РХИ-йы Парламенты Сæрдар æмæ парти «Иугонд Ирыс-тон»-ы лидер Бибылты Анатолийы раныхасæн республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы V-æм съезды саргъгæнæн ис, куыд æхсæнады ныддихтæ кæнынмæ сидт, афтæ. Æнæбындур истерион азымтæн комкоммæ цъыфкалд архайæг хицауиуæгады адресыл,  æгæрон агрессивон риторикæйæн, кæцытæ уыдысты ацы раныхасы, рахонæн нæй æндæргъуызон, куыд ситуаци дистабилизаци кæнынмæ бафæлвæрд æмæ не ‘хсæнады ногæй политикон кризисмæ æркæнын, цахæм уыд 2011 азы декабры.

Уæлдай æнæмбæрст у хицауиуæгады адресыл коррупцийы азымтæ ахæм адæймагæй хъусын, кæцы фæстаг аст азы æмæ æрдæг  йæхæдæг ис уыцы хицауиуæгады: 2008 азæй 2014 азмæ  куыд министр æмæ хицауады уæнг, 2014 азæй абоны бонмæ та Парламенты Сæрдары бынаты. Уыимæ иууыл коррупциондæр хъаугъатæ республикæйы нынкъуысын кодтой растдæр йæ раздæры разамынады рæстæджы растдæр уæд, Бибылты Анатоли куы уыдис хицауады уæнг. Фæлæ уыцы азты уымæй ничи фехъуыста йæ азымгæнæн раныхæстæ.

«Иугонд Ирыстон» РХИ-йы хицауиуæгады фæазымджын кодта уымæй, зæгъгæ, уыдон «тагъд кæнынц уæрæсейаг æхцаты дих кæныныл». Уыцы æнæбындур æмæ хахуыр ныхæстæ æрмæст комкоммæ ныхмæ нæ лæууынц Уæрæсейы Нымайæн палатæ æмæ æндæр контролгæнæг органты бирæнымæц басгæрс-тыты фæстиуджытæм, кæцытæ æвдисынц, РХИ-йы ныры разамынады рæстæджы дарддæр кæй нал ис уæрæсейаг финансон фæрæзты æнæнысанмæздæхтæй хардзкæнынад. Уый нæ, фæлæ ма йæ ныхæстæ сты комкоммæ азымтæ хицауиуæгады уæрæсейаг органтæй нæ коллегæты адресыл, кæцытæ комком-мæ хайад исынц Республикæ Хуссар Ирыстоны æндидзынгæнæн процессты. Уый ма афтæ азым æппары Уæрæсейыл æнæхъæнæй, бар-æнæбары уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæ æмæ нæ бæстæты ‘хсæн интеграцион процесстæн зиан хæсгæйæ.

Хъыгагæн, мах хъæуы зæгъын, республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы V-æм съезды Бибылты Анатолийы ныхасы кæй нæй банымайæн бæрнон политикы къахдзæфыл, кæцы æмбары йæ бæрндзинад бæстæйы хъысмæты раз, йæ нормалон фæд-фæдылон рæзты тыххæй. Уый нæ, фæлæ зæрдыл лæууын кæны æбæрн политиканы ракæнд, кæцы цæттæ у цахæмфæнды архайдмæ дæр йæ кандидатурæйы æвварс рахæцыны фæдыл уæлæмхас цалдæр проценты райсыны тыххæй.

Бибылты Анатолийы раныхас цæхгæр диссонанс æвзæрын кæны уыцы иумæйаг хæлар фæндоны æмæ кæрæдзийæн аргъ кæныны атмосферæмæ, кæцы стæм хаттæй дарддæр æввахс лæууы  фæстаг фондз азы дæргъы нæ республикæйы политикон процессмæ. Фæлæ уый хъуамæ, æгæрыстæмæй, фондз азы агъоммæ йæ фæлтæрддзинад хынцгæйæ, æмбара ирон адæм куырыхон кæй сты. Уыдон нæ баууæндыдысты сайдыл, политех-нологион фæзилæнтыл, цæхгæр нæ райстой политиканты хъуыды, кæцытæ æнæбындур азымтæ дзырдтой сæ оппонентты адресыл. Нæ адæм иттæг хорз уынынц хуыздæрæрдæм уыцы кардиналон ивындзинæдтæ, кæцытæ æрцыдысты фæстаг фондз азы дæргъы, уыдон æууæндынц рæсугъд ныхæстыл нæ, фæлæ конкретон хъуыддæгтыл. Уыдон сæхæдæг сараздзысты хатдзæгтæ æмæ сæ равзæрст!

Мах цæхгæр æвзæрыл нымайæм бæстæйы æхсæнадон-политикон ситуаци дестабилизаци кæнынмæ цахæмфæнды бафæлвæрдтыты дæр æмæ сидæм æппæт политиктæм, æппæт политикон тыхтæм, кæцытæ фæнд кæнынц президентон æвзæр-стыты хайад райсын, цæмæй сæ къух сисой агрессивон ритори-кæйыл, æнæбындур цъыфкалæн азымтыл æмæ ныхмæлæуды, кæрæдзи не ‘мбарыны атмосферæ карздæр кæныныл. Æнгомдзинад, кæрæдзийæн аргъ кæнын, патриотизм, иудзинад, адæ-мæн æнувыдæй лæггад кæнынмæ, цæттæдзинад æмæ арæхстдзинад – æппæт уыдæттæ махæн æххуыс кодтой æнтыстытæ къухты бафтын кæнынæн ивгъуыды æмæ ууыл мах хъуамæ дарддæр дæр мацы хуызы æмæ мацы уавæрты сисæм нæ къух.

Махæн нæ размæ цы хæссы Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны адæмы «æввахсдæр фондз азы» апокалипсикон ныв-тæй тæрсын кæнгæйæ, республикæйы ныры разамынды къухты цы стабилондзинад бафтыд, уый «мидцоппай» рахонгæйæ, йæ оппонентты та – знæгтæй? Нæ адæмы «хиуæттæ» æмæ «æцæгæлæттыл» ногæй дих кæнын, лозунг «знаг куынæ сæтта, уæд æй куынæг кæнынц» реализаци кæнын,  уый, 2011 азы мах кæй федтам, ахæм кризис уыдзæн?! Бар-æнæбары зæрдыл æрлæууы, республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы ныры лидер раст уæд кæй уыдис уыцы политиктæй сæ иу, кæцыйы архайдтытæ уыдысты 2011 азы кризисы аххосæгтæй сæ иу.

Уыимæ иумæ æрбалæугæ президентон æвзæрстытæ хъуамæ суой радон бæлвырдгæнæн уымæн, нæ адæм иууон æмæ фæд-фæдылон кæй сты сæ тырнындзинады сæ Райгуырæн бæстæйы суверенитет, территориалон æнæхъæндзинад æмæ хæдбардзинад бахъахъхъæныны. Мах хæсджын стæм æппæт дунейæн фенын кæнын, йæ паддзахаддзинад бахъахъхъæнын æмæ рæзын кæнынмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны курс дарддæр дæр æнтысгæйæ реализаци кæй цæудзæн Уæрæсейы Федерациимæ, нæ бæстæйы стратегион æмцæдис æмæ хæларимæ, æппæтварсон интеграцийы фоны.

г. Цхинвал,

2017 азы 27 январь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.