26 октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста хæдбар æхсæнадæмон эксперт Душан Игньятовичы, кæцы Европæйы Æдасдзинады Организацийы Советы хуындмæ гæсгæ 2015 азæй фæстæмæ кусы, гуырдзиаг агрессийы фæстиуæгæн чи фесæфт, Хуссар Ирыстоны уыцы æмбæстæгты агурыныл, – хъусын кæны РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ.

«Фембæлды уынаффæ цыд æбæрæгæй сæфтыты хъысмæт сбæлвырд кæнынимæ баст эксперты дарддæры архайды тыххæй.

Джиоты Мурат бузныг загъта Игньятовичæн, раздæр цы куыст бакодта, уый тыххæй æмæ равдыста йæ цæттæдзинад дарддæр дæр æбæрæгæй фесæфæг æмбæстæгты агурыны куыстæн алыварсонæй дæр ахъаз кæныны сæраппонд», – бæлвырдæй загътой ведомствойы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.