Наурумæ йæ официалон балцы фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитрæн къорд фембæлды уыд фæсарæйнаг делегациты минæвæрттимæ.

31-æм январы Медойты Димитр фембæлд Микронезийы Федеративон Штатты президент Йæ бæрзонддзинад Питер Кристианимæ.

Фембæлды рæстæджы дыууæ фарсы радзырдтой сæ хъуыдытæ кæрæдзийæн цымыдисон фарстаты фæдыл, банысан кодтой, дунейы бирæ регионтыл чи анхъæвзта, уыцы тыхбахаст æмæ хæстыты æппæт хуызты ныхмæ тохты æхсæнадæмон æмгуыстады  ахсджиагдзинад, афтæ ма нæ алыварс æрдз бахъахъхъæныны тыххæй æппæт тыхтæ баиу кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.

Медойты Димитр Питер Кристианæн радзырдта  ирон-науруйаг ахастыты тыххæй, Уæрæсеимæ æмгуыстады тыххæй, сæрмагондæй та, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад Уæрæсейы Федераци куы банымадта, ууыл 10 азы кæй æххæст кæны, уый цытæн бæрæгбоны тыххæй. Министр æнæхъусдард нæ ныууагъта регионы бæстæтимæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон бастдзинæдтæ рауæрæх кæныны æмæ ног хæлæрттæ агурыны темæ дæр.

Йæ рады Президент Питер Кристиан  банысан кодта Науруйы юбилейон бæрæгбонон мадзæлтты Хуссар Ирыстоны делегацийы хайадисты позитивон характер.

Уыцы бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитрæн фембæлд уыд Республикæ Индонезийы Хицауады Сæрмагонд минæвар Николас Мессетимæ. Фембæлды рæстæджы Медойты Димитр æмæ Николас Мессет ныхас кодтой иуæй-иу актуалон æхсæнадæмон æмæ регионалон темæтыл.

Медойты Димитр Николас Мессеты базонгæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны историимæ æмæ йæ æхсæнадæмон уавæримæ.

Фембæлд ацыд хæларадон уавæрты.

 

* * *

1-æм февралы уыд æртæфарсон фембæлд хæларадон бæстæты минæвæрттæн – Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр, Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Даур Кове æмæ Науруйы Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Григори Логиновæн.

Фембæлды рæстæджы банысан чындæуыд хуссарирыстойнаг-абхазаг-уæрæсейаг традицион хæларадон ахастыты позитивон динамикæ, регионалон æмæ æхсæнадæмон  актуалон темæты фæдыл сæ активон политикон диалог дæр æм бафтаугæйæ, афтæ ма алыгъуызон фадгуыты  кæрæдзийæн пайдайы æмгуыстад дарддæр рæзын кæнын.

Министртæ раарфæ кодтой Григори Логиновæн, Науруйы Президент Барон Вакейæн æууæнчы грамотатæ кæй радта, уый цытæн.

Йæ рады Григори Логинов æвæрццаг аргъ скодта, Республикæ Наурумæ Медойты Димитр æмæ Даур Ковейы балцытæн цы æхсæнадæмон реакци уыд, уымæн.

 

* * *

2-æм февралы   Республикæ Науруйы Парламенты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитрæн фембæлд уыд  Республикæ Науруйы Парламенты спикер господин Сирил Бураманимæ.

Фембæлды рæстæджы Медойты Димитр бузныджы ныхæстæ загъта Сирил Бураманæн, Республикæ Науруйы Парламентмæ йæ кæй фæхуыдта, уый тыххæй, афтæ ма райгондæй баззад Науруйы къухдариуæгадæй, ахæм нысаниуæгджын бон Республикæ Наурумæ официалон балц кæй сорганизаци кодтой, уый сæраппонд.

Министр ма банысан кодта, Науруйы уæвынады рæстæджы Хуссар Ирыстоны делегацимæ цы зæрдиаг хъусдард уыд, уый дæр, банысан кодта организацийы бæрзонд æмвæзад, суагъæйон æмæ æндæр мадзæлтты чи архайдта, æппæт уыцы структурæты дырыс куыст.

Медойты Димитр банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц, 2009 азы 16 декабры Науруйы Хицауад Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй  акт кæй райста, уымæн.

Йæ рады господин Бураман дæр бузны-джы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады адресыл, Республикæ Науруйы хæдбардзинадыл 510 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонмæ делегаци рарвитын кæй ас-къуыддзаг кодта, уый тыххæй æмæ бахатыд министрмæ, цæмæй бузныджы ныхæстæ æмæ  иууыл зæрдиагдæр фæндиæгтæ фæхæццæ кæна Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петрмæ, йæ адресыл арфæйы æрвитæггаджы тыххæй.

Сирил Бураман фæндвидарæй банысан кодта, зæгъгæ, Науруйы стыр аргъ кæнынц, дыууæ республикæйы ‘хсæн цы ахастытæ ис, уыдонæн æмæ цæттæдзинад равдыста æхсæнпарламентон бастдзинæдты фадыджы дарддæры æмгуыстад сфидар æмæ рауæрæх кæнынмæ.

Фембæлды кæрон Медойты Димитр æмæ Сирил Бураман кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.