7 майы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты дæсæм сессийы æхсæзæм рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Боны фæткмæ хаст æрцыд æртæ закъоны проекты.

«2019 азы Паддзахадон бюджеты тыххæй» РХИ-йы закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект уынаффæ кæнынмæ рахаста Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Цоциты Игорь.

РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæйы ныхæстæм гæсгæ, бавдисгæ закъоны проект арæзт æрцыд УФ æмæ РХИ-йы ‘хсæн ацы аз марты мæйы уагъд æрцæуæг социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы рахæсгæ фæндæттæ реализаци кæныны тыххæй.

«Сæрмагондæй, рабадты ист æрцыд инвестицион программæйы ног редакци. Æппæт ивындзинæдтæ хынцгæйæ, 2019 азы республикæйы æфтиæгты хай нæ ивы, хæрдзты хай та фылдæр кæны 54 милуан сомы», – загъта Хæбæлаты чызг.

Министр куыд банысан кодта, афтæмæй бюджеты хæрдзтæ фылдæр кæнынц хицæн здæхтыты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæлæмхас хæрдзтæм хаст æрцæудзæн Дзауы астæуккаг скъолайы спортивон залы арæзтад.

Депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты ацы закъоны проектыл.

Рабадты ма уынаффæ кодтой «РХИ-йы Национ бангы тыххæй» РХИ-йы закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проектыл.

РХИ-йы Национ бангы Сæрдар Зассеты Феликсы ныхæстæм гæсгæ, закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссын æнæмæнгхъæуæг у, 2018 азы æфтиагæй спайда кæныны фæстæ республикæйы банчы резервон фонды бæрц кæй фæфылдæр ис, уымæ гæсгæ æмæ, зæгъгæ хъæуы бангы уставон капиталы бæрц фæфылдæр кæнын.

«Резервон фонды бæрц республикæйы бангы уставон капиталæй 30 процентæй фылдæр ма хъуамæ уа. Уымæ гæсгæ, РХИ-йы Национ бангон советы рæстæджы Республикæйы Банк рахаста ахæм фæндон, цæмæй бангы уставон капиталы бæрц фæфылдæр кæной резервон фонды æхцайы фæрæзтæй», – загъта Зассейы фырт.

Закъоны проектыл депутаттæ сразы сты, иу депутат уыд йæ ныхмæ.

РХИ-йы Национ бангы сæрдар Зассеты Феликс ма сессийы рабадты депутатты базонгæ кодта 2018 азы РХИ-йы Национ бангы хыгъд.

Депутаттæ хыгъд сфидар кодтой, дыууæйæ сæхиуыл фæхæцыдысты, афтæмæй.

Депутаттæ ма æруынаффæ кодтой РХИ-йы Парламенты майдан «Хъуылымбегты Торез»-æй РХИ-йы Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутатты, РХИ-йы Парламенты хистæр депутат Мамиты Инал æмæ Уалыты Сергейы схорзæхджын кæныны фарстыл.

«Майданы тыххæй уагæвæрды дзæрдæуы: паддзахиуæгад æмæ парламентаризмы рæзты тыххæй. Мамиты Инал, кæцы 50 азы фæкуыста ацы фадыджы æмæ йæ цард снывонд кодта республикæйæн лæггад кæнынæн, æнæгуырысхойæ у ацы майданы аккаг. Афтæ Уалыты Сергей дæр, Торезы куы æрцахстой, уæд йæ фæдыл ацыд, æрцахстой йæ гуырдзыйæгтæ æмæ йæ ахæстоны сбадын кодтой», – банысан кодта Гассийы фырт.

Депуттатæ æмхъæлæсæй сразы сты, РХИ-йы Парламенты майданæй схорзæхджын кæнынмæ кæй бавдыстæуыд, уыцы кандидатурæтыл.

РХИ-йы Парламенты Информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.