22-æм июлы уыд РХИ-йы Парламенты Президиумы рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли.

Президиум сфидар кодта бахæсгæ боны фæткы, кæцымæ хаст æрцыдысты æхсæз фарсты. Фыццаг фарст:  «РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы сырæзты тыххæй», Президиумы уæнгты размæ æркæсынмæ рахаста Закъондзинад, закъондæттынад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл парламетон комитеты сæрдар Коцты Олеся.

2016 азы 17-æм августы РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы æххæстбарты æмгъуыд кæй фæуд кæны, уый фæдыл РХИ-йы Конституцийы 61-æм статьяйы 7-æм пунктмæ æмæ «РХИ-йы æмбæстæгты æвзарæн барты æмæ референдумы хайад райсыны барты сæйраг гарантиты тыххæй» РХИ-йы Конституцион закъоны 21-æм статьямæ гæсгæ, Парламенты Президиум РХИ-йы депутатон баиугæндтæ æмæ депутаттæн уынаффæ рахаста сфидаргонд æмгъуыдтæм Централон æвзарæн къамисы персоналон сконд саразыны тыххæй сæ фæндæттæ æрбавдисын æмæ ацы фарст РХИ-йы Парламенты сессимæ æркæсынмæ рахæссын.

Ацы комитет ма Президиумы уынаффæмæ рахаста, РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид Плиты Беллæйы кандидатурæ Централон æвзарæн къамисы сæрдары бынатмæ кæй æрбавдыста, уыцы фарст дæр. Парламенты РХИ-йы Президенты минæвар Козаты Мадинæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Тыбылты Леонид стыр аргъ кæны Плиты Беллæйы профессионалон миниуджытæн æмæ курæг у депутатон корпусæй, цæмæй рахæцой йæ кандидатурæйы æвварс. Уынаффæйы фæстиуæгæн Парламенты Президиум хорзыл банымадта æрбавдисгæ кандидатурæйы æмæ фæндон бахаста ацы фарст РХИ-йы Парламентмæ æркæсынмæ арвитыны тыххæй.

Дарддæр Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитет Президиумы уæнгты размæ уынаффæмæ æрбавдыста «Банкты æмæ бангон архайды тыххæй» закъоны проект. Банысанчындæуыд, зæгъгæ, «Бангты æмæ бангон архайды тыххæй» Закъон ног редакцийы райсын бахъуыд республикæйы бангон системæйы рæзты æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй.

Ацы фарсты фæдыл раныхас кодтой депутаттæ Къозонты Алан, Тасойты Димитр, Гасситы Петр, афтæ ма РХИ-йы Национ банчы правленийы сæрдар Зассеты Феликс дæр. Уынаффæйы фæстиуæгæн Парламенты Президиум хорзыл банымадта æрбавдисгæ закъоны проект æмæ бауынаффæ кодта ацы фарст РХИ-йы Парламентмæ æркæсынмæ рахæссын.

Ацы комитет ма боны фæткмæ уынаффæмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект. Ацы фарсты фæдыл Парламенты Президиумы раз раныхасгæнæг РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы закъоны проектыл бакусын, сæйраджыдæр, бахъуыд 2016 азæн РХИ-йы паддзахадон бюджеты æфтиагджын хайы корректировкæ скæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй, РХИ-йы Хъалонты кодекс йæ архайды кæй бацыд, уымæ гæсгæ УФ æмæ РХИ-йы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырдмæ гæсгæ хицæн сразыдзинæдтæ æмæ иумиаг мадзæлтты плæнттæ среализаци кæныны тыххæй дзырдæй  æнæадихгонд суммæ сæндидзын кæныны, афтæ ма 2016 азæн РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы ног редакцийы равдисын æмæ 2016 азæн РХИ-йы паддзахадон бю-джеты хицæн хардзон статьяты фæфылдæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй.

Профилон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, закъоны проектæн ис æппæт æнæмæнгхъæуæг хатдзæгтæ æмæ документтæ. Ацы фарсты фæдыл раныхас кодтой депутаттæ Коцты Олеся, Бибылты Анатоли, Къозонты Алан.

Æркасты хатдзæгтæм гæсгæ Парламенты Президиум уынаффæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект хорзыл банымайыны тыххæй æмæ йæ РХИ-йы Парламенты сессийы æввахсдæр рабадты боны фæткмæ бахæссын.

РХИ-йы Парламенты Президиумы рабадты боны фæткы фæндзæм фарст æрбавдыста Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, кæцы хаудта 2015 азы РХИ-йы Хицауады архайды фæстиуджыты тыххæй Хыгъдыл æруынаффæ кæнынмæ. Парламенты Президиумы уынаффæмæ гæсгæ РХИ-йы Хицауады архайды фæстиуджыты тыххæй Хыгъд æркæсынмæ хаст æрцыд РХИ-йы Парламенты сессимæ.

Рабадты кæрон Парламенты Президиум æруынаффæ кодта депутатон каникулты тыххæй фарстыл. Ацы фарсты фæдыл кæройнаг уынаффæ ист æрцæудзæн РХИ-йы Парламенты сессийы æввахсдæр рабадты.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.