20 июны уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон разамынады фæдыл комитеты сæрдар Тедеты Ноннæ уынаффæ кæнынмæ рахаста Бестауты Фатимæ Алиханы чызджы РХИ-йы Знауыры районы тæрхондоны сæрдары бынатмæ снысан кæныны тыххæй фарст.

Тедеты Ноннæ куыд банысан кодта, афтæмæй РХИ-йы Парламент райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы бавдыст Бестауты Фатимæйы кандидатурæ Знауыры районы тæрхондоны сæрдары бынатмæ снысан кæныны тыххæй. Уый йæхи равдыста куыд квалификациджын специалист, дисциплинæйыл хæст æмæ бæрнджын кусæг. Ис ын куысты стаж юридикон дæсныйады фадыджы 9 азæй фылдæр æмæ йæ рекомендаци кæны РХИ-йы тæрхонгæнджыты квалификацион коллеги дæр.

Ацы кандидатурæйыл депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Тедеты Ноннæ ма уынаффæ кæнынмæ рахаста «Милицийы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 20-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект.

«Ацы закъоны проект бæс-тон кæны милицийы служ-бæмæ РХИ-йы æмбæстæгты бацæуын æмæ сæ куыстæй сисыны рæстæджы барадон ахастытæ. Ацы фарсты фæдыл уагъд æрцыд комитеты дыууæ рабадты æмæ уым цы фиппаинæгтæ æмæ фæндæттæ загъд æрцыдысты, уыдон бахынцыдтам», – загъта Тедеты чызг.

Ацы закъоны проектыл депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæр-дар Коцты Игорь уынаффæ кæнынмæ рахаста «Товартæй базар кæныны режимы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Хицауады ‘хсæн 2012 азы 2 марты Сразыдзинадмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл Суагъæ сратификаци кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект, кæцыйыл къухтæ æрфыстæуыд 2017 азы 13 декабры Цхинвалы.

Коцты Игоры фырты ныхæстæм гæсгæ, ацы Сразыдзинад бæрæг кæны РХИ-мæ УФ-йæ æрдзон газ ласыны фарст, кæцыйы пайда цæуы республикæйы  территорийыл.

Ацы закъоны проектыл дæр депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Депутаттæ ацы Сразыдзинады сратификаци кодтой.

Сессийы рæстæджы «Хъæууонхæдзарадон иумæйаг сфысты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект уынаффæ кæнынмæ рахаста Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Инал.

«Банысан кæнын хъæуы, ацы программæ куынæ райсæм æмæ йæ сфидар кæнæм, уæд «Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгады субъекттæн льготон кредит дæттыны тыххæй» закъон æххæстæй нæ кусдзæн, уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг у йæ райсын», – загъта Джиойы фырт.

Уынаффæ кæныны рæстæджы депутаттæ Программæйыл æмхъæлæсæй сразы сты.

Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон фæсауæрцты фæдыл комитеты сæрдар Тедеты Руслан уынаффæ кæнынмæ рахаста парламентон хъуыддагæвзарæн къамис саразыны фарст Гуырдзыстонимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны делимитацийы æмæ демаркацийы фарсты тыххæй. Тедеты Руслан куыд банысан кодта, афтæмæй ахæм къамис саразыны æнæмæнгхъæуындзинад фæзынд Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Цънелисы комы цæрджыты хъасты фæстæ. Уыдон разы не сты демаркацийы рæстæджы Цънелисы хъæуы иу хай кæй баззад Республикæйы арæны æдтейæ.

«Ацы фарсты фæдыл хъæуы цæрджытæ алыгъуызон инстанцитæм бахатыдысты, фæлæ фарст скъуыддзаг не ‘рцыд. Комитеты йыл уынаффæ кæныны рæстæджы, комиеты уæнгтæ æмæ депутаттæ фæндон бахастой, цæмæй æппæт æрмæджытæ ахуыр æрцæуой, кæцыты бындурыл паддзахадон къамис скъуыддзаг кодта Гуырдзыстонимæ паддзахадон арæнты демаркаци æмæ делимитацийы фарст», – банысан кодта Тедейы фырт.

Тедеты Русланы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ цы территорийыл цæуы дзырд, уым 1936 азæй фæстæмæ къахт цыдис тальк  æмæ  мрамор. РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр банысан кодта, ацы фасрт кæй хъæуы лæмбынæгдæр сахуыр кæнын.

«Махæн афтæ стыр территории нæй, цæмæй иу метры гæппæл дæр искæмæн лæвар кæнæм. Ацы фарст хъæуы лæмбынæг сахуыр кæнын. Æмæ кæд æцæгæйдæр нæ арæны демаркацийы фарст барæй кæнæ та æнæнхъæлæджы хæлд æрцыд, уæд уыцы факттæ хъæуы сбæрæг кæнын æмæ сраст кæнын», – банысан кодта спикер.

Депутаттæ сразы сты парламентон къамис саразыныл.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты фæдыл комитеты сæрдар Козонты Алан уынаффæ кæнынмæ рахаста «Туджы æмæ йæ компонентты  донорады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, закъоны проект бакуыстгонд æрцыд РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрады.

«Закъоны проект бæстон кæндзæн РХИ-йы туджы æмæ йæ компонентты  донорады рæзты социалон, экономикон нормæтæ, йæ цæттæ кæнын, æфснайын, ласыны организаци кæнын, ифтонг кæндзæн йæ æдасдзинад æмæ дзы клиникон уавæрты пайда кæнын, афтæ ма туджы æмæ йæ компонентты донорады, рецепиентты æнæниздзинад æмæ бартæ хъахъ-хъæнын», – загъта Къозонты Алан.

Ацы проектыл депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацион фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юрий уынаффæ кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны зонад æмæ зонадон-техникон политикæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 4-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъон. Гæбæрайы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй ацы закъоны проектыл дзырд уый тыххæй цæуы, цæмæй бæлвырд æрцæуа доцент æмæ профессоры зонадон нæмттæ дæттыны фæтк, зонадон нæмтты  фæдыл   аттестацион  хъуыддæгтæм æркæсыны фæтк, зонадон нæмттæ æрисын, сæндидзын кæныны бындуртæ æмæ фæтк РХИ-йы Хицауад цас растæй сфидар кодта, уый.

Уынаффæ кæныны рæстæджы закъоны проектыл æмхъæлæсæй сразы сты.

Сессийы рæстæджы ма байхъуыстой парламентон байхъуыстыты хайадисджыты рекомендацитæм «Сывæллæтты моралон-хæрзæгъдауон æмæ патриотикон хъомылады тыххæй» темæйы фæдыл.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.