Зынаргъ æмбæстæгтæ æмæ цытджын уазджытæ!

Мах ам æрæмбырд кодта стыр бæрæгбон, фæсидт нæм 2008 азы 26-æм августы стыр боны тыххæй мысынад. Ацы зæрдылдарæн бон, кæцы нæ национ мысынады ныууагъта хæсты бонты трагикон  æгъдауæй фæмардуæвджыты тыххæй арф хъæдгæмттæ, уыцы иурæстæджы та нæ зæрдыл бадардтам Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны стыр бæрæгбонæй, уæлахиз æмæ сабырады бæрæгбонæй.

Мах тынг хорз хъуыды кæнæм  2008 азы августы хæсты размæйы æппæт цаутæ. Цалдæр азы дæргъы гуырдзиаг æфсад йæхи цæттæ кодта Хуссар Ирыстоны бацахсынмæ. Гуырдзыстон æлхæдта бирæнымæц хæцæнгæрзтæ æмæ хæстон æрмæджытæ, æххуырста фæсарæйнаг æфсæддон специалистты, кæрæдзийы фæдыл уагъта æфсæддон ахуыртæ. Æппæт гæнæнуæвæг амæлттæй уагъд цыд Хуссар Ирыстоны фæдыл развæдсгарæн куыст. Гуырдзиаг штабты лыстæггай бакуыст цыдысты хæстон архайдтыты операцийы плæнттæ.

2008 азы августы размæ бирæ мæйты дæргъы гуырдзиаг æфсæддон къордтæ арæзтой провокацитæ провокациты фæдыл. Хуссар Ирыстоны ныхмæ райтынг æрцыд террористон хæст, кæцы байста цалдæр дæсгай адæймæгты цард. Гуырдзиаг артиллери массон æгъдауæй æхста ирон хъæуты æмæ Цхинвалы, практиконæй æрвылбон дæр мардысты æнæаххос адæймæгтæ. Гуырдзиаг æфсæдтæ метрæй метрмæ æхсыдтой ирон зæххы хæйттæ, ног стратегион бæр-зæндтæ бацахсгæйæ, кæцытæ фадат лæвæрдтой Цхинвал æмæ ахсджиаг транспортон коммуникацитæ æхстыты контролы бынмæ райсынæн.

Гуырдзиаг фарс æппæт тыхтæй дæр фæлвæрдта мах дзуаппон архайдтытæм спровокаци кæнынмæ, цæмæй нæ уый фæстæ фæаххосджын кодтаиккой хæст райтынг кæнынæй.

Сæ нысан сæ къухты нæ бафтгæйæ, гуырдзиаг хицауад райста уынаффæ Хуссар Ирыстонмæ æрбабырсыны тыххæй, зæгъгæ, скусдзæн «уæлахиздзаутыл нæ тæрхон кæныны» принцип. «Уардигъуыз революцийы» раздæры раздзоджы фыдракæндон авантюрæ, кæцыйы æвварс æмхуызонæй рахæцыдысты йæ адæм, æрхаста æнæнымæц хъизæмæрттæ æмæ бирæ уды зиæнттæ.

Гуырдзиаг стратегийы ныфс уыд тагъдыл массон ныццав-дæй, æмæ здæхт уыд, цæмæй ирæттæ паникæйы ныххауой æмæ афтæмæй фæлидзой сæ зæххæй. Фæлæ ацы хинæйдзаг план фæсыкк кодтой ирон хæстонтæ æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæ, кæцытæ бацыдысты æнæмсæр тохы æмæ равдыстой фидардзинады æмæ хъайтардзинады цæвиттон. Атакæгæнæг гуырдзиаг æфсæдты тыхты басастой Цхинвалы уынгты. Уæззау фæлварæнты моменттæ алы хатт дæр сбæрæг кæнынц адæймагон ахастыты æцæг гъæд. 2008 азы август дæр ссис уыцы рæстæг, кæцыйы хонынц «æцæгдзинады момент». Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны зынджы зæйы бын куы фæкодта, уæд нæ адæм равдыстой фæндвидардзинад æмæ сæ уырныдта, Уæрæсе сæм æххуысмæ кæй фæзындзæн, уый. Уæрæ-сейы бирæнымæц адæм сæ зæрдæтæм æввахс айстой Хуссар Ирыстоны трагеди. Афтæ гæнæн ис æрмæстдæр иугонд иумиагдзинады дæхи куы æнкъарай, адæмы дæхи адæмыл куы нымайай, уæд.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй Уæрæсейы Федерацийы 2008 азы августы райсгæ хъысмæтскъуыдзаггæнæн уынаффæ Мæскуыйæн хуымæтæджы къахдзæф нæ уыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы уынаффæ бындуриуæг кодта Хуссар Ирыстоны адæмы фæндондзинадыл, кæцы ирдæй æвдыст æрцыд референдумты хъæлæсæппæрсты рæстæджыты.

Уыцы уынаффæ бындурон приницптыл æмæ дунеон барадон нормæтыл кæй бындуриуæг кодта æмæ бынтондæр легитимон кæй уыд, уымæ нæ кæсгæйæ, бæрæг уыд, Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг æмцæдисонтæ кæй рацæудзысты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайыны ныхмæ æмæ Мæскуыйы ацы уынаффæ кæй бахаудзæн карз обструкцийы бын, Уæрæсейы ныхмæ ног пропагандистон атакæтæ кæнгæйæ, кæй тырндзысты Уæрæсейы агрессорæй равдисынмæ æмæ Гуырдзыстоны та – амæттагæй.

Æрмæстдæр бирæ мæйты фæстæ, Евроцæдисы сæрмагонд къамис, йæ сæргъ æнæбалхæнгæ швейцариаг Хайди Тальявини, афтæмæй, равдыста стæм принципиалондзинад æмæ хъæддыхдзинад æмæ комкоммæ фехъусын кодта, 2008 азы августы хæст Гуырдзыстон кæй райдыдта, уый тыххæй. Фæлæ уæддæр Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад банымад кæрон скодта Гуырдзыстоны реваншистон амбицитæн æмæ дæргъвæтин æмгъуыдмæ сæхгæдта Цæгататлантикон альянсмæ Гуырдзыстоны бацыд, кæцы æнæмæнгæйдæр ноджы фæкарздæр кодтаид уавæр.

Хæдбардзинад банымайын уыд иууыл хуыздæр æмæ ныфсджындæр амал, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй агрессийы ног бафæлвæрдтытæй нæ адæмы æдасдзинады æмæ скуынæг кæнынæй бахизыны гарантийæн. Æндæр архайдон амæлттæ нæ баурæдтаиккой гуырдзиаг зондцух фюрерты.

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсе кæй банымадта, уыцы ног хабарыл стыр цинимæ сæмбæлдысты Хуссар Ирыстоны. Ныхас «æппæтадæмон бæрæгбон»-æн йæ бон нæу уыцы циндзинады, амонды бæрц равдисынæн, кæцы байдзаг кодта Хуссар Ирыстоны алы адæймаджы зæрдæ дæр. Алчидæр бамбæрста, 20 азы бæрц чи цыд, уыцы хæстæн кæрон кæй æрцыд, уый.

Ацы хæст, кæцы нæ адæмæн ссис Фыдыбæстæйон хæст, фæцис нæ уæлахизæй. Уыцы бон Цхинвалы централон фæзуаты чи уыд, уыцы адæмы цæстыты цины цæссыгтæ æмæ сын сæ рухс цæсгæмттæ чи федта, уый зоны æцæг, стыр амонд цахæм вæййы, уый. Уый уыд Уæлахизы амонд, нæ Райгуырæн бæстæмæ нын сабырдзинад чи раздæхта, уыцы амонд, уый уыд фидæны æмæ ныфсы амонд.

Абон, 10 азы куы рацыд, уæд æргомæй бæрæг у, Уæрæсейы райсгæ уынаффæ кæй уыд æрмæст логикон нæ, фæлæ бынтон раст равзæрст. Хæдбардзинад банымайын Хуссар Ирыстоны адæмæн ссис ног историон дуджы райдиан – сабырдзинад, сæрибардзинад æмæ дидинæфтыды дуг. Тугкалæн хæсты æмæ уæззау фæлварæнты азтæ баззадысты ивгъуыды.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Уæлахизы бон, æгæрыстæмæй, иууыл циндзинады, бирæ азты дæргъы цы уæлахизмæ æнхъæлмæ кæсай, уый алыхатт дæр у цæссыгимæ бæрæгбон. Хæсты уæлахизы тыххæй ныккæлы бирæ туг. Нæ зæххыл сæрибардзинад æмæ сабырдзинады тыххæй мах хæсджын стæм, нæ адæмы хуыздæр фырттæ æмæ чызджыты æхсардзинад æмæ хъæддыхдзинадæй æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Стыр Уæрæсейы адæмæй. Мах мысæм гуырдзиаг агрессийы æппæт æнæаххос амæттæгты, кæцытæ фæмард сты æрмæстдæр уый тыххæй æмæ ирæттæ кæй уыдысты, æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ нæ адæм кæй не  сразы сты сæ зоныгуытыл æрлæууыныл, ирон адæм равзæрстой сæрибардзинад, кæцыйы тыххæй цæттæ уыдысты цахæмфæнды стыр аргъ бафидынмæ дæр.

Мах мысæм æппæт хæстонты рухс нæмттæ, кæцытæ сæ зæрдæтæй бамбæрзтой сабыр адæмы, знаджы хæцæнгæрзтæй. Мах нæ сæртæй ныллæг кувæм æппæт уыдоны мысынады раз, кæцытæ тох кодтой Хуссар Ирыстоны сæрибардзинадыл æмæ нæ фæцардысты Уæлахизы рухс бæрæгбоны онг. Цалынмæ нæ адæм цæрой, уæдмæ ирон æмæ уæрæсейаг хæстонты цыртытыл уыдзысты дидинджытæ, нæ национ мысынады æнустæм баззайдзæн бузныгдзинад уыдоны тыххæй, кæцытæ æрурæдтой  нæ адæмы планонæй скуынæг кæнынмæ чи æрæвнæлдта, уыцы агрессоры, Хуссар Ирыстоны ног хæсты æдзухон тæссагдзинадæй чи фервæзын кодта, уыдоны тыххæй.

Курæг уæ дæн, иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарæм хъайтарты рухс нæмттæ.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арæх дзырдæуы: «Фаг нæу хæстон уæлахиз къухты бафтын кæнын, къаддæр ахсджиаг нæу сабырад рамбулын!». Æндæр ныхæстæй, адæмуæлахиздзау хъуамæ фенын кæна, зæгъгæ, уæлахизы тыххæй ныккæлгæ туг æнæхъуаджы  нæ уыд, зæгъгæ, уый рабæззыд сабыр фæллойы дæр, йæ бон у фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы тугæй æхсад зæххыл дидинæфтыд бæстæ саразын. Махæн нæ къухты бафтдзæн ацы хæс сæххæст кæнын дæр. Мах кæсæм, пырхæнтæй чи æндидзы, уыцы Хуссар Ирыстонмæ, мах уынæм, бонæй бонмæ куыд рæсугъддæр æмæ фæрныгджындæр кæны нæ бæстæ, куыд фидар кæнынц нæ паддзахады дунеон позицитæ, уымæ.

Æмæ ногæй мах, бузныджы ныхæстимæ, нысан кæнæм уый, æмæ фæсхæст арæзтады æппæт æнтыстытæ дæр къухты кæй бафтыдысты, фыццаджыдæр Уæрæсейы Федерацийы æххуысы руаджы. Фæндæгтæ æмæ скъолатæ, газуадзæн æмæ электроадæттæн хæххытæ, рынчындæттæ æмæ сабидæттæ, цæрæн хæдзæрттæ  æппæт уыдон арæзт цæуынц Уæрæсейы руаджы, кæцы махмæ æххуысмæ æрцыд хæсты сахат, нæ фарсмæ ис сабыр рæстæджы дæр æмæ аразы, гæнæн цы ис, уый, нæ адæмæн баххуыс кæныны тыххæй. Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ нæ æрæджыйы фембæлды рæстæджы, æз ногæй загътон бузныджы ныхæстæ Уæрæсейы адæмæн, сæрмагондæй, Владимир Владимиры фыртæн, фæлæ, æгæрыстмæй, ницахæм рæсугъд ныхæстæй дæр нæй равдисæн, уыцы бузныджы бæрцтæн, кæцы алы хатт дæр уыдзæн нæ зæрдæты,  Стыр Уæрæсе махæн цы аразы, æппæт уыдæтты тыххæй.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Алы иумиаг уæлахиз, алы иумиаг æнтыст, арæзт цæуы хъайтарон æмæ хæстон сгуыхтдзинæдтæй кæнæ та æвæлмас адæймæгты удуæлдай фæллойæ, кæцытæ сæхиуыл нæ ауæрдынц сæ фыдыбæстæ æмæ сæ адæмы фæрныгады тыххæй. Хуссар Ирыстоны историйы сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты бирæ хъайтарты нæмттæ. Махæн алы хатт фадат нæ фæвæййы райгуырæн бæстæйы раз сæ лæггæдтæн аккаг аргъ скæнынæн, фæлæ паддзахадон хорзæхтæ сты  уый тыххæй, цæмæй  символикон æгъдауæй нысан цæуа, зæгъгæ, бæстæ зоны уæ лæггæдты тыххæй, аргъ уын кæны æмæ уæ бузныг у.

Стыр æхцондзинады æнкъарæнтимæ æз мæ къух æрфыстон  Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин æмæ Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведевы «Уацамонгæ»-йы орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй Барамындтыл. Абоны бонмæ фидар æмæ арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты цытæн хорзæх. Æз мæ къух æрфыстон ацы майданæй схорзæхджын кæныны тыххæй Барамындтыл. Мæн фæнды фыццаг майдантæ, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы боныл 10 азы сæххæсты  стыр бæрæгбоны радтын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.