Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентты фембæлдтыты формат æмæ нымæц æвдисæн сты уымæн, æмæ Уæрæсе Хуссар Ирыстоны кæй нымайы хæларадон, æввахс паддзахадыл, — фехъусын кодта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли.

«Фембæлды рæстæджы нысан æрцыдысты, цы проблемæтæ нын уæвынад кæнынц, уыдон, афтæ ма нысан æрцыдысты уыцы фæрæзтæ дæр, кæцытæ Уæрæсе хицæн кæны Хуссар Ирыстонæн ныппырхгонд адæмон хæдзарад сæндидзын кæнынæн æмæ экономикæйы рæзтæн. Уый дзурæг у ууыл, æмæ Хуссар Ирыстоны æндидзынад кæронмæ кæй фæуыдзæн, республикæйы адæм та кæй райсдзысты ног куысты бынæттæ. Арæх фембæлдтытæ æвдисынц, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны проблемæтæм цахæм лæмбынæг хъусдард здахы, уый. РХИ-йы Президент æмæ УФ-йы „Газпром“-ы Правленийы сæрдаримæ фембæлды тыххæй та зæгъдзынæн афтæ, уый кæй ахъаз кæндзæн РХИ-йы цæрæн пунктты газификацийы фæдыл проектты реализаци-йæн», — банысан кодта РХИ-йы Парламенты Сæрдар.

Афтæ ма Бибылты Анатоли фехъусын кодта, зæгъгæ, УФ æмæ РХИ-йы ’хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдыл къухтæ æрфыссыны фæстæ цы процесстæ райдыдтой, уыдонæн кæй ис хорз фæстиуджытæ. Сæрмагондæй, абоны бонмæ ист цæуынц конкретон къахдзæфтæ Бадзырды реализацийы фæдыл, кæцыйы фæстиуæгæн республикæйы социалон фадыг кæй рахиздзæн ног æмвæзадмæ, уыцы нымæцы æнæниздзинад хъахъхъæныны, пенситæ æмæ ахуырады фадыгмæ хауæг фарстытæ. РХИ-йы Парламенты Сæрдары ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ’хсæн интеграцийы уæлдай актуалондæр здæхтыты номхыгъды фыццаг рады уæлдай хъусдард здæхт цæуы РХИ-йы æдасдзинады фарстытæм. «Кæцыфæнды æхсæнады æмæ паддзахады рæзты тыххæй фыццаг бынаты лæууынц æдасдзинад сифтонг кæныны фарстытæ. Ацы нысанæн РХИ æмæ УФ-йы ’хсæн арæзт цæуы æдасдзинады иугонд контур. Уырны мæ, æввахсдæр рæстæджы къухтæ фыст кæй æрцæудзысты Хъахъхъæнынады министрады хаххы фæдыл уæлæмхас сразыдзинадыл», — загъта Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, хицауиуæгады бынæттæм æмæ къабазтæм нæ кæсгæйæ, мах не ’ппæты дæр кусын хъæуы Уæрæсейы Федерациимæ æмцæдисад æмæ интеграцийы здæхтыл. «Ацы фæндаг æвзæрст æрцыд уартæ 20-æм æнусы 90-æм азты, уæд арæзт æрцыд республикæ, æвзæрст æрцыд Парламент æмæ ист æрцыд РХИ-йы Конституци. Уæд адæм сæ разы цы стратегион нысæнттæ æмæ хæстæ æрæвæрдтой, уыдон нæ фæивтой абон дæр», — фехъусын кодта республикæйы за-къондæттынадон органы сæргълæууæг.
Афтæ ма Парламенты Сæрдар дыууæфарсон æмгуыстады приоритетты нымæцмæ бахаста республикæйы рæзты фарстытæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æнæмæнгхъæуæг у æнди-дзынадæй рæзтмæ рахизын. «Уыцы иурæстæджы дзурæн нæй æндидзынады процессы кæронмæ фæудыл, цалынмæ фæстаг хæдзар цалцæг кæнæ арæзт не ’рцæуа, уæдмæ. Дзырд цæуы уыцы хæдзæрттыл, кæцытæ хъыгдард баййæфтой 2008 азы августы хæсты рæстæджы. Уый у ахæм момент, кæцы бæрæг æндыгъддзинад æвзæрын кæны æхсæнады. Ис нырма ахæм адæймæгтæ, кæцытæн æндидзыд нæма æрцыдысты сæ хæдзæрттæ. Уыимæ иумæ, арæзтадон процесс цæуы, æмæ мæн уырны, иунæг адæймаг дæр кæй нæ баззайдзæн, кæцымæ здæхт не ’рцæудзæн хъусдард йæ пырх хæдзар сæндидзын кæныны планы», — банысан кодта Бибылты Анатоли.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.