Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдиагæй арфæ кæнын ирон адæмæн, Ирыстоны цæрджытæн се ‘ппæтæн дæр Джиуæргуыбайы бæрæгбоны цытæн.

Ирæтты сæйраг удварнон бæрæгбонтæй иу – Джиуæргуыба – рагæй ссис ирон адæм, кæмфæнды ма цæрой, уымæ нæ кæсгæйæ, стæй Ирыстоны цæрæг адæмты иукæнынады фæрæз. Нæ адæм бæрзонд аргъ кæмæн кæнынц, уыцы стырбон биноныг кæны сæйраг адæймагон хæзнатæ – æнæхиндзинад, иудзинад, ирд сомбонмæ æмæ рæсугъд фæн-дæгтæм тырнынад.

Рагон æгъдæуттæм гæсгæ, ацы бонты алы хæдзары дæр уыдзæн фæрнджын фынгтæ. Æртæ чъири æмæ гаджидæуттимæ нæхи æмæ нæ адæмы фæдзæхсдзыстæм Дунескæнæг, Уастырджийы æмæ Ирыстоны дзуæрттæн. Курæг дæн нæ уæларвон Дунескæнæг æмæ сыгъзæринбазыр Уастырджийæ нæ адæмæн сабырад, алы хæдзарæн та – зæрдæхæлардзинад æмæ размæдзыд. Сæ цæст нын бауарзæд, цæмæй абон æмæ сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ, Къостайы фæдзæхст «Ирон адæм, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут» ма рох кæнæм.

Уадз æмæ ацы бæрæгбон алы адæймагæн дæр балæвар кæнæт амонд, æнæниздзинад æмæ фæрныгад.

Стыр Хуыцау æмæ уæ Уастырджийы хорзæх уæд, мæ зынаргъ æмбæстæгтæ!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.