ сæрымагъзы æндæр æвзаг æмæ нæ зарæг дæр, нæ ныхас дæр стæмхаттæй дарддæр нӕхи ʻвзагыл кӕй нæу, уый ӕмбарӕм ӕви нӕ?» Афтӕ зӕгъӕн нӕй ӕмӕ не скъолаты иууылдӕр гъӕйтт-мардзӕ ахуыргӕнджытӕ ис, ис дзы сӕрӕндӕртӕ, лӕмӕгъдӕртӕ, фӕлӕ иумӕйагӕй куыст тынг нӕ зыны. Уыцы хъуыддаджы иттӕг раппӕлинаг сты ССГ ахуыргӕн-джыты къорд, фидар зонындзинӕдтӕ бацамоныны фӕндагыл лӕуд сты. Уыдон куыст бафӕзминаг у Республикӕйы районон администрациты ССХ ахуыргӕнджытӕн. Искуы нӕ исчи ахъуыды кодта ууыл æмæ хӕрз хуымӕтӕджы рауагъдоны лентæ саразын кæнæм иронау?! (ирон-уырыссагау). Ууыл дæр, æмæ ма рауагъдонтæ цы фынгтæ ныззилынц! Алкæцы ныййарæгæн йæ бон нӕу уыцы хӕрдзтæ схæссын… хæстæ фæисынц, æмæ кæцыдæр ахуыргæнæг та зынаргъ лæвæртты хицау бавæййы. Сомбон къласы æрымысынæн махмæ гæсгæ фаг у къласы иумæйаг къам сæ къухæрфыстытимæ, цавæрдæр мысинæгтимæ, æмдзæвгæтимæ хæрзарæзт альбом. Уыцы альбомтæ арæзт хъуамæ цæуой æппæт кълæсты дæр ахуырдзау фыццаг къласмæ куы бацæуы ахуыр кæнынмæ, уæдæй. Уæдæ къласы разамонæг æмæ хъомыладон хайы гæс сæхæдæг хъуамæ зоной архайын æппæт аппаратурæимæ дæр (нывтæ исын, видеороликтæ аразын). Æмæ рауагъдонтæн къласæй-къласмæ дырысӕй æвдыст хъуамæ цæуой йæ æппæтварсон рæзты фæстиуджытæ. Кæд цавæрдæр этапыл йæ ахаст ахуыр-мæ къуыхцытæ райдыдта, уæд скъолайы психолог, медхо æмæ ныййарджытæ хъуамӕ иумæ æркæсой ахуырдзауы уавæрмæ.

Иннæрдыгæй та нæ фæнды нæ интернаты чи ахуыр кæны, уыдон бинонты уавæрмæ æркæсын. Фарст æвæрæм афтæ: кæд сывæллонæн ис мад æмæ фыд æмæ уыдон фæллой кæнынц хъæуты, уæд сывæллон цæмæннæ цæуы ахуырмæ сæхи зылды скъоламæ?! Уый у иууыл стырдæр рæдыд нæ архайды. Кæнæ сывæллон бынтон сидзæр нæу, цардфæразон у мад, сывæллон интернаты цы аразы? Фарст ма æвæрæм афтæ дæр, Ленингоры «Сидзæрты хæдзар»-ы куыст цæуы гуырдзиагау æмæ цыма хуыздæр нæ уаид, нæхи интернатæй хицауджын сывæллæтты сæ хъæутæм аздахын æмæ ардæм ракæнын Ленингоры «Сидзæрты хæдзар»-æй сидзæрты. Сидзæрты хæдзары та бакæнæм хохы гуырдзиаг сывæллæттæн интернат, цӕмӕй сын сæ ахуыры цыдмæ хуыздæр хъусдард аздахӕм. Иннæ астæуккаг скъола та уæд Къоринтайы æмæ æввахс хъæутæй сывæллæттæ цæудзысты уырдæм. Уыцы скъолатæн тагъд рæстæджы саразын хъæуы ирон æмæ уырыссаг æвзаджы литературæйы, алфамбылайы, Ирыстоны географийы чингуытæ. Хуыздæр бакусын хъæуы семæ, цæмæй æвзæгтæ базоной, ахуыр кæнынмæ цæуой ардæм, нæ университет-мæ æмæ сæ схъомыл кæнæм Ирыстонæн кадртæ. Ахъуыды-ма кæнæм, Ирыстон сыл хардз кæны стыр финансон фӕрӕзтӕ, аразы сын уавӕртæ æмæ афардæг вæййынц стæй Гуырдзыстонмæ, уым райдайынц кусын æмæ ма сын сæ демографион уавæр дæр хуыздæр кæнынц. Ахуырыл дзургæйæ-ма зæгъдзыстæм уый æмæ махæн нæхицæн кæй хъуамæ æрцæуа арæзт ахуыры паддзахадон Программæтæ скъолайæн, астæуккаг профессионалон ахуырадон уагдæттæн æмæ фидар æрцæуой Ахуырады министрады коллегийыл. Уæлдæр ахуыргæнæндоны нæхи домындзинæдтæм гæсгæ Программæтæ та фидар цæуæнт  фыццаг деканаты рабадтыты, стæй та Университеты Зонадон Советы (рох нæ ма уæд Паддзахад кæй стæм!). Паддзахадæн та æппæт сферæты дæр хъуамæ уа йæхи спецификæ æмæ йæхи уынынад æппæт дисциплинæты хъæуындзинады  сахаттæм гæсгæ. Паддзахадон программæ «Малусӕг» æрцыдис арæзт сабидæттæн, ныр та саразын хъæуы скъолатæн ӕмӕ а.д.

ЗОНАД. Хуссар Ирыстоны скъолаты уæлдæр æрхæсгæ аххосæгтæм гæсгæ техникон æмæ æрдззонадон зонадтæ нырма нæ райрæзтысты. Активонæй рæзынц  гуманитарон зонадтæ суанг ХХ ӕнусы райдианæй. Зонад-иртасæн институт сырæзт 1922-1927 азты. Суанг ма 90-æм азтæм Хуссар Ирыстоны уыдис зонæдты дæс докторæй фылдæр. Ныр та?  4. Уыдон дæр кардзыд. 27 зонæдты кандидаты. Уыдон ʻхсæн ис егъау зонадон куыстытæ (монографитæ, ахуыргæнæн чингуытæ, дзырдуæттæ, методикон бацамындтытæ æмæ æ.ах. кӕмӕн ис, ахӕмтӕ.). Бирæтæ дзы доценттæ, профессортæ дæр систы. Ныр зæгъæм аххосаг дæр. Профессортæ чи систы, уыдонæн сæ куыстытæй дзæвгар æнцайы докторон диссерта-цийы æмвæзадмæ, фæлæ цæмæй бахъахъхъæнай искæцы зонадон Советы диссертаци, уый тыххæй уыцы Советæн хъæуы стыр финансон фæрæзтæ бафидын официалон æгъдауæй. Вæййы, дам, дзы зæгъынц æнæофициалон фиддонтӕ дæр. Иннæрдыгæй та фæстаг азты æрымысыдысты Централон журналты уацты ныммыхуыр кæнын – докторон диссертацийæн – 15-18 уацы, кандидатон диссертацийæн  5-7 уацы, – афтæ, дам у фæсарæнты дæр. Уацы аргъ та у – 8.00010.000 соммæ ʻввахс.

Уыцы хъуыддаг тынг хъыгдары нæ зонадон кусджыты. Ахъавыдыстæм иу-æртæ азы размæ диссертацион Совет бакæнынмæ, фæлæ нæ хъуыдыйыл не сразы сты «уæлейæ» бадджытæ. Зонад-иртасæн институты кæстæр зонадон кусæджы мызд у – 11.000, хистæр зонадон кусæджы (кандидаты) мызд та – 21.000-24.000 сомы. Уавæр къуындæг æмæ мæгуыр у, нæй фæрæзтæ аспиранттæ æмæ докторантурæтæм арвитынæн. Уæдӕ Паддзахады разамонджыты исты æрымысын хъæуы. Нацийæн йæ зонад куынæ рæза, уæд наци размæ никуы ацæудзӕн. Фидарæй зæгъын хъæуы иу ахæм ахс-джиаг хъуыды: ныртæккæ ирон æвзагзонынад, ирон мифологийы сахуыр кæнын бирæ зындæр уавæры ис, уымæн æмæ нæй кадртæ: рагон ирайнаг (Авеста) æвзагæй, рагон персайнаг, астæуккаг персайнаг, нырыккон персайнаг æвзæгтæй, рагон гуырдзиаг, рагон сомихаг, æппæт Кавказаг æвзæгтæй, классикон æвзæгтæй. Æнæ уыцы зонӕдтӕ зонгæйæ та иу ахсджиаг фарст дæр, боны фæстагмæ афысгæ фонетикæ, грамматикæ æмæ синтаксисӕй дӕр иртасæг арф куыст нæ сараздзæн. Фæлæ афтæ зæгъæм æмæ нæ европæйаг æвзæгты ахуыртæ нæ хъæуынц, зæгъгæ, раст нæ уыдзыстæм. Æвзаг-ахуыртимæ хъæуынц: историктæ, археологтæ, этнологтæ, психо-лингвисттӕ, социолингвисттӕ. Кæсут абон нæ цæгаттаг сыхæгтæ ӕмӕ-ма Абхаз дæр куыд ныдздзелæг сты Нарты кадджытыл, Аланты номыл æмæ ма дунейы дзырддзæугæдæр ахуыртæй иуæй-иуты фæкъул кодтой сæхи ʻрдæм.

Цæмæй ранымайгæ дæсныйæдтæй дыгай кадртæ уæддæр схъомыл кæнæм, арвитæм ахуыр кæнынмæ суанг фæсарæнтæм, уый тыххæй уыцы курдиатджын ахуырдзауимæ бакусын бахъæу-дзæн суанг 5-æм къласæй, кæй зæгъын æй хъæуы, йæхи æмæ йæ ныййарджыты фæндондзинад хынцгæйæ. Ахуыр фӕсивӕдӕн саразын хъӕуы царды ӕмӕ куысты уавӕртӕ. Ӕмӕ ногӕвзӕрст хицауады фӕрцы, кӕд цалцӕг ӕрцӕуид нӕ зонад-иртасӕн институт дӕр.  Бирӕ хатт афтӕ дӕр ӕнхъӕлӕм ӕмӕ йӕ ныу-уагътой ӕнӕцалцӕгӕй куыд Гуырдзыйы агрессийы бӕрӕггӕнӕн, афтӕ. Хъæуы сæндидзын кæнын æвзаг æмæ национ спецификæ бафидар кæныны хъуыддаг, нацийы идеологи Симпозиумтæй, фундаменталон куыстытæй, цыртытæй. Зæгъæм, Паддзахады ӕмвӕзадыл, райдайæм нысан кӕнын Мады бæрæгбон – Кæхцгæнæны, «Уарзондзинад æмæ æнувыддзинад»-ы бæрæгбон – Джеуæргуыбайы къуырийы кæрон, уымæн æмæ Азау æмæ Таймураз Джеуӕргуыбаты райгуырдысты. Æмæ уыдонæй стырдæр уарзондзинад, ӕнувыддзинад никæцы хъайтартӕм уыдис.

Зæгъын ма нæ фæнды, горæты центры цы къахпортийы фæзуат æрцыд арæзт 2000 азты, уый тыххӕй дӕр. Уæды рæстæджы разамынад æрмæстдæр ацы хъазæн фæз кæй сарæзта Республикæйы монон центры, уымæй дæр у азымаг. Йæ алыварс: Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт, горæты №6, №3 астæуккаг скъолатæ, уни-верситет, нæ газетты æмæ журналты редакцитæ. Трактортæ куы æрбаскъæрдтой тыгъдад асыгъдæг кæнынмæ, уæд сæм æрхызтысты не ʻхсæнады намысджындæр профессортæ, дзӕнӕттаг Гаглойты З.Д., Цхуырбаты З.Д., зæгъгæ, уый цы архайут, ацы ран ахæм хъазæн фæзуатæн аразæн нæй. Уæд аразджытæ фехъусын кодтой уӕлӕмæ. Уысммæ уым фестадысты æмæ ныхъхъæр кодтой: «Вперед ребята, это «сонное царство». Цы гæнæн ма уыдис, сылгоймæгтæ сæ кабинеттæм ссыдысты фæстæмæ. Фæлæ уæдæй абонмæ нæ фæсивæдæй зонад-иртасæн институты кусджытæ, фысджыты Цæдисы кусджытæ цыхуызæн æлгъыст нæ фехъуыстой хъæр, хъыллистимæ, ахæм нæй, уымӕн ӕмӕ фӕсивӕд уым фæхъазынц къахпортийӕ.

Зонадон куыст сабырдзинад уарзы, фæлæ – марадз зæгъ. Мах хатæм нæ разамынадмæ, цæмæй уыцы хъазæн фæзæй акæной сывæллæтты стадионмæ æмæ ам та арæзт æрцæуа горæты улæфæн бынат, Кады аллея æмæ дзы нæ иууыл стырдæр кады адæмæн – цыртытæ сæвæрӕм, 30-ӕм азты троцкизмы азарæй чи басыгъд, уыцы стыр кады аккаг интеллигенцийы минæвæрттæн. Иумæйагæй та зæгъдзыстæм уый, æмæ зонад-иртасæн институты æрмæстдæр Уанеты Шакро, Гæбæраты Сослан, Цхуырбаты Зелим ӕмӕ Вахтанг, Плиты Баграт, Санахъоты Мурат, Биазырты Алыксандр, Дзуццаты Хадзы-Мурат, Гæбæраты Никъала, Гаглойты Зинæ, Цхуырбаты Иван, Цхуырбаты Замирæ, Зӕгъойты Евгения, Джусойты Нафи, Тъехты Баграт, Гаглойты Юри, Джиоты Мурат, Гаглойты Роберт, Битарты Зойæ, Дзиццойты Юри, Хъазиты Мелитон, Бигъуылаты Ирӕ æмæ æндæртæ цы стыр лæггад бакодтой æмæ кæнынц Ирыстонæн, уымæн саргъгæнæн нæй. Уæлейæ бадджыты чиныг кæсынмӕ не ʻвдӕлы ӕмӕ  сын зонадон кусджытæ сты  «Сонное царство», иугӕр хъӕр, хъыллист нӕ кӕнӕм, уӕд.

КУЛЬТУРӔ. Ахуырад, зонад æмæ культурæйы райрæзт сты национ этникон культурæйы æвдисæндартæ æмæ нæ фæнды чысыл нæ культурæйы кой дæр  скæнæм. Сæрысуангæй нæ фæнды цыбыртæй зæгъæм культурæйы æмбарынады тыххæй: адæм сæхи физикон æмæ зонынæдты фæрцы цы æрымысынц, цы саразынц ӕнусты дӕргъы, уый у культурӕ. Ома æхсæнады идейон æмæ хæрзвæткон уавæр, кæцы бæлвырд цæуы æхсæнады материалон уавæртæй: адæмы цардуагæй, идеологийæ, ахуырад æмæ хъомыладæй, зонады, аивады, литературæйы райрæзты фæстиуджытæй. Афтæмæй культурæ ивы æхсæнады ног ралӕугӕ периоды райрæзтимæ, уыцы æхсæнады кондады фæрæзтæй. Æхсæнады кæддæриддæр разамынад кæны сӕйраг къласы культурæ. Уæдæ мах, ирӕттӕ, цавæр разамынадон къласы культурæ рæзын кæнæм? Цыбыр дзуаппæй – цы нын ис, уый нæм ис. Ахуырад æмæ зонады тыххæй нæ хъуыдытæ загътам, хæрзвæткондзинад, ома хъомылад дæр нырма иу бынаты зилдух кæны, литературæ дæр йе ‘ргом здахын, йæхи æвдисын райдыдта уырыссагау, аивады фылдæр ирд нывтæ зыны, фæлæ…

Раст зæгъгæйæ, 90-æм азтæй фæстæмæ Культурæйы министрад иууыл ахсджиагдæр куыст бакодта фæстаг азты, фæарæхдæр сты ансамбль «Симд»-ы равдыстытæ. Скъолаты дæр Хореографийæн сæрмагонд рæстæг рахицæн кодта Ахуырады министрад. Фæзындис дзы сæрæн ансамблтæ: «Скиф», «Кафт» æ.æнд. Зарыны, дзырдарæхсты дæсныйæдтæ – нырма  мæгуырау. Уыдон рæзгæ фæлтæр сты, фæлæ цы зæгъинаг стæм нæ культурæйы, артдзæст – Къостайы номыл Паддзахадон театры тыххæй та?! Фæзæгъæм – театр кæй басыгъд, уый æбуалгъы цауы аххос у æмæ куы басыгъд, уæд исчи искæй æрфарста? Нæ. Цæмæннæ? – Алцыппæт дæр хæсты фæстиуæг схуыдтам, фӕлӕ дзы егъау аххосӕгтӕ уыдис. Театр схъеллауаг, æмæ æрæнцадысты иу къуымы. Диссаг у, бынтон куыннæ ныкъкъуырма сты нæ артисттæ. Нӕ театр г. Мæскуымæ ахуырмæ куы фервыста 2009 азы цæгаттаг фæсивæды 8 адæйма-джы, хуссарæй дӕр дзы уыдис 8 ӕвзонджы. Уыдонæй абон ам архайынц Мамиты Григори æмæ Мӕргъиты Ингӕ. Бузныг сын зæгъæм уыдонӕн, кæй нæ фæлыгъдысты ардыгæй. Цæгаты фæсивæд дæр нæхиуæттæ сты, фæлæ нæ цыбыркъух хицауад бафыста семӕ бадзырдтӕ дӕр, цӕмӕй нӕ театрмӕ æрыздæхой. Фӕлӕ сӕ фӕрсгӕ дӕр ничиуал ӕркодта, куынӕуал сӕ ӕрфӕндыд ардӕм, уӕд. Зæгъынц, зæгъгæ, кæм цардаиккой, уый сын нæ уыдис. Æмæ сæ Н.Жуйкова ирон театрæн, йӕхӕдӕг ирон æвзаг æнæзонгæйæ, куы æвзæрста, уæд кæм уыдис нæ Культурæйы министрад? Цӕмӕннӕ сын ӕрцӕттӕ кодтой горӕты ӕмдзӕрӕндæттӕй искӕцыйы бынӕттӕ. Ныр та æнæмæнгæй къорд арвитын хъæуы ногӕй г.Мæскуымæ, фаг у рассон-бассонæн, кæд дзы нæй режиссертӕ, уæд агурæм фæсивæды ‘хсæн æмæ æнæ къуылымпыйæ арвитын хъæуы нысанмæ  здæхтæй ахуыр кæнын-мæ. Ӕгъгъӕд у кӕйдӕр къуымты кӕйдӕрты агурын!  Фылдӕр хъӕуы ирон спектаклтӕ ӕвдисын, ирон хъуыды  хӕссӕг пьесӕтӕ ӕвӕрын.

Зæгъын-ма нæ фæнды хæрзвæткон ахастыты тыххæй дæр. Сыхаг – сыхаджы, æфсымæр-æфсымæры, æрвад-æрвады удхæссæг фесты. Цы ныл æрцыд, ирон адæм?! Дзуапп: Иутæ давæггагæй смулкджын сты, иннæмæн ницы ʻнтысы. Иутæн сæ мӕгуыр амӕлӕг  хæдзæрттæ ӕмӕ цард ссарын кæны сабæттæгтæй, иннæ та дзы гæвзыкк свӕййы. Иутæ «Ирыстоны хорзмæ бæлгæйæ» бонизæрмæ тыргъты сæ хъиутæ хæрынц, нуазынц, кувынц æмæ ма корпусты раз къахæвæрæнтæ дæр ацарæзтой, цæмæй сæ уæладзыгтæм хизын ма хъæуа, иутæ корпусты «готовая кухня»-тæ бакодтой, иннæтæ та хæринаджы хæрздæфмæ афтид къæбæр æхсынынц. Цы у? Кæм стæм? Чи стæм? Бæрæг нал у. Æмæ уæд хицауад, милици, полици кæм сты, корпустæ фестадысты зылын-мылын мæсгуытæ: лоджитæ фестадысты 10 метры залатæ. Хæрзиуæгтæ  иутæн! Иннæтæн та сæ цæссыг мизы, кæд кусы, уæддæр. Фарста æвæрæм афтæ: Кæдмæ?! – Цалынмæ æвæгæсæг уæм, уæдмæ. Ӕвӕгӕсӕджы аххосӕй корпусты электрон хынцӕгтӕ (счетчиктӕ) хицауджынтӕн рахастой тыргъмӕ, ӕнӕхицауджынтӕ та талынг ныккæндты тыххӕй-фыдӕй рафыссынц сӕ фиддонтӕ. Ӕвӕгӕсӕгыл нымайӕм уый дӕр ӕмӕ вогзалмӕ æмæ «Мегафон»-мӕ бахизӕнты нӕй рухснысан (светофор). Уырдӕмыты та иттӕг бирӕ адӕм цӕуы, уӕлдайдӕр – университетмӕ. Ӕмӕ та цалынмӕ ӕбуалгъы цау ӕрцӕуа, уӕдмӕ  не змӕлӕм.

Саразын хъӕуы куысты бынӕттӕ! Йӕ кармӕ гӕсгӕ, йӕ дӕсныйадмӕ гӕсгӕ кусынмӕ чи нӕ кома, ууыл хъалон сӕвӕрӕм, уымӕн ӕмӕ ӕхсӕнады ӕгуыдзӕг, магуса адӕймӕгтӕ чъизи кӕнынц. Хицауад сӕ дзуапп хъуамӕ ӕрдома.

ТЕЛЕУЫНЫНАД, РАДИО. Массон культурӕхӕссӕг фылдӕр ацы дыууӕ паддзахадон уагдон сты. Абоны бонмӕ къуылыхгӕнгӕ цӕуынц, куы хуыздӕр, куы мӕгуыраудӕр. Журналисттӕ фаг ӕрмӕг нӕ кӕсынц сӕ бакусинаг темӕтӕй. Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, кӕд ӕрбиноныг кӕндзысты, кӕд фӕхӕст уыдзысты иу орфоэпион, иу мелодикон, иу интонацион фӕрӕзтыл. Ӕнӕмӕнгӕй сӕ хъӕуы стилист алкӕцы здӕхты дӕр. Корреспонденттӕ дих хъуамӕ цӕуой сӕ ӕнтыстджындӕр архайды фӕстиуджытӕм гӕсгӕ: политикон, культурон: (театр, нывкӕнынад, хореографи, зӕлвидыц, хъомылад ӕ.а.д.), ахуырадон, зонадон, хъуамӕ сын уа аналитикон центртӕ. Нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы здӕх-тытӕй хъӕуы арвитын фӕйнӕ иу журналисты 3-мӕйон стажировкӕйы. Ирон ӕвзаджы райрӕзты Къамис ПТРК «ИР»-мӕ хъуамӕ сфидар кӕна, егъау ӕххуыс сын чи бакӕна, иу ахӕм специалисты. Ӕвзаджы Къамис ма къамисы уӕнгтӕй хъуамӕ сфидар кӕна Паддзахадон уагдӕттӕм, скъолатӕм, сабидӕттӕм, астӕуккаг профессионалон ахуырадон уагдӕттӕм, театрмӕ, уӕлдӕр  ахуыргӕнӕндонмӕ. Ӕвзаджы райрӕзты къамис ма йӕ хъус хъуамӕ ӕрдара магазинты, рынчындӕтты, поликлиникӕты, уынгты, фӕндӕгты, сабидӕтты, скъолаты ӕмæ ӕндæр ахæмты нӕмтты иронау ӕмӕ уырыссагау раст ныффыссынмӕ. Афтӕмӕй афӕдз иу хатт ӕвзаджы бӕрӕгбоны, 15 майы ӕвзаджы райрӕзты къамис конференци хъуамӕ ауадзиккой сӕ куысты фӕстиуджыты бахынцгӕйӕ.

ХЪӔУУОН ХӔДЗАРАД. Фарста æвæрæм афтæ – нæ хæхтæ æмæ быдыртæ æвæгæсæгæй цæмæн баззадысты, арендæйы сæ цæмæн æмæ кæмæн радтой, уый сæ цæмæннæ пайда кæны?! Махмæ афтæ кæсы æмæ дыууæ азмæ йæ зæхмæ чи нæ бавнæлдта, уымæн сæ фæстæмæ райсын хъæуы. Цæмæн? Уымæн æмæ уый æнхъæлмæ кæсы приватизацийы  закъонмæ. Закъонæй уыдон спайда кæндзысты, æмæ сæ ныууæй кæндзысты, иуæрдыгæй нæ ʻнæзæгъинаг сыхæгтæн, иннæрдыгæй та æндæр знæмтæй бирæзæнæгджынтæн. Уыдон ма алы къуымты дæр сараздзысты сæ кувæндæттæ æмæ сæ динмæ балвасдзысты нæ фæсивæды, зæгъгæ, дам, уыдон карз нозт нæ кæнынц, хъылма нæ дымынц. Æмæ сын цыма нæ фæсивæдæн чырыстон дин афтæ амоны: «Цас нуазаг æмæ æгъдаухалджытæ уат, уыййас уӕ бынат дзӕнӕты уыдзӕн!». Æппæт уыдон уæлæнгай, хисайæн ныхæстæ, къуырма митæ сты. Уæдæ, фыццаджыдæр, хатæм депутаттæм, цæмæй цалынмæ Хуссар Иры æгъдауыл цæрын базоной, уæдмæ зæххыты приватизацийыл кæныны закъон ма райсой. Уӕдӕ арендæйы райсгӕ зæххытæ æгуыст кæмæн сты, уыдонæй сæ фæстæмæ райсын хъӕуы, саразæнт кооперативтæ хъæуты цæрджытæй, саразæнт сын уавæртæ æмæ дзы байтауæнт халсартæ, уæйæн дæр, фосæн дæр, хæрынæн дæр. Мини цехтæ балхæнгæйæ араздзысты халсарты дæттæ. Уыимæ курæг стæм нæ паддзахады Президент æмæ Премьер-министрæй, цæмæй ГМО хæлцадæй бахизæм нæ зæхх, не ʻнæниздзинад. Махæн нæ æрдз афтæ сыгъдæг у æмæ æнæ ГМО продукттæй дæр цæрдзыстæм. (кӕс чиныг: Тыбылты А.С. концепция развития производства экологически чистой продукции в Республике Южная Осетия-Ирыстон. Цхинвал, 2017.)

Кæддæр ма Ереды быдырты, Цъинагары быдырты тыдтой сæ-кæры цæхæра. Ныхасы мидæг мын загътой, зæгъгæ, Ереды быдыртæ иууылдæр сты уæй. Цъинагары быдыртæн та, дам, дон нæй. Фæлæ ис донæмбырдгæнæн саразæн æмæ йæм Монастъерæй рауадзæм дон. Загътой нын 380 миллуан сомы, дам, лæууы. Раст у  зынаргъ у, фæлæ йæ иу афæдзы æмгъуыдмæ аразӕм, æви дæргъвæтин рæстæгмæ?! Махмæ гæсгæ уым арæзт куы æрцæуа чысыл завод, кæнæ чысыл цехтæ, уæд дзы куысты бынæттæ дæр фæзындзæн, æмæ дыууæ азмæ йæ хæрдзтæ бамбæрздзæн, цæхæрайы сæкæр та, хъæзы сæкæрмæ абаргæйæ, бирæ пайдадæр у, фылдæр пайдайы минералтæ дзы ис. Ацæудзæн уæймæ алы ран дæр. Иу боны цæстæй нæ хъæуы кæсын цардмæ, фæлæ æнусондзинады цӕстæй.

Иттæг стыр финансон фæрæзтæ бакусид къуымæларазæг амалиуæггæнæг. Уый у организмæн иттæг пайдайы нуазинаг хойрагæй, кæнæ ма дыргътæй дæр. Уæлдайдæр – тæвд боны квасы бæсты. (Кӕс чиныг: Айларты Из., «Ирон фарн». Дзӕуӕджыхъӕу, 2012).

Саразын хъæуы æппæт дæр, цæмæй скуса хъæдкуыстгæнæн комбинат æмæ паркет, фӕйнӕг райдайæм уадзын, ламинаттӕй, линолиумтӕй хи хизын хъӕуы. Ӕркӕсын хъӕуы агуыри уадзӕн завод сӕндидзын кӕнынмӕ.

ЭКОЛОГИ. Кӕддӕр нӕ горӕты равӕрды нывӕст, ӕвӕццӕгӕн, уыдис стыр хъӕуы проект, ӕндӕра уынгтæ хæрзуынгæг цӕмӕн сты. Зæхх нæм цъус ис, уымæ гæсгæ корпустæ бирæ цы фадгуыты ис (Гафезы уынг, Мамсырайы фырты уынг, Нæузæххонты фадыг, БАМ, ЦАРЗ æ.æ.ах.) саразын хъæуы бирæуæладзыгон гараж-паркингтæ. Горæты хицау нæй, æндæра сæ кæд мах уынæм корпусты рæзты сывæллæтты хъазæн фæзуæттæ нæ, фæлæ ма дидингуыты фадгуытæ дæр паркингтæ систы, уӕд сӕ уыдон нӕ уынынц. Разилӕд райсомæй 6.00 сахатыл æмæ корпусты рӕзты фендзысты 3035 хæдтулгæйы ривæддон. Мамсырайы фырты ӕмӕ Островскийы уынгты алвæндагыл уыдис корпустæм хъарм дон уадзæн арæзтад. Ныр фондз азы депутатты иу къорд сиды паддзахады разамонджытæм, зæгъгæ дзы бирæуæладзыг гараж-паркинг арæзт æрцæуæд, фæлæ марадз зæгъ, аразынц, дам, дзы спорткомплекс. Уыцы спорткомплекс аразджытæн фæстæмæ аздахын хъæуы сæ финансон хæрдзтæ æмæ дзы саразæм бирæуæладзыгон гараж-паркинг æмæ рамбулдзыстæм: 1. Паркингæн йæхи мидæг арæзт æрцæуæд хæдтулгæ æхсæнтæ æмæ хæдтулгæты цалцæггæнæнтæ, хæдтулгæты хæйтты уæйгæнæн магазин. Паркингтыл дзургæйæ, зӕгъдзыстӕм ноджыдӕр æппæт ног бирæуæладзыгон агъуыс-тытæн сæ бинаг хайы ныккæндты бæсты аразын хъæуы цæрджыты хæдтулгæтæн паркингтæ. Хæдтулгæты æрлæууæнтæ зæххы бирæ тыгъдад кæй домынц æмæ нæ горæты та зæхх цъус кæй ис, уый тыххӕй. Ахæм гаражтæ-паркингтæ ма хъæуы уый тыххæй дæр æмæ корпусты алыварс кæрæдзийы фæдыл цы ныллæг арæзтæдтæ ныххал сты (горæты хуыз сафынц!), уыдон ист хъуамæ æрцæуой. Ахæм гараж-паркингты æппын къаддæр, хъуамæ куса 5060-æй адæймагæй фылдæр; 2. Корпусты цæрæг адæм бензины тæфæй нæ хуыдуг кæндзысты æмæ чизоны рынчынтæ дæр уыййас нал кæной; 3. Корпусты тыргъты хæдтулгæты хицæуттæ кæд нал æхсиккой сæ хæдтулгæты æмæ корпусты тыргътæ дæр бацалцæг кæниккой, афтæ ма подъездтæ дæр; 4. Сывæллæтты хъазæн фæзуæттæ сывæллæттæн баззайдзысты хъазынæн; 5. Корпусы цур сæрибар фадгуыты сфæлындздзысты дидингуытæй, ныллæгкъутæр бæлæстæй. Афтæмæй корпусты алфæмбылай срæсугъд уыдзæн, уæлдæф дӕр  ссыгъдæг уыдзæн ӕмӕ райсдзæн культурон горæты хуыз.

ДЕМОГРАФИ. Иугæр ской кодтам æнæниздзинады кой, уæд куы зæгъиккам нæ хъуыды демографийы тыххæй дæр. Зонæм, ныры дуг хæццæ дуг у, бирæ зæнæг рауадзын иттæг зын у, фæлæ нæ Паддзахады разамонджытæ ныфс дæттынæй хъуыддаг аразынмæ куы рахизиккой, уӕд нӕ ныфс бацӕуид, уымæн æмæ демографийыл дзургæйæ, 5-10 минтӕ дзурын ныууадзæнт. Фæлæ нæ кæд фæнды не ʻвзонг фæсивæд сæ ныфс бахæссой фылдæр зæнæг рауадзынмæ, уӕд сын саразын хъæуы уавæртæ: хъæуты финаг хъæдын агъуыстытæ егъау тыргъ æмæ зæххы фадыгимӕ, æмæ горæты та æвзонг бинонтæн цæрæнуаты дӕгъӕлтӕ – лæварæн. Фыццаг зæнæг – 50.000, 2-аг  – 100.000, 3-аг – 150.000 æмæ а.д. Уый фæстæ та сын æххуыс снысан кæнæд æрвыл мæй дæр алкæцы сывæллонæн 3.000 м.с. Бирæсывæллонджын бинонтæн – сæрмагонд æххуыс æппæтæй дæр, фæлæ  сæрысуангæй цæрæнуат уавæртимæ. Уæдæ хъæуы саразын сæрмагонд Программæ, цыран ирдæй фыст хъуамæ æрцæуа сабийы 3 азмæ йæ мад кæй хъуамæ хъомыл кæна, ахуыр ӕй кӕна æппæтыл дæр. Мадæн та амонæг æмæ æххуысгæнæг хъуамæ уа сæрмагондæй арæзт уагдон. Æмæ ма иу хъуыддаг; сылгоймагæн ахæм уавæртæ куы саразæм, уæд ын бар ма хъуамæ раттæм йæхи фефхæлц (аборт) кæнынӕн, ома йæ гуырдзы амарынӕн. Чысыл стæм нымæцæй æмæ закъон куынæ райсæм, уæд… Гъе, фæлæ нæлгоймаг куынæ тырна бинойнаг æркæнынмæ, уæд ыл хъуамæ Паддзахад хъалон сæвæра, уымæн æмæ Паддзахад уый схъомыл кæнынæн, сахуыр кæнынæн бахардз кодта фæрæзтæ. Ӕмӕ-ма зӕнӕг та ӕхсӕнады фӕткхалӕг куы уа, уӕд дзуапп-дӕттӕг сӕйраджыдӕр хъуамӕ уа ныййарӕг.

Раст зæгъгæйæ, ацы хъуыдытæ куы фыстам, уæд фехъуыстам не ‘нæниздзинад хъахъхъæнынады министрады куысты цухдзинæдты тыххæй. Зын, иттæг зын у, мах, 90-æм азты «адæмы знæгтæ»-йы ном куы хастам, фæлæ уӕддӕр Паддзахад расидтыстæм, æх-сæвæй-бонæй 5 азы дæргъы æнæмыздæй (фæстæдæр æвзæрстыты депутаттæй та бирæтæ ассон-ассон кæнынц сæ цард!), нæ къах ардыгæй æнæаивгæйæ, уымæн хъизæмарæй мардыстæм нæ адæмимæ æмæ абон Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм ныккæнды уой?! Фаг у алкæмæн дæр хæрын, ныр та не ‘ргом аздахæм нæ адæммæ. Нӕ адӕм иттӕг стыр ӕфхӕрд баййӕфтой ӕмӕ курӕг стӕм нӕ ногӕвзӕрст Президентӕй, нӕ Хицауадӕй, цӕмӕй 1990-ӕм азтӕй 2008 азмӕ ардыгӕй чи нӕ алыгъд, ӕппӕт уыцы адӕмӕн лӕвӕрд ӕрцӕуа кады бӕрӕггӕнӕн «Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы ном», уӕлдайдӕр та «Адӕмон ныхас»-ы активисттӕн. Уӕдӕ ахуырад, зонад, культурæ, фæллой кæнын, мадæ-лон æвзаг æмæ фыдыбæстæ хъахъхъæнын уыдис РХИ-ы Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутатты нысан æмæ хæс æмæ сæ æххæст кæндзыстæм!

Битарти З.А., Плиты Б.В., Кокойты Г. Г., Плиты А.П., Гӕбӕраты В.Е., Медойты Д.Н., Битеты Хъ.Г., Тыбылты Т.Я., Джиоты П.Н. ӕмӕ ӕнд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.