Цхинвалмæ æрцыд делегаци Уæрæсейы Федерацийы Хъахъ-хъæнынады министрадæй. Делегацийы балцы нысан у Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты хицæн дæлхæйттæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын Тыхты скондмæ бацæуыны  фæткы тыххæй Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар  Ирыстоны ‘хсæн Сразыдзинады уагæвæрды реализаци.

Уæрæсейаг делегацийы йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим. Химæрайсты хайад райстой хъахъхъæнынадон ведомствойы хуссарирыстойнаг кусæгон къорды уæнгтæ. Фембæлды рæстæджы Гассеты Ибрагим банысан кодта, зæгъгæ, æппæт фарстатыл дæр æнгомæй куыстæуы сæ уæрæсейаг коллегæтимæ, алы фарстыл дæр  лæмбынæг уынаффæ цæуы æмæ скъуыддзаг цæуы афтæмæй.

«Стыр æхсызгонæй зæгъдзынæн, ацы азы 30-31 марты нын Мæскуыйы цы зæрдиаг химæрайст уыд æмæ нын нæ фарстатæм сæрмагондæй Сергей Кужугеты фырт Шойгуйы æрдыгæй цы хъусдард уыд, уый тыххæй», – загъта уый.

Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, уæд Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн къухтæ фыст æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхты хицæн дæлхæйтты Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ бацæуыны  фæткы тыххæй Сразыдзинадыл.

«Уый тынг ахсджиаг æхсæнпаддзахадон документ у. Уымæн ис æрмæст æфсæддон-политикон нысаниуæг нæ, фæлæ ма йын æппæт нæ адæмы тыххæй ис стыр социалон нысаниуæг», – загъта Гассеты Ибрагим æмæ ныфс бавæрдта, зæгъгæ, ацы фембæлд хорзæй бандавдзæн ацы Сразыдзинады уагæвæрды реализацийыл, фæахъаз уыдзæн дыууæ хъахъхъæнынадон ведомствойы кæрæдзийæн пайдайы дарддæры æмгуысткæнынадæн.

Дзуаппон ныхасы уæрæсейаг делегацийы къухдариуæггæнæг  Уæрæсейы Федерацийы Гарз-джын Тыхты Генералон штабы Сæйраг оперативон управленийы минæвар булкъон Валери Гаптарь бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады къухдариуæгадæн, зæрдиагæй сæ кæй райста, уый тыххæй.

Уый ныфсимæ банысан кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг делегацийы кусæгон балцы фæлгæтты сплангонд æппæт мадзæлттæ дæр ацæудзысты æнтыстджынæй æмæ конструктивонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæс-тæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим дæр фембæлды рæстæджы банысан кодта хуссарирыстойнаг хъахъхъæнынадон ведомство-йæн ахсджиаг къорд фарстаты аскъуыддзаг кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.

«Уыдонæй сæ сæйрагдæртæ сты Сразыдзинады реализацийы мадзæлттæ æмæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады организацион-штатон структу-рæйы фарст аскъуыддзаг кæнын. Мах ма æруынаффæ кæниккам ахæм фарстатыл дæр: хæстон инфраструктурæ, æхсæнгæрзтæ æмæ хæстон техникæйæ сифтонг кæнын, Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады госпиталты Хуссар Ирыстоны æфсæддонты медицинон лæггæдтæй ифтонг кæнын, мобилизацион ресурсимæ активон куыст кæнынæн уавæртæ саразын», – загъта уый.

Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады делегаци фæнд кæны æртæ боны æмгъуыдмæ сæ куыст фæуын.

ИА «Рес»

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.